Хуссар Ирыстоны цæрджытæй алкæмæн дæр ис йæхи сæрмагонд истори 2008 азы августы фондзбонон хæсты тыххæй. Кæд уыцы тугуарæн хæстæй 12 азы рацыд, уæддæр абоны онг дæр базонæм æнахуыр факттæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ суаиккой нырыккон фильм-блок-бастеры бындур.

Ацы бонты нæм редакцимæ æрбацыд  Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуккаг æвзонг сылгоймаг Бестауты Аледæ. Уый нын радзырдта йæ истори, августы хæсты рæстæджы знаджы территоримæ куыд бахауд, уый тыххæй. Уый райгуырд Цхинвалы, фæлæ йæ райгуырдæй фæстæмæ цард æмæ схъомыл ис Сатихъары хъæуы. Аледæйы фыд Бестауты Гурам уыд Фыдыбæстæйы хъæбатыр хъахъхъæнджытæй иу, кæцы фæмард 1992 азы гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй. Рацард æрмæстдæр 33 азы. Гурам райгуырд Хелцуайы (Наниаури) хъæуы 1959 азы. Уый уыд хъæубæсты уарзон адæймаг, уымæн æмæ йæ цыбыр царды никуы никæйы хъыджы бацыд. Гуырдзиаг фашизмы ныхмæ тох кæныны фыццаг бонтæй фæстæмæ уыд Райгуырæн бæстæйы активондæр хъахъхъæнджытæй иу. Гурам йæ цард нæ бавгъау кодта йæ радтæг Ирыстоны сæрвæлтау. Нæ йын бантыст, афтæ тынг цы сывæллоны райгуырдмæ æнхъæлмæ каст, ууыл фæцин кæнын. Уымæн йæ ном хаст æрцыдис Ирыстоны хъайтарон ис-торимæ.

Бестауты Гурам гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй куы фæмард, уæд йæ цардæмбал, сатихъайраг Дыгъуызты Анжелæ баззад æнхъæлцауæй. Уый фæстæ йын райгуырд, абон уын цы æвзонг сылгоймаджы кой кæнын, уый – Бестауты Аледæ. Йæ уарзон æмкъайы амæлæты фæстæ Анжелæ фæстæмæ æрбаздæхт йæ цæгатмæ, Сатихъармæ. Фæлæ йын уым дæр цæрыны уавæртæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ фæстæдæр æрцард Цхинвалы, раздæры «Турбаза»-йы бæстыхайы æмæ абоны онг дæр цæры уым. Аледæ августы хæсты размæ йæ цард баиу кодта Хелцуайы хъæуккаг Чысиаты Уырызмæгимæ. Уый нын афтæ радзырдта: «Абоны онг дæр тынг хъорз хъуыды кæнын, уыцы тæссаг бонты. Арæх мæ цæстыты раз слæууынц уыцы уæззау цаутæ. 7-æм августы изæры мах нæ сыхæгтимæ æнафæттæм бадтыстæм кæрты æмæ тыхстыстæм сæвзæр-гæ æндыгъд уавæры тыххæй. Æрдæгæхсæвмæ æввахс райдыдтой æхстытæ, айхъуыст тыхджын срæмыгъд. Бамбæрстам æй, Цхинвалы кæй æхсынц, уый. Уыцы рæстæджы мæ цардæмбал Уырызмæг лæууыд посты Сарабукъы бæрзæндыл. Уый мæм телефоны фæдзырдта æмæ мын загъта, цæмæй йæ ныййарджытимæ ацæуæм Сатихъармæ. Уæд хъуыды кодтам, зæгъгæ, Сатихъары æдасдæр у, фæлæ уый раст нæ уыд. Райсомы ‘рдæм снарядты срæмыгъдтытæ æввахсæй-æввахсдæрæй хъуыстысты. Уæд Хелцуайы цæрджытæ сæ фæндаг скодтой æвввахсдæр хъæумæ. Æдасдæры тыххæй цыдыстæм хъæдты, фæлæ уалынмæ нæ цуры спырх снаряд. Уымæй тынг фæтарстысты лигъдæттæ. Райхъуыстысты тыхст хъæртæ æмæ адæм хъæды апырх сты алырдæм. Дарддæр цыдыстæм хицæн къордтæй. Æз æнæхъæн бон хъæды фæцыдтæн ме ‘ввахс сыхæгтимæ. Уыдыстæм 12 адæймаджы. Куы баталынг, уæд æй бамбæрстам, кæй фæдзæгъæл стæм, уый. Фырфæлладæй нæ бон цæуын дæр нал уыд æмæ аскъуыддзаг кодтам фæстæмæ хъæумæ æрбаздæхын. Æз тырныдтон, цæмæй ма фæхицæн уыдаин Лолоты Джульеттæ, Майсурадзе Лия (Чысиаты чындз) æмæ Чысиаты Кетинойæ (Лияйы чызг). Фæлæ хъæумæ æхстытæй бацæуæнтæ нал уыд. Уæд бацыдыстæм Сатихъармæ æввахс гуырдзиаг хъæу Чаребмæ æмæ Майсурадзе Лияйы арвыстам уавæр базонынмæ. Куыд гуырдзиаг сылгоймаг, афтæ йын нæ тарстыстæм, уыимæ ирæттæн Чаребы хъæуы гуырдзиæгтимæ конфликт никуы уыд æндыгъд азты дæргъы.

Майсурадзе Лия уайтагъд æрбаздæхт Чаребы бынæттон цалдæр цæрæгимæ. Уыдон нын загътой, цæмæй æхсæвы  баулæфæм сæ хъæуы. Махæн та нæ нысан уыд Снекъ, Елтъурайы хъæутыл Джермæ бацæуын æмæ уырдыгæй та – Дзаумæ. Фæлæ ныл нæ фæллад æртæфст æмæ нæ бахъуыд не ‘хсæв  Чаребы арвитын. Æз уайтагъд афынæй дæн.

Райсом фондз сахат уыдаид, афтæ фехъал стæм тыхджын срæмыгъдтыты гыбар-гыбурмæ. Уæззау снарядтæй иу спырх, мах цы хæдзары уыдыстæм, уый цур. Куыддæр хæдзарæй ралыгъдыстæм, афтæ йæм кæрæдзийы фæдыл бахаудтой дыууæ снаряды æмæ хæдзары фæстаг къул æркалд. Хæдзары хицау Вахтанг Размадзейæн (ныртæккæ цæры Цхинвалы йæ бинонтимæ) уæззау цæф фæцис йæ гуыбын, йæ цæсгомыл сæмбæлдысты нæмыджы схъистæ æмæ сæ туг калд. Æз æмæ йын Кетино æххуыс кодтам, куыд нæ бон уыд, афтæ. Фæцæф ис Лолоты Джульеттæ дæр, фæлæ йыл цъæррæмыхст йедтæмæ ницы зынд, æмæ йын ницы нысаниуæг радтам. Фæлæ уымæн йæ зæрдæ æвзæр кæнын райдыдта. Куыддæр æхстытæ иу чысыл фæсабыр сты, афтæ та æххуыс кæнын райдыдтам цæфтæн. Фæлæ та æрдæг сахаты фæстæ сног сты  æхстытæ мах ‘рдæм. Бæрæг уыд, хъæуы цæрджытæй чидæр дзырдхæссæг кæй разынд, ома, ирæттæ æмбæхсынц хъæуы æмæ æрхъавыдысты не скуынæг кæнынмæ, сæ хиуæттыл дæр нал ауæрстой, афтæмæй. Куыддæр æхстытæ æрлæууыдысты, афтæ  цæфты рахастам, ныккæндмæ. Фæлæ та уалынмæ райхъуыстысты тыхджын æхстытæ. Нæлгоймæгтæй чидæр фæхъæр кодта, зæгъгæ, гуырдзиаг æфсæдтæ æрбацæуынц æмæ  хъæдмæ лидзгæ. Фыртасæй фæгæпп кодтон æмæ мæ уæлæ рахауд, тæрхæгыл цы авгын гарз уыд, уый,  мæ сæрыл сæмбæлд æмæ асаст. Цалдæр къахдзæфы ма бæргæ акодтон, фæлæ мæ цæстытæ атарытæ сты æмæ зæххыл æрхаудтæн. Иннæ цæфтимæ баззадтæн Размадзейы ныккæнды. Мæ буар цалдæр раны æвгты цъæлтæй алыгтæ ис. Чысиаты Кетино дæр чысыл цæф фæцис æмæ йæ мадимæ уыдысты мæ цуры куы бавзæр дæн, уæд. Мæхимæ куы æрцыдтæн, уæд федтон, хъæуыл кæй æрхъула кодтой гуырдзиаг æфсæдтæ. Фыртæсæй ницыуал зыдтон. Вахтанг Размадзе хъæрзыдта йæ цæфтæй. Уæдмæ æрбацыд Тагъд æххуысы машинæ гуырдзиаг хъæу Ксуисæй æмæ цæфты иууылдæр аластой Гуры районы æфсæддон госпиталмæ. Уым нын бакодтой фыццаг медицинон æххуыс æмæ нæ уый фæстæ аластой Гуры рынчындонмæ, афæмæй хæсты рæстæджы бахаудтæн знаджы территоримæ. Лия мæ бафæдзæхста, цæмæй æппындæр мацы дзурон, уымæн æмæ кæд гуырдзиагау зыдтон, уæддæр  мæ ныхасыхъæдмæ гæсгæ базыдтаиккой, ирон кæй дæн, уый. Фактон æгъдауæй нын Лия бахъахъхъæдта нæ цард, мæн йæ чызг æмæ Лолоты Джульеттæйы та йæ хо рахонгæйæ. Гуры Джульеттæйы уайтагъд бакодтой операцигæнæнмæ, йæ уавæр нæ цæстыты раз æвзæрдæр кодта. Мæн æмæ Мзияйы чызг Кетинойы та схуыссын кодтой иу палатæйы. Цасдæр рæстæджы фæстæ нæ айрох æмæ  иронау сныхас кодтам. Уый фехъусгæйæ, нæ медицнон хо афарста, зæгъгæ, ирæттæ стут? Фыртасæй ницы сфæрæзтам сдзурын. Уæд нын уый загъта, зæгъгæ, тæрсгæ ма кæнут, æз дæр, ирон дæн. Лияйы хо цард Тбилисы æмæ аскъуыддзаг кодтам уырдæм ацæуын, уымæн æмæ нын фæстæмæ фæндаг нæ уыд. Æппæт уыцы рæстæджы дæргъы мæнæй ницы хабар зыдтой мæ мад, мæ цардæмбал æмæ хиуæттæ. Нæ телефонтæ ахуыссыдысты æмæ сæм мæ бон фæдзурын нæ уыд.

10-æм августы Кетино, Лия æмæ æз ацыдыстæм Тбилисмæ. Æнæхъæн Тбилис уыд паникæйы адæм лыгъдысты хъæутæм. 11-æм августы мæ бон ссис мæ мадмæ фæдзурын.  Уыцы рæстæджы уый уыд РЦИ-Аланийы Хуссар Ирыстоны минæварады Джиоты Станиславы кабинеты. Райстæуыд уынаффæ, цæмæй бахатой УФ-йы арæнгæрон службæйы къухдариуæгадмæ мах Дзæуджыхъæумæ æрласыны тыххæй».

Лолоты Джульеттæйы уавæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ уый баззад Гуры рынчындоны. Лия, Аледæ æмæ йæм Кетино фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд федтой афтид горæт, Гуры цæрджытæ фæлыгъдысты фæйнæрдæм. Рынчындоны сын ацæргæ санитаркæ загъта, зæгъгæ, рынчынты иууылдæр аластой Касп æмæ Тбилисы рынчындæттæм. Бирæ фæагурыны фæстæ йæ ссардтой Каспы рынчындоны. Джульеттæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы æфсæдтæ Цхинвалмæ куы æрбацыдысты, уæд куыд Гуры цæрджытæ, афтæ гуырдзиаг æфсæдтæ дæр лыгъдысты уырдыгæй. Джульеттæйы иунæгæй ныууагътой рынчындоны. Йæ  бон ссис фыццаг уæладзыгмæ æрхизын, фæлæ йæ зæрдæ бахъарм æмæ ахауд. Рынчындоны ма чи баззад, уыдон æй мард фенхъæлдтой æмæ йæ баластой моргмæ. Ссардтой йæ бынтон æнæнхъæлæджы моргы, сæ хиуæтты куы агуырдтой, уæд æмæ йæ рахастой палатæмæ. Уый фæстæ йæ аластой Каспмæ, уымæн æмæ йæ нымадтой гуырдзиаг сылгоймагыл.

Каспы рынчындоны Лийяæн нæ лæвæрдтой Джульеттæйы, йæ уавæр нырма дæр уæззау кæй уыд, уымæ гæсгæ. «Фæлæ  такси æрбакодтам, дыууæрдыгæй йе ‘нцой бацыдыстæм æмæ йæ сбадын кодтам машинæйы. Уырдыгæй нæ фæндаг скодтам Бæрзæфцæгыл Уæрæсейы ‘рдæм. Ларсмæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл гуырдзиаг арæнхъахъхъæнджытæ худын райдыдтой, зæгъгæ, арæныл бирæ рæстæджы дæргъы бындз дæр куы нæ атахт, уæд сымах куыд ахизынвæнд кæнут? Нæ нæ уагътой дарддæр цæуын, фæлæ махæн фæстæмæ фæндаг нал уыд, æмæ цæттæ уыдыстæм уым æрæхсæвиуат кæнынмæ. Разæй уыд Цæгат Ирыстон, цыран нæм æнхъæлмæ кастысты нæ хиуæттæ. Æрдæгæхсæвмæ æввахс Джульеттæйы уавæр ноджы февзæрдæр. Уæд та бахатыдыстæм арæнхъахъхъæнджытæм, цæмæй нæ ауадзой. Уыдон нын загътой, зæгъгæ, уæ куы  ауадзæм, уæд, дам, уæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ фехсдзысты æмæ йæ мах æфсон фæкæндзысты. 12 сахаты бæрц сын лæгъстæ кодтам, цæмæй нæ ауагътаиккой. Æппынфæстагмæ ахызтыстæм арæныл æмæ сæмбæлдыстæм нæхиуæттыл. Джульеттæйы  уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ сæхи машинæйыл баластой республикон рынчындонмæ, цыран фæцис æнæхъæн мæй.  Фæлæ абоны онг дæр нæмыджы схъистæ хæссы йæ уырджы цур», – радзырдта нын Бестауты чызг.

Ныртæккæ Аледæ кусы нæ горæты. Йæ цардæмбал Уырызмæгимæ сын ис дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппу. Уадз, уыдон схъомыл уæд сабыр, хæдбар Ирыстоны æмæ  хæст макуы фенæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.