Цытджын æмбæстæгтæ!

12 азы рацыд, Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй мах куы фæуæлахиз стæм гуырдзиаг агрессорыл. Бирæ хъахъхъæнджытæ фесæфтой се ‘нæниздзинад, сæ цард радтой нæ Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй. Фæлæ уæд знаг Хуссар Ирыстонмæ æрбацыд гуырдзиаг тырысаимæ. Абон та мах систæм уæззау фыдракæнды æвдисæнтæ, кæцыйы фæстиуæгæн амард æвзонг лæппу.

Æз хъыгзæрдæимæ райстон Фыдыбæстæхъахъхъæнæг Дзабиты Иналы трагикон мæлæт. 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды номæй мæсæллæйы ныхæстæ зæгъын фæмардуæвæджы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн. Ныфс мæ ис, аххосджынтæ æфхæрд кæй баййафдзысты закъонмæ гæсгæ.

Ацы трагеди нынкъуысын кодта не ‘мбæстæгты зæрдæтæ.  Фæлæ знаг дæр фынæй нæ кæны. Нæ хуссайраг сыхæгтæ сæ хъус дарынц махмæ цытæ цæуы, уыдонмæ æмæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй саргъ кæной. Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цæуынц, уыдонæн. Уый та комкоммæ тасдзинад æвзæрын кæны нæ паддзахаддзинадæн.

Мæ зынаргъ æмзæххонтæ!

Курæг уæ дæн, цæмæй æмбарат Дзабиты бинонты рыст. Ут цырддзастдæр! Ацы истори махæн зондзонæн хъуамæ уа нæ алы къахдзæфы тыххæй дæр бæрндзинад æнкъарæм, аудæм хæстæг адæмыл æмæ тырнæм кæрæдзиæмбарынадмæ, уымæн æмæ адæмы тых ис иудзинады!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.