Знауыры районы Мугуты хъæумæ капиталонæй арæзт цæуы фæндаг. Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты  сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй уый арæзт цæуы Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ. Ацы фæндаджы дæргъ у 1 800 метры бæрц, Знауырмæ цæуæг трассæйæ. Тулдзы (Дидмуха) æмæ Мугуты хъæуты цы адæм цæры, уыдон рагæй хъаст кодтой фæндаджы уавæры тыххæй. Раздæр ацы  дыууæ хъæуы ‘хсæн цы фæндаг уыд, уый Знауыры районы коммуналон службæты фæрцы лæгъз æрцыд.

Фæлæ хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр цæрынц фæндаджы былтыл. Сæрдыгон бонты ацы фæндагыл донбылгæрæттæм горæтæй улæфынмæ бирæ адæм фæцæуы. Цæрджытæ хъаст кодтой, рыджы бын-иу сæ кæй фæкодтой, уымæй. Рыджы тасæй сæ хæдзæртты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ гомæй никуы уагътой. Хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр сæхæдæг дæр машинæтыл цæуынц æмæ фæндаг асфальтгонд кæй нæу, уый сæ тынг тыхсын кодта. Фæндаджы уæлцъар иууыл тынгдæр хæлд уыд Аунеуы хъæуы.

Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй 1 800 метры бæрц фæндагæн ныридæгæн йæ 50 проценты цæттæ у асфальт кæнынмæ. Августы æмбисмæ куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты иннæ хайы дæр æмæ уæд фæндаг Знауыры трассæйæ суанг Мугуты хъæумæ æмбæрзт æрцæудзæнис асфальтæй.

Уымæй размæ та Знауыры районы коммуналон хæдзарады службæтæ фæндаг сцалцæг кодтой Арæнгæрон хъæумæ (Ионча). Ацы цæрæн пункты цæры æрмæстдæр цыппар бинонтæ. Сæ хъæумæ бацæуæн бынтон æвзæр уавæры кæй уыд, уый тыххæй цæрджытæ цыдысты æндæр, дæрддзæф фæндагыл. Цыппар километры дæрддзæгæн фæндагыл калд æрцыд хуыр æмæ ныр цæрджытæ цæуынц ацы фæндагыл.

Ленингоры районы дæр цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ: Тыджыты хъæу, Раздæхæн, Уæллаг Захъхъор, Ларгвис æмæ Делканмæ. Районы пресс-службæйы информа-цимæ гæсгæ Тыджытыхъæу æмæ Раздæхæны ‘хсæн цы фæндаг ис, уый фæндагаразджытæ канд лæгъз нæ акодтой, фæлæ ма – уæрæхдæр. «Фæндагæн йæ дæргъ у 13 километры бæрц æмæ ныр цы уыд, уымæй дæууæ метры бæрц та йæ фæтæнмæ бафтыд», – зæгъы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæры  хæдивæг Битарты Мамука. Ленингоры районы центрæй Уæллаг Захъормæ цы фæндаг цæуы, уый дæр ранæй-рæтты уыд æвзæр уавæры. Цадбадæн бынæтты-иу машинæтæ ныххаудысты. Ныр уымæ дæр сæ хъус æрдардтой коммуналон кусджытæ. Фæндаг æнцонвадат скæнынæй дарддæр ма дзы цалцæг æрцыд хид дæр. Ам цы уæлæнгай хид арæзт уыд, уый-иу донивылдтытæ ныппырх кодтой. Ныр уым арæзт æрцыд ног хид, кæцы зындзинæдтæ нал æвзарын кæндзæнис бæлццæттæн. Цадæггай арæзт цæуынц, Ленингоры поселочы цы уынгтæ ис, уыдон дæр. Районы разамонæг Гулиты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уый архайы, цæмæй Ленингоры районы цæрджытæн арæзт æрцæуа æмбæлон уавæртæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

ИА Рес-ы ист къам.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.