Цытджын æмбæстæгтæ!

Абон 15 азы сæххæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны уæрæхмасштабон хæстон агрессийыл. Ацы бон махæн нæ зæрдыл æрлæууынц, нæ хъайтар адæм иумæ æрбангом уæвгæйæ, сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл куыд тох кодтой, куы бахъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх, æвзаг æмæ культурæ.

Уæрæсейы æххуысæн уыцы уæззау карз бонты саргъгæнæн нæй. Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, бахъахъхъæдтой нын нæ республикæ æмæ нæ ссæрибар кодтой агрессорæй. Уæрæсейы æххуысы фæрцы мах бафæрæзтам æмæ сæндидзын кодтам нæ бæстæйы.

08.08.08 у не ‘взонг республикæйы историйы иууыл трагикон бонтæй сæ иу – уыцы фондзбонон тæссаг хæсты æппæт ирон адæмы йæхиуыл чи бавзæрста, æгæрон хъайтардзинад æмæ сгуыхтдзинад чи равдыста, уыдоны хъынцъымы бон. Уыцы бонты тыххæй мысынады рыст æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты. Хæст байста не ‘мфыдыбæстæйонтæй æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæй бирæты цард, кæцытæ ирон адæмимæ тох кодтой фæрсæй-фæрсмæ. Мах кæддæриддæр мысдзыстæм æмæ хъынцым кæндзыстæм,  йæ царды аргъæй йæ хæс чи сæххæст кодта, Райгуырæн зæхх чи бахъахъхъæдта, уыдоныл.

Цытджын æмбæстæгтæ, мæ цæст уын уарзы фæрныгад,    дидинæфтыд, хорздзинад æмæ сабырад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.