Адæймаг мæгуырау ракæнд куы саразы, уæд дарддæр йæхи фæхизы æндæр ахæм ракæнд саразынæй, зондзонæн ын вæййы. Ахæм зондыл хæст хъуамæ уаиккой паддзахадтæ дæр, уымæн æмæ уыдон дæр адæймæгтæй, адæмæй конд сты. Фæлæ, хъыгагæн, алы паддзахад, гъе та паддзахадты къорд ахæм зондыл хæст нæ вæййынц æмæ æрцæуынц трагедитæ, конфликттæ, сивæрзынц хæсты æртытæ æмæ анхъæвзынц, æгæрыстæмæй, æгас дунейыл дæр.

Уый уæлдай тынгдæр хауы Ныгуылæны бæстæтæ æмæ Америкæйы Иугонд Штаттæм. Уымæн ирд æвдисæн – аивгъуыйгæ æнус. Адæймагады историйы цы дыууæ дунеон хæсты уыдис, уыдон æрхаудысты ацы æнусмæ æмæ райдыдтой Европæйы. Фыццаг дунеон хæсты кæрæдзийы  ныхмæ, сæйраджыдæр, цы паддзахадтæ æрлæууыдысты тохы быдыры, уыдон уыдысты паддзахы Уæрæсе æмæ Герман. Сæ дыууæ дæр дзы ницы рамбылдтой. Уæрæсе сæдых, йæ территорийæ фесæфта, афтæмæй рахызт хæстæй. Æрцыд дзы Октябры революци. Йæ территорийæ фесæфта Герман дæр, афтæмæй йæхи скапитуляци кодта. Капитуляци æрцыд, фæлæ йæ хæстмондаг тырнындзинæдтыл йæ къух нæ систа æмæ къорд азты фæстæ, хицауадмæ радикалтæ  æрцæугæйæ, сæ сæргъ Гитлер, афтæмæй райдыдтой сæхи ног хæстмæ цæттæ кæнын.

Фæстæдæр, 1939 азы, райдыдта дыккаг дунеон хæст. Йæ арты сыгъдысты Европæйы бæстæтæ, басаста сæ Герман æмæ йæ хæстон хъомысад ноджы стыхджын кæнгæйæ, ныббырста Советон Цæдисмæ. Кæрæдзийы ныхмæ та ногæй æрлæууыдысты дыууæ хъомысджын бæстæйы – Герман æмæ Советон Цæдис. Цæмæй нын не стыр Райгуырæн бæстæйы йæ зонгуытыл æрлæууын кодтаид, æппæт йæ хъæздыгдзинæдтæ йын йæхи бакодтаид, йæ адæм та немыцаг адæмæн лæггадгæнæг уыдаиккой.

Нæ бæстæмæ рафсад кодтой саст Европæйы бæстæтæ – хицæн æфсæддон баиугæндтæй хæцыдысты Сырх Æфсады ныхмæ æмæ дывæр кодтой гитлерон æфсады тых, йæ хъомыс. Афтæ хæсты райдиан уыдон сæ æфсæддон цырыхъхъытæй нæ зæххы  нæмгæйæ, цыдысты скæсæны ‘рдæм. Скæсæны ‘рдæм лæгæрстой сæ танктæ, æндæр алыгъуызон хæстон техникæ. Уыцы ‘рдæм тахтысты бомбæтимæ сæ хæдтæхджытæ. Уыдон иууылдæр семæ хастой мæлæт, фыдхъизæмæрттæ, размæ бырсгæйæ, сæ фæстæ уагътой мингай горæттæ æмæ хъæуты пырхæнтæ, куыстхъом адæмы тардтой Германмæ кусынмæ, уацайрæгты – концетрацион лагертæм. Фашисттæ хицауиуæг кодтой æмæ сæ цы фæндыд, уыдæттæ кодтой, кæй соккупаци кодтой, уыцы территоритыл.

…Бирæ, алыгъуызон сты нырыккон хæстон техникæ. Фæлæ дзы уæддæр сæйрагдæр танк у. Афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр. Дунеон æфсæддон историйы æнустæм фыстæй баззадысты Курскы къæлæтауы æмæ Сталинградмæ бацæуæнты танкæйон тохтæ, кæцыты хайад истой мингай ахæм хæстон машинæтæ.

Афтæ, æмæ Европæйæ цæуæг знаджы танктæ, райгуырæн зæххы се ‘ндон цæлхыты бын ризын кæнгæйæ, сæ мæлæт ардтой йæ уæлæ.

Советон Цæдисы ныхмæ цыбыр рæстæгмæ уæлахизæй фæуынмæ кæй хъавыдысты, уыцы хæст аххæссыд цыппар азы æмæ фæцис знаджы йæ лæгæты ныппырх кæнынæй, советон адæмы уæлахизæй, дунейыл фашизмы тасдзинад скуынæг кæнынæй. Фашизм дунейы куы апарахат уа æмæ сæхи дæр йæ азар куы басудза, уымæй тæрсгæйæ, АИШ, Англи æмæ Кана-дæ, хæст кæронмæ куыд хæццæ кодта, афтæ бакодтой дыккаг фронт Германы ныхмæ.

 

Куынæг æрцыд нацизм, фæлæ, æвæццæгæн, кæронмæ нæ

Уæддæр ма кæмдæр сæ зæрдæты уыцы идеологи баззад. Æмæ дзы ныр, куыд Уæрæсейы ныхмæ хæцæнгарз, афтæ Ныгуылæн, АИШ спайда кодтой Украинæйы. Уыдон уымæй размæ дæр се нæуынондзинад æвдыстой, æргомæй сæ ныфс кæмæ нæ хастой, уыцы Советон Цæдисмæ æмæ дæсгай азты дæргъы архайдтой,  цæмæй йæ мидæгæй ныппырх кæной. Уыдоны нæ хъуыд тыхджын Советон Цæдис, хъуыдис сæ лæмæгъ, æнæбон, æнцонтæй кæй ныххицæнтæ кодтаиккой æмæ бынтондæр чи нал уæвыдаид, ахæм Советон Цæдис. Æмæ сын бантыст. Цы 15 республикæтæй конд уыд, уыдон кæрæдзийæ фæлыгъдысты æмæ хицæн паддзахæдтæ сарæзтой. Бирæтæ дзы кæрæдзимæ топпы кæсæнæй акастысты…

 

Цы ма хъуыд Ныгуылæны æндæр!

Адæм сæ къухмæ мæгуыры лæдзæг райстой, æрлæмæгъ Уæрæсе дæр æмæ йæ цы фæндыд, уый арæзта Евроцæдис, НАТО кæй нæ хонынц, уыдон, сæ сæргъ дард АИШ, афтæмæй. Ныфс æвæрдтой Уæрæсейæн, НАТО Скæсæны ‘рдæм йæ къабæзтæ кæнæ иваздзæн, аразгæ та иннæрдæм кодтой. 2014 азы Украинæйы раппæрстой сæ закъонон президенты æмæ дзы сæвæрдтой, сæ къух сын чи арæзтаид, ахæмы. Афтæмæй, ам ногæй райгуырын кодтой фашизм. Цæрджыты удты йын тыдтой йæ идеологийы, Уæрæсемæ æнæуынондзинады тауинæгтæ æмæ тагъд сдардтой уыдонæн се ‘взартæ, сæ сæртæ. Уый та æндæвта сæ зондахастыл æмæ абон уыцы хъæздыг, бæркадджын бæстæйы уынæм, цытæ дзы цæуы, уыдон. Сæ бодзтæ æгас дунейыл хъусын кæнынц, Уæрæсейы ныхмæ фæстаг украинаджы онг кæй тох кæндзысты, æрмæст нæ, зæгъгæ, хæцæнгæрзтæй куыд æмбæлы, афтæ ифтонг кæнут. Æмæ европæйаг бæстæтæ, сæ разæй Америкæйы Иугонд Штаттæ, афтæмæй ардæм арвитынц алы æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Украинæйы зæххыл танктæ Скæсæны ‘рдæм куыд цыдысты, афтæ та райдыдтой цæуын Европæйы бæстæтæй, АИШ-æй. Хицæндзинад уый мидæг ис æмæ уыцы танкты ныхмæ Украинæ йæхæдæг  Советон Цæдисы сконды кæй  тох кодта, абон та украинæгтæ уыцы танктыл Уæрæ-сейы ныхмæ тох кæнынц…

 

Æндæр гæнæн нал уыд…

Уæрæсейæн специалон æфсæддон операци расидынæй дарддæр равзарыны фадат нал уыд. Баззад ма йын æрмæстдæр уыцы-иу равзæрст саразын, цæмæй æппæт хуызты дæр йæ суверенитет, йæ национ интерестæ бахъахъхъæна. НАТО йæхи æввахсæй æввахсдæр кодта Уæрæсейы арæнтæм. Уæрæсе сæ фæдзæхста уæлдæр æмвæзадыл фембæлдтыты рæстæджы, стæй сын фыстæй дæр æрæвæрдта сæ разы йæ рæстаг домæнтæ. Ницы дзы рауад, сæ хъусты иувæрсты сæ ауагътой. Уæдæ скæсæн Украинæйы уырыссаг цæрджыты ацы бæстæ цахæм у, ахæмы цæрын кæй нæ фæнды, сæ хъысмæт Уæрæсеимæ кæй бæттынц æмæ сæ уый тыххæй кæй дæлдзиныг кæнынц, сæ бартæ сын кæй цъист кæнынц, мадæлон æвзагыл сын ахуыр кæныны, пайда дзы кæныны фадат кæй нæ дæттынц, уыимæ ма хæстон тасдзинад кæй æвзарынц, уымæ Уæрæсе æвæлмас цæстæй куыд хъуамæ кастаид. Æмæ сын сæ хæдбардзинад банымадта, æрбаиу сæ кодта йæхимæ. Уæрæсе зæххъуаг нæу, йæхи зæххытæ дæр ын фагæй фылдæр сты, уымæн, куыд дунейы иууыл стырдæр, хъомысджындæр бæстæтæй сæ иу, афтæ йæхи интерестæ ис, куыд йæ арæнтæм хæстæг, афтæ æгас дунейы дæр. Уæрæсе ивгъуыд æнусы 90 -æм азты Уæрæсе нал у, уый ссис, дунеон аренæйы йæхи политикæ уадзынхъом чи ссис, ахæм бæстæ. Уыцы политикæ та здæхт у бирæполярон дуне аразынмæ, паддзахадты ‘хсæн  æмбар, кæрæдзийæн пайдайы ахастытæ рæзын кæнынмæ, у иуты хардзæй æндæрты æдасдзинад ифтонг кæныны ныхмæ. Уый та дунейы Америкæйы гегемонийы ныхмæ у æмæ нæ цæуы куыд Америкæйы, афтæ йе ‘ндæвдады бын чи сты, уыцы ныгуылæйнаг бæстæты зæрдæмæ дæр.

Ацы хъуыддаджы Уæрæсе иунæг нæу. Йе ‘вварс чи хæцы, уыцы бæстæтæй иууыл стырдæр æмæ хъомысджындæр Китай у, кæцы Америкæйæ хъауджыдæр нæ тырны йæхи хæрзиуæгæн æндæр бæстæтæм тых хæссынмæ. Америкæйæн, Ныгуылæны бæстæтæн уый се уонджы мигъ уадзы, уыдон нæ фæнды, цæмæй ма сæ фарсмæ уа æндæр тыхджын, размæдзыд бæстæтæ, нæ сæ фæнды, цæмæй ахæм суа Уæрæсе дæр. Ныгуылæны бæстæты фæнды, цæмæй АИШ-æн йæ бар цæуа æгас дунейыл æмæ йын иумæ зæрдиагæй æмдзæгъд кæной.

Фæлæ нæ цæстыты раз ивы дунеон истори æмæ йæ бæлвырд кæны, Украинæйы зæххыл Уæрæсе цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый. Уæрæсе фæуæлахиз уыдзæн – дунейы фæивдзæн царды фæтк. АИШ æмæ йе ‘мхъузæттæ сæхи бæсты бикъ нал æнхъæлдзысты, хæст нал æндзардзысты дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты, æндæр адæмты æнамондыл сæ амонд нал араздзысты. Уæрæсе та  йæ аккаг бынат æрцахсдзæн дунейы адæмты ‘хсæн. Æндæргъуызон ахъуыдыгæнæн дæр нæй. Уый хорз æмбары, йæ президент Владимир Путин æмæ фидарæй уымæн зæгъы, æппæт уæвæг фадæттæ дæр кæй спайда кæндзысты йæ суверенитет бахъахъхъæнынæн. Уый тыххæй та йæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæуы уæлахиз,  æрмæстдæр уæлахиз, цæмæй АИШ-ы, Ныгуылæн Европæйы бæстæты цы танктæ, æндæр хæстон техникæ æмæ æрмæджытæ æмбырд кæнынц æмæ æрвитынц Украинæмæ, уыдон искуы дарддæр мауал ацæуой Уæрæсейы зæххыл скæсæнæрдæм, сæ цæлхыты бын мауал ссæндой æндæр бæстæтæн дæр сæ хæдбар зæххыты, семæ æнæаххос мингай адæймæгты мæлæт хæсгæйæ.

Фашизм кæм райгуырд, уыцы Герман хъуамæ йæ зæрдыл дарид, цы нысан кæны Уæрæсейы ‘рдæм ногæй хотых раздахын, йæ къанцлер Шольц хъуамæ æмбарид, йæ дада – Гитлеры æввахсдæр адæймæгтæй сæ иу – цы рамбылдта уыцы хæсты, уый. Уæдæ Францы президент Макрон дæр йæ зæрдыл хъуамæ дарид, кæддæр, уартæ дыууæ æнусæй фылдæры размæ йæ бынаты чи куыста, фæлæ император чи хуындис, уыцы Наполеон дæр уырыссаг хæ-цæнгарзæй мæлæтдзаг цæф кæй баййæфта. Хъуамæ сын зондзонæн уаид, фæ-лæ нæ, цыма зæрдæ хæссынц, цыма сæ маст суадзынмæ хъавынц. Зынг иу хатт кæй басудзы, уый дзы хъуамæ дыккаг хатт йæхи бахизид…

Уæдæ куыннæ зонæм, АИШ цал æмæ цал бæстæйы мидæг бафтыдта хæсты арт. Йæ æфсæддон базæтæ фæскъæвда зокъотау дунейы алы рæтты ныппарахат кодта æмæ 600 фæфылдæр сты. Алыран дæр æй хъуыддаг ис, йæ пайда алы ранæй дæр скъуыны. Йæ коммæ чи нæ кæсынц, уыдоны ныхмæ – хæст, санкцитæ… Йе ‘мхъуыдыгæнджытæ – Ныгуылæны бæстæтæ. Украинæйы хъуыддæгты цырв дæр уый у. Ардæм æрвиты æхцатæ, хæцæнгæрзтæ, йæхæдæг дардæй кæсы, кæйдæр къухæй куыд тох кæны, йæ коммæ чи нæ кæсы, уыцы Уæрæсеимæ. Уыцы нысанæн, куыд ма загътам, афтæмæй Украинæйы схъомыл кодта ныгуылæйнаг бæстæтимæ нацизм, фашизм, кæцыйæ сæхæдæг дæр тæрсынц, фæлæ сын Уæрæсейы ныхмæ тохы æндæр амал нæ уыд.

***

Дуне ивы нæ цæстыты раз. Сомбон цахæм уыдзæн, уый аразгæ у абонæй. Уыцы сомбоны Уæрæсейæн цахæм бынат уыдзæн, уымæй та кæнгæ у нæ чысылнымæц адæмы хъысмæт. Уымæн стæм Сæрмагонд æфсæддон операцийы Уæрæсейы æвварс æмæ дзы нæ хæстон лæппутæ активон хайад уымæн исынц.

БИАЗЫРТЫ Роланд 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.