Нӕ зынаргъ хуссайраг ӕфсымӕртӕ!

15 азы рацыд, 2008 азы гуырдзиаг лӕгмартӕ Чъребамӕ куы ныббырстой, уыц бонæй. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй Гуырдзыстон йӕ конституцион бартӕ ныффидар кӕна ацы регионы.

Фондз боны дӕргъы гуырдзиаг танкæты ныхмӕ тох кодтой цхинвайлӕгтӕ, ныхкъуырд сын лӕвӕрдтой Уӕрӕсейы  хӕдтӕхджытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕфсӕддон тыхтӕ, сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты фӕсивӕд Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Абхазæй бархион хӕстонтӕ. Иумӕ сын бантыст тугкалæн хӕст бауромын ӕмӕ уӕлахиз ӕрхӕссын.

“Иры Стыр Ныхас” абон  ӕппӕт ирон адӕмимӕ хъыг кӕны ӕмӕ сӕркъулӕй лӕууы, Фыдыбӕстæйы сӕрибардзинадӕн йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта, уыдоны ингӕнты раз, сӕ нӕмттӕ рох нӕ уыдзысты. Зӕрдӕ кӕрзы, хӕсты амӕттаг цы хуымӕтӕг цӕрджытӕ баисты, уыдоныл.

Иунӕг Кадджын Стыр Хуыцауӕй курӕм дунейӕн сабырдзинад ӕмӕ фӕрныгад!

«Иры Стыр Ныхас»-ы Сӕрдар

 ЕНАЛДЫТЫ Хъазыбег

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.