Нæ иумиаг Райгуырæн бæстæ – Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ уæлдай уæззаудæр уавæры ныххаудысты чысылнымæц адæмтæ. Дæргъвæтин рæстæджы фыдæвзарæн фæндæгтыл рацæуын бахъуыд нæ адæмы дæр. Нæ «хорзмæбæллæг» гуырдзиаг сыхæгтæ нæм алырдыгæй бал-бирæгътау куы лæбурдтой, уæд бынтон тыхст уавæры бахаудтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ. Нæ сагуср хъæбатыр лæппутæн нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр бон, афтæмæй ныфсджын æмæ уæндонæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх, сæ радтæг адæмы.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды активон хайад чи райста, уыдонæй иу у Хъодалаты Алан. Уый райгуырд Ленингоры районы Цъинаргары хъæуы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæ Дауыт æмæ  Гасситы Сæлимæт  куыстой Цъинагары астæуккаг скъолайы – Сæлимæт ирон æвзаг æмæ литератрæйы  æмæ Дауыт та – историйы ахуыргæнæгæй. Хæрзæгъдау ныййарджытæ се ‘ртæ хъæбулы дæр бафтыдтой царды раст фæндагыл æмæ сты сæхиау хæрзæгъдау.

Хъодалаты Алан каст фæцис Цъинагары астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл æмæ уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны Хæххон металлургон институты арæзтадон факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ йæ профессийыл куыст кæй не ссардта, уымæ гæсгæ уал кусынмæ бацыд Цхинвалы авиацион заводмæ (Дмитровы номыл Тбилисы авиацон заводы филиал) партион организацийы секретарæй, фæстæдæр та куыста ацы заводы инженерæй. Фæлæ уæдмæ æрлæууыдысты фыдæвзарæн азтæ. Гуырдзиаг агрессортæ тыхæй Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибар фæндондзинад басæттынмæ фыццаг хатт куы бахъавыдысты, уæд Алан ссис йæ Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинадыл тохы активон хайадисæг. Уыимæ уыд «Адæмон ныхас»-ы активист дæр æмæ куыд Цъинагарæй рацæугæ, афтæ-иу ацыд Ленингоры районы хъæутæм æмæ адæмимæ кодта æмбарынгæнæн куыст Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад тынг ахсджиаг кæй сты æмæ знæгты ныхмæ тох кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй.

1991 азы январы мæйы Цыппурсы гуырдзиаг тыхæйисджытæ сусгæй Цхинвалмæ куы æрбацыдысты, уæд ма Аланæн кæм уыд иуран æрбадт. Æдзухдæр иннæ лæппутимæ уыд тæссагдæр бынæтты. Уымæй дарддæр ма Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджытæм хæцæнгарз кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ бахъуыд хиаразгæ хæцæнгæрзтæ аразыны сæр. Техникæимæ архайын цы  лæппуты къорд зыдта, уыцы нымæцы уыд Алан дæр, уыдон арæзтой минометтæ, гранатометтæ æмæ снарядтæ механикон завод æмæ «Электровибромашинæ»-йы. Фæлæ сын уавæртæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ цалдæр лæппуйæ арвыстой Дзæуджыхъæумæ æмæ уым арæзтой æхсæнгæрзтæ, æрæрвыстой-иу сæ Цхинвалмæ æмæ сæ хæстон лæппутæ пайда кодтой знæгты ныхмæ. Хъодалайы фырт тынг къухджын лæппу кæй уыд, уымæн æвдисæн у ацы рæнхъыты автор дæр. Цæвиттон, нæ телевизор кæнæ-иу нæ хæдзарон техникæйæ исты куы фехæлд, уæд-иу нæ тагъд æххуыс уыд Алан. Мæ цардæмбал Хуриты Гивиимæ иу хъæуккæгтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ тынг хæларæй цардыстæм, æнæзивæгæй-иу нæм æрбацыд æмæ-иу нын нæ хъуыддаг ацарæзта.

1991 азы 8-æм январы Цхинвалы æмæ Тамарашены хъæуы ‘хсæн хæстон архайдтыты рæстæджы æрхъулайы бахаудтой æмæ сæ фондз лæппуйæ, уыцы нымæцы Аланы дæр Гуры ахæстонмæ аластой. Алан ахæстоны фыдбонтæ арвыста 1991 азы 12-æм февралмæ, ома иу мæй æмæ иу къуырийы бæрц. Гуры ахæстоны уый иннæ ирон лæппутимæ цы хъизæмæрттæ бавзæрста, ууыл дзурын уæлдай у, уымæн æмæ гуырдзиæгтæ уыдысты стонг бирæгъты хуызæн, дойны сын уыд ирон тугæй. Надтой сæ æнауæрдонæй къухæй, къахæй, автоматты хъæдæй, цавтой сæ къултыл… Хъодалайы фырт йæхæдæг куыд дзуры, уымæ гæсгæ  гуырдзиаг ахæстонæй кæй раирвæзт, уый уыд диссаджы цауы хуызæн. «Уацары иу мæй æмæ æрдæджы бæрц фæугæйæ, мæ ссæрибар кодтой æрдæгæхсæв. Мæхæдæг дæр æй нæ бамæбæрстон цы диссаг æрцыд, уый. Мæ хæстæджытæ цардысты Гуры æмæ уайтагъд уыдонмæ бацыдтæн. Уыцы рæстæджы Цъинагар æмæ Гуры ‘хсæн пикеттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ мæ бон бацис Цъинагармæ ацæуын. Абоны онг дæр дис фæкæнын уыцы хъуыддагыл. Цхинвалы авиазаводы мемæ куыстой бирæ æвзонг гуырдзиаг лæппутæ, кæцытæ уыдысты Гуырдзыстоны алыгъуызон æнæформалон баиугæндты.  Æз Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй митингтæ кæй уагътон, уымæ гæсгæ мæ зыдтой куыд Гуырдзыстоны знаг, афтæ», – радзырдта мын уый. Иннæ ахæм ма Алан  Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутат кæй уыд æмæ æхсæнадон змæлд «Адæмон ныхас»-ы активон хайад-исæг, уымæ гæсгæ хаст уыд уыцы иурæстæджы дыууæ сау номхыгъдмæ. Фæлæ, æцæгæйдæр, æрцыд диссаг æмæ Алан сæрæгасæй раирвæзт залиаг калмы дзыхæй. Кæд абоны онг дæр йæ цæфтæй хъæрзы, вæййы йын сæры тынг рыстытæ, уæддæр йæ бинонты цæрайæ райы йæ зæрдæ.

Хъодалаты Алан гуырдзиаг ахæстонæй куы раирвæзт, уæд хос кодта Дзæуджы-хъæуы рынчындоны, афтæ ма Бурденкойы номыл Мæскуыйы æфсæддон-медицинон академийы дæр. Гуырдзыстоны ахæстоны бирæ хъизæмæрттæ бавзарæгæн ууыл йæ тох нæ фæцис æмæ хос кæныны курс куы рацыд, уæд йæ хæстон архайд адарддæр кодта Коцты Грийы къорды. Абон Аланæн ис цардæмбал æмæ æртæ сывæллоны – дыууæ фырты æмæ иу чызг. Лæппуты хистæр кусы нæ горæты куыстуæттæй сæ иуы, чызг у ХИПУ-йы студенткæ, кæстæр лæппу та нырма ахуыр кæны астæуккаг скъолайы.

Ахæстоны йæ бирæ удхайраджы цауты фæстиуæгæн Алан абон у 2-аг къорды инвалид æмæ исы чысыл пенси. Йæ цардæмбал та у 3-аг къорды инвалид, фæлæ уæддæр цардамæлттæ кæнынц æмæ сæ цоты раст фæндагыл æфтауынц. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы зын царды нын  цæрын æнцон нæу, фæлæ уæддæр амæлттæ кæнæм. «Ме ‘нæниздзинадмæ гæсгæ мæ бон нæу куыстмæ бацæуын. Куы фæсæрæндæр вæййын, уæд бакæнын электрикы куыстытæ», – зæгъы Хъодалайы фырт.

Мæнмæ афтæ кæсы æви æцæгæйдæр афтæ у, уымæн ницы зонын, фæлæ абон йæ радтæг адæмы Аланы хуызæн патриоттæ, 1991-92 азты хæстон архайдтыты хайадисджыты сгуыхтдзинæдты тыххæй цæмæдæр гæсгæ цыма рох кæнын райдыдтам. Рох кæнын та сæ уæвгæй нæ хъæуы, уымæн æмæ уыцы хъæбатыр лæппутæй иуæй-иутæ Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау сæ цард нывондæн æрхастой æмæ иннæтæ та абоны онг дæр  сæ райсгæ хъæдгæмттæй хъæрзынц. Мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй абон Ирыстоны сабыр арвы бын кæй руаджы цæрæм, уыцы лæппуты ма рох кæнæм æмæ сын кад кæнæм, уымæн æмæ уыдон сты нæ дуджы æцæг хъайтартæ. Абон мах уыдоны руаджы цæрæм сабыр цардæй, аразæм нæ сомбоны плæнттæ, хъомыл кæнæм нæ сывæллæтты, цæуæм нæ куыстытæм…  Хорз уаид æмæ фылдæр хъусдард здæхт куы цæуид сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ.

Зынаргъ газеткæсæг, мæнæ нывы цы нæлгоймаджы уыныс, уый дæр уыдонæй у сæ иу æмæ махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй йын ма рох кæнæм йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй, уымæн æмæ уый, куыд Ирыстоны иннæ хъахъхъæнджытæ, афтæ махæй  алкæмæндæр у кады аккаг…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.