Нæ горæты цæрджытæн цæргæ-цæрæнбонты сæ разы лæууыд донифтонгады проблемæ. Фæлæ ныр æрæввахс кæны уыцы рæстæг, æмæ ацы проблемæ боны фæткæй ист æрцæудзæн. Ивгъуыд аз æрæвналдæуыд Уанаты донуадзæны арæзтадмæ. Уый арæзт цæуы дыууæ этапæй. Ныртæккæ æххæст цæуынц дыккаг этапы куыстытæ. Фыццаг этапы арæзт æрцыдысты дыууæ резервуары, кæцыты цæуы 3,5 мин кубикон метры дон. Уымæй дарддæр ма горæтмæ рауагъдæуыд донуадзæн хахх. Ныр та куыст цæуы донæмбырдгæнæны арæзтадыл æмæ технологион ифтонггæрзтæ монтаж кæныныл. Ацы ахсджиаг проект æххæст цæуы 2019-2020 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæтты. Куыстытæ æххæст кæны арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-ЮГ». Арæзтадон фадыджы хистæр Гуырцъыты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд азы æххæст æрцыдысты сæйрагдæр куыстытæ. «Уанаты хъæуæй Цхинвалмæ уагъд æрцыд магистралон донуадзæн, кæцыйæн йæ дæргъ у 15 километры. Присы хъæумæ хæстæг та арæзт æрцыдысты дыууæ резервуары. Донуадзæн ныридæгæн иу у горæты доны хызæгтæм, фæлæ нырма æххæст хъомысадæй нæ кусы. Резервуартæ йедзаг кæнынц дыууæ-æртæ къуыримæ. Проектон хъомысадмæ донуадзæн рахиздзæн, дон кæцæй цæуы, уым донæмбырдгæнæны капиталон сцалцæг кæныны, дренажон системæ саразыны, санитарон-хъахъхъæнæн зонæ æрбæстон кæнын æмæ технологион ифтонггæрзтæ самал кæнын æмæ смонтаж кæныны фæстæ.

Дыккаг этапы куыстытæм арæзтадон компанийы кусджытæ хъуамæ æрæвнæлдтаиккой уалдзæджы, фæлæ коронавирусон инфекцийы пандемийы аххосæй афæстиат сты.

Гуырцъыты Эльбрус ма куыд загъта, афтæмæй объекты ныртæккæ цæуынц развæлгъау куыстытæ донуадзæны алыварс ссыгъдæг кæныны фæдыл. Ам ныртæккæ æрвылбон дæр кусынц 10 адæймагæй фылдæр æмæ æртæ иуæджы уæззау техникæ. Уыдон, йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма фаг сты, фæлæ куыстыты гуырахст куыд фылдæр кæна, афтæ кусджыты нымæц дæр фылдæр кæндзæн. Уый ныфс бавæрдта, сæ хæс сфидаргонд æмгъуыдтæм кæй сæххæст кæндзысты. Æмæ ног азы райдианы донуадзæн хахх æххæст хъомысадæй кæй райдайдзæнис кусын.

Уанаты донуадзæн суткæйы дæргъы дæтдзæн 15 мин кубикон метры дон. Горæт та иста 20 мин кубикон метры. Афтæмæй горæт райдайдзæн исын суткæйы дæргъы 35 кубикон метры нуазыны дон. Уый фаг уыдзæн горæты цæрджыты æнæкъуылымпыйæ донæй ифтонг кæнынæн. Фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ доны дебет бæрæг рæстæджыты куы фæкъаддæр вæййы. Фæлæ куыд фæнды ма уа, уæддæр Эльбрусы хъуыдымæ гæсгæ, доныхъуагдзинад нал æййафдзысты горæты цæрджыты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.