Горæт Къуайсайы паддзахадон унитарон куыстуат «Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад»-æн 2017 азы цы куыстытæ уыд планы, уыдон æххæст æрцыдысты – фехъусын кодта информагентад «Рес»-æн куыстуаты къухдариуæггæнæг Зассеты Гурам.

Аивгъуыйгæ азæн Къуайсайы коммуналон службæйы кусджытæн сæ архайдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, уый банысан кодта, сæйраг объекттæ, куыстытæ цы объектты æххæст цыдысты, уыдонæй сæйрагдæрты.

Зассеты Гурамы ныхæстæм гæсгæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй Къуайсайы ивд æрцыд иу бæстыхайы æмбæрзт.

«Бæстыхайы æмбæрзт уыд тынг æвзæр уавæры, æмæ йæ æнæхъæнæй раивтам. Сæ æмбæрзтытæ ма раивын хъæуы 4-5 хæдзарæн. Мах уыцы фарст скъуыддзаг кæнæм», – загъта Зассейы фырт. Горæты цæрæнуатон-унитарон хæдзарад раивта Къуайсайы сабидоны бæстыхайы æмбæрзт дæр.

«Сабидоны бæстыхайы уæлхæдзар тагъдис æмæ йæ мах раивтам. Сабидоны бæстыхай ног арæзт у, фæлæ митуромæнтæ нæ фæлæууыдысты стыр митæн æмæ æмбæрзт тæдзын райдыдта. Цы æхцайы фæрæзтæ нæм баззад, уыдонæй сцалцæг кодтам мидæгæй цалцæгкæнинаг чи фесты, уыцы хатæнты дæр», – банысан кодта Зассеты Гурам.

Паддзахадон унитарон куыстуаты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад аскъуыддзаг кодта горæт Къуайсайы скъолайы раз æмбæрзты фарст. Зассеты Гурамы ныхæстæм гæсгæ скъолайы раз бамбæрзын уыд æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ зымæджы бæстыхайы сæрæй калд мит æмæ скъоладзаутæн тас æвзæрын кодта.

«Скъолайы бахизæны уыд къаннæг æмбæрзтытæ, фæлæ сæ пайда цъус уыд. Арæх-иу уæлхæдзарæй скъолайы кæртмæ калд бирæ мит  æмæ скъолаудзаутæн уым рацу-бацу кæнын æдас нæ уыд. Мах сарæзтам капиталон æмбæрзт. Рауагътам æй бæстыхайы дыккаг уæладзыгæй æмæ йæ сфидар кодтам æфсæйнаг цæджындзтæй, цæмæй фылдæр фæлæууа», – банысан кодта Зассеты Гурам.

Горæты мидæг куыстытæй дарддæр ма Къуайсайы коммуналон службæйы кусджытæ Гулянты хъæумæ аразынц хид.

«Ацы хъæумæ цы хид ис, уый цалцæггæнинаг уыд. Сæйраг куыстытæ уым арæзт æрцыдысты. Баззадис ма нын йæ уæлæ уæладзæнтæ сæвæрын, æнцойгæнæнтæ саразын. Хиды фæдыл куыстытæ мах фæуыдзыстæм 10 боны æмгъуыдмæ, кæд нын боныгъæд нæ къух самона, уæд», – загъта Зассейы фырт.

Горæт Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æнтыстыл уый нымайы Шеубан æмæ Часавалы хъæутæм нуазыны дон кæй рауагътой, уый дæр.

«Ныртæккæ донуадзæн арæзт цæуы Надарвазы хъæумæ. Æппæт куыстытæ план кæнæм уалдзæгмæ  фæуын», – банысан кодта Зассеты Гурам.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.