Æмбæстæгтæ! Хуссар Ирыстоны адæм!

Абон та нæ ногæй æрæмбырд кодта нæ мысынад, 2008 азы августы бонты трагикон цауты фыдохы мысынад, гуырдзиаг хæстонтæ та радон хатт Ирыстоны зæххыл хæсты цæхæр куы бафтыдтой. Знаг бæстон йæхи цæттæ кодта уæрæхмасштабон хæстон операцимæ. Ныгуылæйнаг бæстæты бацæттæгонд гуырдзиаг хæстонтæ уыдысты гæрзифтонг. Сæ фæсарæйнаг уынаффæгæнджытæ штабты координаци кодтой гуырдзиаг хæстонты архайд.

Бабырстмæ цæттæ кæнгæйæ, Гуырдзыстон цалдæр мæйы дæргъы провокацитæ арæзта, архайдта уавæр æндыгъд кæныныл, дæсгай террористон акттæ æмæ гарзджын провокацитæ организаци кæнгæйæ. Снайпертæ æмæ артиллерион æхстыты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстонæй бирæнымæц адæймæгтæ фæмард сты.

Гуырдзиаг хæстонтæ-иу нæ территорийыл бацахстой ног стратегион бæрзæндтæ. Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны  тыххæй Уæрæсейы бирæазон архайд æнæхъуаджы фæцис. Гуырдзыстоны фæтæджы уырныдта уæлахиз æмæ хæстон æнтыстыты руаджы йæ политикон рейтинг сфидар кæнын.

Æнæнхъæлæджы æрбабырст сифтонг кæнынмæ тырнгæйæ, Тбилис равзæрста сæрмагонд бон – Пекины Олимпион хъæзтыты гом кæныны бон. Рагон традицимæ гæсгæ, Олимпион хъæзтыты рæстæджы хъуамæ æххæст цæуа олимпион фидыдад, ничи ахъуыды кодта, æмæ рагон фæтк хæлд æрцæудзæн.

Телеуынынады Гуырдзыстоны сæргълæууæджы раныхасы фæстæ, цыран фехъусын кодта æппæт хæстон архайдтыты æрурæды тыххæй,  7-æм августæй 8-æм августы æхсæв гуырдзиаг хæстонтæ уæззау артиллери æмæ реактивон системæйы хæцæнгæрзтæй æхсын райдыдтой Цхинвалы.

Цхинвалы цæрæн кварталты æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты  дæргъвæтин бомбæзгъæлсты фæстæ гуырдзиаг командиртæ бронетехникæ ракодтой штурмгæнджыты æххуысæй. Æрбабырсты фыццаг минутæй уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр æмæ ирон хæстонтæ дæр аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой гуырдзиаг агрессорæн.

Хæстонты нымæцæй дæр æмæ хæцæнгарзæй дæр агрессор хуыздæр ифтонг кæд уыд, уæддæр Цхинвал хъахъхъæнджытæ удуæлдай тохы сæ ныхмæ хъæбатырæй лæууыдысты. Нæ лæппуты хъæбатырдзинад баныгæдта гуырдзиаг командæгæнджыты тагъд æнтыст. Фæлæ æнæрынцой тохты рæстæджы нæ тыхтæ къаддæрæй къаддæр кодтой.

Уæрæсейаг æфсæддонтæ æрхæццæ сты æххуысмæ, йæ туджы мæцгæ Хуссар Ирыстонмæ, æмæ агрессоры тыхæй æркодтой сабырадмæ. Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты уæрæсейаг хæстонты хъæбатырдзинад, кæддæриддæр бузныг уыдзысты Уæрæсейæ æмæ йæ къухдариуæггæнджытæй!

Цы монументы цур лæууæм, уый æрмæст уыцы цауты, Хуссар Ирыстоны зæххыл царды тыххæй чи тох кодта, уыцы  хъайтарты мысынад нæу. Уый у уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг хæстон æмхæларады, иумæйаг уæлахизы æмæ нæ æнæфехæлгæ цæдисы æнувыддзинады символ дæр. Кæддæриддæр – циндзинады бонты дæр æмæ уæззау хъысмæтæвзарæнты азты дæр, мах уыдзыстæм кæрæдзийы фарсмæ, нæ цæдисдзинадыл æмæ историон мысынадыл æнувыддзинад хъахъхъæнгæйæ. Ацы мысынад, кæддæриддæр, уыдзæнис махимæ, уыцы мысынад хъуамæ хъахъхъæнæм æмæ йæ адæттæм фидæны фæлтæртæм.

Знагимæ тохмæ чи растад, нæ уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ кæддæриддæр цæвиттойнаг уыдзысты Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинадæн, æхсар æмæ хъæбатырдзинадæн. Сæ фидар удыхъæд æмæ æхсары,  быхсындзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады руаджы  махæн бантыст нæ паддзахаддзинад саразын, сфидар æй кæнын æмæ йæ бахъахъхъæнын.

Сæ ном сын ссарæм иу минут æдзæмæй алæугæйæ!

Фынддæс азы дæргъы пырхæнтæ æмæ фæныкæй сæндидзгæйæ, Хуссар Ирыстон сабыр цард кæны, фæлæ адæм нæ рох кæнынц, цы уæззау зиæнттæ рачындæуыд, сæрибардзинады сæрыл сæ сæртæ нывондæн цасæй æрхастой, уыдоны! Æмæ æрмæст 2008 азы августы нæ.

Нæ хæстонтæй æнæфæтасгæйæ цасæй слæууыдысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæнмæ æмæ цасæй радтой сæ иунæг цард Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибар царды тыххæй!

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй гуырдзиаг агрессорты æмæ лæгмар бархионты къухæй хъизæмайраджы мардæй цасæй  фæмард сты! Ферохгæнæн нæй Зары трагедийæн, Ереды, Цъинагары трагедиты æнæадæймагон фыдмитæй, хъизæмайраджы мардæй цалы амардтой, уыдонæн! Уыцы зиæнтты рыст никуы æрмынæг уыдзæн нæ зæрдæты!

Нæ сæрæй ныллæг кувæм, Хуссар Ирыстоны адæмы хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырæй чи фæмард сты, уыцы хæстонты рухс мысынады раз.

Хъынцъым кæнæм, сывæллæттæй, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæй  знаджы хæцæнгарзæй чи фæмард, удæгасæй чи басыгъд æмæ гуырдзиаг танкты цæлхыты бын чи фæмард, уыдоныл. Никуы ферох кæндзыстæм, æбæрæгæй чи фесæфт, адæймаджы цæсгом чи фесæфта,  уыцы гуырдзиаг æнæформалты къухæй хъизæмарæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Ирыстоны зæрдыл кæддæриддæр лæудзыстут!

Рухсаг ут!

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.