Ацы аз 7 июны горӕт Парижы райдыдтой «Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы». Уыдон ныридӕгӕн систы традицион ӕмӕ ӕрвылазон.

Кульминацион мадзал байгом кодтой  Зонад ӕмӕ культурӕйы уӕрӕсейаг центры (РНЦК) ног ӕвзӕрст директор Екатерина Солоницкая ӕмӕ йӕ организатор Пухаты Радион. Бацӕуӕн раныхасы Солоницкаямӕ хардзау нӕ фӕкаст зӕрдӕбынӕй раппӕлын ирон адӕм ӕмӕ нӕ хъӕздыг культурӕйӕ. Йӕ рады йын Пухаты Радион арфӕйы ныхӕстӕ загъта, парижӕгты канд ирон культурӕимӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ ӕгас Ирыстоны царды аспекттимӕ дӕр кӕй базонгӕ кодта, уый тыххӕй. Пухайы фырт ма арфӕйы ныхӕстӕ загъта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн, ацы культурон проекты фарс кӕй балӕууыдысты, уый тыххӕй.

 

«Къонайыл дис кодтой европӕйӕгтӕ»

Культурон изӕры европӕйӕгты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд  зындгонд ирон ансамбль «Къона». Къорды минӕвӕрттимӕ сӕ зонгӕ кодта Пухаты Радион. Мадзалы организаторы ныхӕстӕм гæсгæ ансамблы хайадисджытӕ Максим Дубровин, Сабанты Роберт, Тедеты Натия ӕмӕ Берозты Таймураз сӕ фыццаг аккордӕй дисы баппӕрстой парижӕгты. «Мадзалмӕ ӕрбацӕуджыты размӕ куы рахызтысты «цыдӕр ӕнахуыр инструменттӕ» сӕ къухты, афтӕмӕй, уӕд залы бадджыты цӕстӕнгасыл фӕзынд, уадиссаг сыл кӕй нӕ бацин кодтой. Райдианы Таймураз ӕрдзырдта рагон ирон музыкалон инструменттӕ ӕмӕ сӕ историйыл, стӕй цӕгъдын куы райдыдтой, уӕд сын райдыдтой ӕмдзӕгъд кӕнын. Сӕ алы номырыл дӕр сын парижӕгтӕ ӕмбӕлдысты стыр цин ӕмӕ хъарм зӕрдӕйы уагимӕ. Сӕ фӕстаг композици куы ацагътой, уӕд сӕ дӕргъвӕтин ӕмдзӕгъдӕй сценӕйӕ нал уагътой. Цалдӕр минуты фӕстӕ  ахызтысты сценӕйӕ, фӕлӕ уӕддӕр ӕмдзӕгъд не ‘нцад, залӕй хъуыст «Бис!», «Бис!» ӕмӕ та «Къона» ноджыдӕр барухс кодта залмӕ ӕрбацӕуджыты зӕрдӕтӕ ирон зӕлвидыцӕй”, – ӕхсызгонӕй дзуры мадзалы организатор.

 

«Нывгӕнджытӕм – стыр хъусдард»

Концертон программӕйы фӕстӕ Пухаты Радион парижӕгты базонгӕ кодта ирон нывгӕнджытимӕ. Се ‘хсӕн уыдысты Басаты Олег, Плиты Тимур, Ататы Валери, Чилӕхсаты Магрез, Къадзты Вадим, Кӕсойты Лаврент, Гӕбӕраты Барис, Чилӕхсаты Эммӕ, Пухаты Вадим ӕмӕ Есенты Ӕхсар. Сӕ бирӕнымӕц нывтӕ конд уыдысты парижаг культурон центры залты. Хъыгагӕн, цыдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ нывгӕнджытӕй алкӕмӕн нӕ фӕцис уырдӕм ацӕуыны фадат, фӕлӕ уый равдысты гъӕдыл ӕппындӕр ничердӕм бандӕвта – сӕ кустытӕ конд уыдысты иинӕ нывтимӕ.

Нывгӕнджыты номӕй раныхас кодта Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт нывгӕнӕг Басаты Олег. Уый лӕмбынӕг ӕрдзырдта ирон национ нывкӕнынады сӕрмагонд хиӕдтыл ӕмӕ арфӕйы ныхӕстӕ загъта, чидӕриддӕр ацы проектмӕ йӕ хайбавӕрд бахаста, уыдонӕн. Сӕрмагондӕй бузныг загъта проекты организаторӕн, сӕ нывтӕ равдисыны фадат сын кӕй фӕцис, уый тыххӕй.

 

«Симд» Парижы

Банысан кӕнын хъӕуы, парижаг адӕм нывгӕнджыты равдыстæй къаддæр кæй нæ фӕцин кодтой концертон программӕйыл дӕр, сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Ӕгас изӕр йемыдзаг уыд цыдӕр ӕнахуырдзинӕдтӕ ӕмӕ сюрпризтӕй. Фӕлӕ дисы бынтон бахаудысты, ӕнӕнхъӕлӕджы ирон фӕндыр куы ныццагъта ӕмӕ нӕ диаспорӕйы фӕсивӕд «Культурон бонты» хайадисджытимӕ «Симд» куы райдыдтой кафын, уӕд.

 

«Ӕмгуысткӕнынады хидтӕ»

Культурон проекты фӕлгӕтты уагъдцӕуӕг мадзӕлттӕ афтӕ тынг фӕцыдысты парижӕгты зӕрдӕмӕ, ӕмӕ хайадисджыты  ӕвӕстиатӕй фӕхуыдтой фидӕнмӕ дӕр.

Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, парижаг мадзӕлттӕ кӕй адарддӕр кодтой 27 майы горӕт Брюсселы, уый фӕстӕ та Люксембурджы цы мадзӕлтты комплекс уагъд цыд, уыдоны. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ авд азы дӕргъы (уал азы уӕвынад кӕны проект «Ирон культурӕйы бонтӕ – Европӕйы») ӕппӕты стырдӕр хицауадон делегаци Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй кӕй ӕрцыд Брюсселмӕ, йе сконды Нациты хъуыддӕгты фӕдыл министр Цуциты Аслан (РЦИ-А) ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕ-дивӕг Коцты Алан (РХИ). Уӕд культурон мадзӕлттӕ райдыдтой тымбыл фынг  «Ӕмгуысткӕнынады хидтӕ»-йӕ.

«Уым лӕмбынӕгӕй ӕрдзырдӕуыд Ирыстон ӕмӕ европӕйаг бӕстӕты ӕмгуысткӕнынады райрӕзты фарстытыл, афтӕ ма ирон культурӕйы ахадындзинадыл, нырыккон дунейы йын цы бынат ис, ӕппӕт уыдӕттыл. Уӕлдай цымыдисдзинад сӕм сӕвзӕрын кодта, Цӕгат ӕмӕ дзы Хуссар Ирыстонӕй хицауады минӕвӕрттӕ кӕй уыдысты, уый, лӕвӕрдтой сӕм бирӕ фарстытӕ. Диалог уагъд цыд хӕларадон атмосферӕйы.  Сӕ хъуыдытӕ ӕргом кодтой, цы ма хъӕуы саразын, цӕмӕй ахӕм мадзӕлттӕ азæй-азмӕ ноджы цымыдисондӕр уой, уый фӕдыл», – банысан кода Пухаты Радион.

«Европӕйы Ирон культурӕйы бонты баконд у нысаниуӕгджын цау, уый у  ирон дзыллӕйы эффективон национ-культурон райрӕзты системӕйы ахсджиаг элемент. Ӕппӕт уыдӕттӕ йын фадат ратдзысты, цӕмӕй суа дунеон культурон контексты иу хай. Сымахӕн, не ‘мбӕстӕйонтӕ, егъау у уӕ хайбавӕрд фыдӕлты ӕргъадтӕ бахъахъхъӕныны хъуыддагмӕ – мадӕлон ӕвзаг, культурӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ, цӕмӕй сӕ сыгъдӕгӕй адӕттӕм нӕ дзыллӕйы фидӕны фӕлтӕртӕм. Ӕппӕт Цӕгат Ирыстон – Аланийы цӕрджыты ӕмӕ мӕхи номӕй зӕрдӕбын арфӕ кӕнын ацы мадзӕлтты организатортӕн, афтӕ ма форумы хайадисджытӕн дӕр сӕ ӕвӕллайгӕ куысты тых-хӕй», – загъдӕуы фыстӕджы.

Йӕ рады Коцты Алан дӕр бакаст Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфӕйы фыстӕг.

«Ассоциаци «Сӕндидзӕн» цы традицион «Ирон культурӕйы бонтӕ – Европӕйы» сорганици кодта, уыдон ныр уагъд цӕуынц ӕвдӕм хатт. Уыцы азты баконд ӕрцыд колоссалон куыст, ӕрбиноныг сты сӕрмагонд традицитӕ ӕмӕ, диссаджы сфӕлдыстадон атмосферӕ кӕмӕн бантыст саразын, уыцы эффективон командӕ. Ирыстон кӕддӕриддӕр сӕрыстыр уыд ӕмӕ у йе сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕй. Уыдонӕн сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты дунеон аивады историйы сыгъзӕрин дамгъӕтӕй. Тынг ӕхсызгон мын у, «Ирон культурӕйы бонтӕм» стыр цымыдис кӕй ӕвзӕры, проект азӕй-аз фидардӕр ӕмӕ уӕрӕхдӕр кӕй кӕны,  уый. Ирыстон ӕмӕ Европӕйы бӕстӕты ‘хсӕн культурон бастдзинӕдты нысаниуӕг у ӕгӕрон. «Ирон культурӕйы бонтӕ» нын фадат дӕттынц, цӕмӕй равдисӕм нӕ адӕмы сфӕлдыстадон потенциал, йӕ тырнынад ӕндидзынадмӕ, сабырадмӕ ӕмӕ иумӕйагадӕмон ӕргъадтӕм. Проект «Ирон культурӕйы бонтӕ» у европӕйаг ӕмӕ ирон адӕмы симбиозы уӕрӕхдӕр фӕзуат», – дзырдӕуы фыстӕджы.

 

Ӕрдзырдтой Ирыстон ӕмӕ Европӕйы ӕмархайды фарстыты фӕдыл.

Банысан кӕнын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ дыууӕ Ирыстоны сӕргълӕуджыты ‘рдыгӕй ахӕм хъусдард ацы мадзӕлтты ӕмвӕзад ноджы бӕрзонддӕр ӕмӕ гъӕдджындӕр кӕй кӕны. Ирыстоны делегациты ма йӕхимӕ райста Уӕрӕсейы минӕвар Бельгийы Александр Токовинин дӕр. Уым дӕр дзырд цыд Ирыстон ӕмӕ Европӕйаг бӕстӕты бастдзинӕдтӕ рауӕрӕх кӕныны перспективӕты фӕдыл.

Брюсселы уагъцӕуӕг мадзӕлттӕ адард-дӕр кодта ансамбль «Къона». Сӕ диссаджы цагъд афтӕ фӕцыд хъусджыты зӕрдӕмӕ, ӕмӕ сӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй хайад райсой, Петр  l горӕтты куы уыд, ууыл 300 азы юбилейы цытӕн уагъдцӕуӕг мадзалы. Уагътой йӕ Уӕрӕсейы Федерацийы минӕвар Бельгийы ӕмӕ горӕты мэр Антверпен.

Брюсселы ма бынӕттон цӕрджыты дисы баппӕрста, цалынмӕ нывгӕнджыты равдыст нӕ байгом,  уӕдмӕ  уал ирӕттӕ ӕртӕ уӕли-выхимӕ кӕй скуывтой, уый дæр.

 

Брюсселаг ажиотаж

«Ӕрбацӕуджытӕй иу дзырдта, зӕгъгӕ, ардӕм ӕрбацӕуын хъуыд ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕхи цӕстӕй федтаин, ирӕттӕ ӕртӕ уӕливыхимӕ куыд кувынц, – зӕгъы Пухаты Радион.  Ӕппынӕдзух хъуыст ирон национ зӕлвидыц. Ам дӕр та равдыстам импровизацигонд кафт. Ӕрбацӕуджытӕн уыд фадат, цӕмӕй федтаиккой  Ирыстоны тыххӕй чингуытӕ, альбомтӕ, буклеттӕ, афтӕ ма ӕрмдӕсныты равдысты диссаджы ӕрмӕджыты дӕр».

 

Мастер-класс Люксембурджы

Люксембурджы уагъдцӕуӕг цымыдисон мадзӕлтты ӕмрӕнхъ ма дзы уагъд ӕрцыд нӕ нывгӕнджыты мастер-класс дӕр. Хуызистӕй йӕ лӕвӕрдта Къадзты Вадим, пейзажӕй та Плиты Тимур. Уыцы-иу рӕстӕджы ансамбль «Къона» ӕххӕст кодта ирон национ цӕгътытӕ. Мастер-классы хайадисджытӕ ӕмӕ ӕрбацӕуджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ уый уыд ӕцӕг цымыдисон процесс. Басаты Олег ӕмӕ Ататы Валери нывгӕнджытӕн бынаты дзырдтой сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой. Мастер-классы хайадисджытӕй иутӕ уыдысты Азербайджаны культурон центры минӕвӕрттӕ Люксембурджы. Нӕ нывгӕн-джыты нын уыдон уайтагъд фӕхуыдтой азербайджайнаг культурон центрмӕ.

 

Цӕттӕ кӕнӕм фидӕнмӕ…

Пухаты Радион банысан кодта, фидӕн азы нывӕзт ныридӕгӕн цӕттӕ кӕй у, ис сӕм ног хъуыдытӕ, уымӕ гӕсгӕ проект уыдзӕн бирӕ цымыдисондӕр.

«Ахӕм мадзӕлттӕ канд Ирыстоны фӕлгонц нӕ равдисынц, фӕлӕ ма ахъаз сты би-рӕ бӕстӕты ирон диаспорӕты иудзинадӕн дӕр. Уыдоны фӕрцы  зонгӕ кӕнынц  сӕ историон райгуырӕн бӕстӕйы культурон цардимӕ ӕмӕ ма абоны Ирыстоны ногдӕр тенденцитимӕ дӕр», – загъта уый.

Пухаты Радион стыр бузныг загъта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн, афтӕ ма Гӕззаты Сосланӕн, Гӕдиаты Олегӕн, Мелибаев Аланӕн, Алиев Романӕн, Пухаты Вадимӕн, Хъесаты Барисӕн, Дзанайты Лорӕйӕн, Жанна Ерижевайӕн, Зокоев Игорӕн  уыдон стыр ӕххуыс кӕй бакодтой «Ирон культурӕйы бонтӕ – Европӕйы» сорганизаци кӕнынӕн, уый тыххӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.