РХИ-ЙЫ ВЕТЕРАНТЫ СИДТ ИРЫСТОНЫ ФÆСИВÆДМÆ

Нæ зынаргъ кæстæртæ, хотæ æмæ æфсымæртæ!

Ныртæккæйы уæззау æмæ знæт дуджы алцыдæр ивы, хъыгагæн, хорзæрдæм нæ, фæлæ æвзæрырдæм. Ирон адæмы æгъдæуттæ, æфсарм, фыдæлты фарн æмæ намыс зæрдæйы фæндиаг нал сты. Фæлæ мах ныфс ис, Иры фæсивæд нæ кадджын фыдæлты кæй никуы фæхудинаг кæндзысты, уымæй.

Сымах стут нæ чысыл уарзон Ирыстоны сомбон æмæ уыл нæ зæрдæ дарæм ирон адæмы кадджын æгъдæуттæ фæцудын кæй нæ бауаддзыстут. Нæ рæсугъд традицитæ æмæ кадджын æгъдæуттæ сты нæ цæсгом æмæ нæ уды фарн. Хъуамæ æдзухдæр нæ зæрдыл дарæм нæ цардарæзт æгъдауыл кæй бындуриуæг кæны, уый. Нæ фыдæлтæ сæ сæрмæ худинаг никуы хастой æмæ сæ бафæзмын хъæуы сæ алы хъуыддагæй дæр. Уыдон-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: «уаг, æфсарм кæм ис, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм ис, кад дæр уым ис», зæгъгæ. Махæн нæ фыдæлтæ ныууагътой хъæздыг бынтæ, хорз æгъдæуттæ æмæ сæ бахъахъхъæнын у нæ абоны фæлтæрты хæс.

Хъыгагæн, нæм фæстаг рæстæджыты фæзындысты ахæмтæ, кæцытæ халынц ирон адæмы уыцы хорз традицитæ. Фæсивæды ‘хсæн фæзынд карз нозтгæнджытæ æмæ наркотикты уацары бахауæг æвзонг адæймæгтæ. Абон царды уæззау зилдухæнты ирон адæм рæстмæ нал зонынц, кæрæдзийæ нал хицæн кæнынц хорз æмæ æвзæр. Ахæмтæ абоны царды се стырдæр хæзнайыл нымайынц æрмæстдæр егъау мулк, бирæ æхцатæ. Исад, æнæфсарм уаг, æнæуынон ахаст хатт уæлахиз кæнынц адæймагдзинадыл. Адæймаджы ахсджиагдæр миниуджытæ – æфсарм, æгъдау, зæрдæхæлар ивд цæуынц кæрæф æмæ æдзæсгомдзинадыл миниуджытыл. Лæгдзинад æмæ намыс рохуаты аззадысты. Иуæй-иутæн æхца ссис  кад дæр æмæ æфсарм дæр. Нæ куырыхон фыдæлтæ-иу дзырдтой: «Исбон уарзондзинад бæрæггæнæн нæу. Йæ исбоны цæсты чи акæсы, уый удыхъæдæй мæгуыр æмæ æнæфсарм адæймаг у».

Нæ сæйраг хæс у бæллиццаг, хæрзæгъдау фæлтæр схъомыл кæнын. Æвзонг адæймæгтæ хъуамæ стыр аргъ кæной æмæ уарзой Райгуырæн Ирыстоны. Стыр бузныг зæгъын хъæуы нæ хъæбатыр лæппутæн, кæцытæ 1989-2008 азты Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы равдыстой æнахуыр хъæбатырдзинад æмæ бахъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ. 1989 азы 23-æм ноябры цалдæр ирон лæппуйы хъайтардзинад диссагæн дзуринагæй баззад. Уыдон æнæ хæцæнгæрзтæй кæрæдзийы къухтыл ныхæцгæйæ, æрлæууыдысты хотыхджын гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ æмæ сæ не ‘рбауагътой горæтмæ. Ирон лæппуты хъæбатырдзинад диссагæн баззад æфсымæрон Абхазы зæххыл дæр. Гуырдзиаг лæгсырдты ныхмæ хæцгæйæ,  æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ кæй равдыстой, уымæ гæсгæ сæ бирæтæ систы Абхазы хъайтартæ.

Абон та ногæй нæ лæппутæ стыр лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисынц Донбасс бахъахъхъæныны фæдыл Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы, фашизм æмæ националистты ныхмæ тохты. Стыр хъыгагæн, ацы хæстыты нæ хъæбатыр лæппутæй бирæтæ фæмард сты, Ирыстоны кад дæлæмæ не ‘руагътой, афтæмæй. Ацы диссаджы миниуджытæ хъуамæ уой алы ирон адæймагмæ дæр. Уыдон нæм æрхæццæ сты нæ рагфыдæлтæй æмæ мах хæс та у, цæмæй сæ адæттæм фидæны фæлтæртæм. Афтæ куынæ уа, уæд нæ фидæн бæллиццаг нæ уыдзæн.

Нæ мадæлон æвзаджы тыххæй бирæ дзурынц ахуыргæндтæ, фæлæ хъуыддаг зæрдæйы фæндиаг размæ нæ цæуы. Ныхæстæ баззайынц ныхæстæй. Нæ сывæллæттæй 1-æм къласмæ чи бацæуы, уыдонæй бирæтæ куыд æмбæлы, афтæ нæ фæзонынц мадæлон æвзаг. Скъолаты мадæлон æвзаг ахуыр кæнынц фæсарæйнаг æвзагау. Афтæ у Цæгат Ирыстон-Аланийы скъолаты дæр.

Адæймаг иппæрд куы уа фыдæлты фарнæй, куы нæ дзура йæ мадæлон æвзагыл, уæд йæ цард, йæ сомбон хорз нæ уыдзысты. Кæстæр хъуамæ сæрыстыр уа ирон кæй у, уымæй. Йæ адæмы истори куы нæ зона, уæд фыдæлты зæххыл нæ кæндзæн фидар, барджын къахдзæфтæ, зын ын уыдзæн фидæны уæрæх фæндагыл цæуын. Фидæн ивгъуыды уидæгтыл æнцой кæны æмæ уыцы уидæгтæ фидар куы уой, уæд ын фæцудæн нæй.

Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй батыхса æмæ йæ сывæллон хæдзары дзура иронау. Уырыссаг æвзаг дæр нæ дыккаг паддзахадон æвзаг у, фæлæ уал алчидæр нырма хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг æмæ уый фæстæ та æндæр æвзæгтæ. Нæ диссаджы æвзаг хъуамæ хъахъхъæнæм цæсты гагуыйау. Не ‘взаг у нæ хæзна, нæ истори.

Абон Хуссар Ирыстоны демографион уавæр бæллиццаг нæу. Нæ адæм хъуамæ азæй-аз фылдæр кæниккой, фæлæ… Нæ кæстæртæй бирæтæ афоныл сæ цард нæ саразынц. Бирæ бинонтæ та хъомыл кæнынц æрмæстдæр иу кæнæ дыууæ сывæллоны æмæ афтæмæй ирон адæмы нымæц къаддæрæй къаддæр кæны. Бирæ æмкъæйттæ та кæрæдзи нал фембарынц æмæ ахицæн вæййынц.  Хаттæй хатт сæ цард фехалыны аххосæгтæ вæййынц карз нозт кæнæ та наркотиктæ.  Ирыстоны патриоттыл хъуамæ нымад цæуиккой æртæ кæнæ фылдæр сывæллоны чи хъомыл кæны, уыцы æмкъæйттæ. Æвзонг адæймæгтæ хъуамæ уой куысты лæуд. Æгуыст адæймагæн царды хорзæй ницы бантысдзæн. Ацы домæнтæ куы сæххæст кæнæм, уæд нæ къухты бафтдзæн нæ фыдæлты кадджын ном сæнусон кæнын.

Нæ зынаргъ, нæ уарзон кæстæртæ!

Хуссар Ирыстоны ветерантæ уæм сидынц: Уæ фыдæлтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ уæззау фæндæгтыл рацыдысты, бирæтæ дзы сæ цард нывондæн æрхастой, цæмæй абон сымах фæрныг цард кæнат. Хъусут æмæ аргъ кæнут хистæртæн. Кæмфæнды ма уат æмæ цыфæнды уавæрты ма бахауат, уæддæр хъуыды кæнут уæ радтæг Ирыстоныл, хъæхъхъæнут уæ фыдæлты фарн. Ирон рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитыл ахуыр кæнут уæ сывæллæтты. Хъуыды кæнут уæ Ирыстоны сомбоныл, хъомыл кæнут бирæ сывæллæттæ, цæмæй ирон адæмы демографион фонд фылдæрæй-фылдæр кæна. Уый махæн у ахсджиаг фарста. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой – бирæ бындзытæ кæм уа, мыд дæр уым ис. Уæ цард аразут афоныл. Ма йæ æргъæвут райсоммæ, куыст, æхцайы фæрæзтæ æмæ фатеры æфсон ма кæнут. Ма халут уæ цард, сывæллæттæ хъуамæ хъомыл кæной æххæст бинонты хсæн. Сывæллоны мад дæр хъæуы æмæ фыд дæр. Ма тæрсут абоны зын уавæртæй. Фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы.

Уарзут уæ Ирыстоны, сымах стут йæ сомбон, ма дих кæнут Ирыстоны цæгат æмæ хуссарыл. Ма дих кæнут ирон адæмы къуыдайрæгтыл, чысайнæтыл, дыгурæттыл. Раст зондыл хæст ут. Ма æруадзæм дæлæмæ Ирыстоны кад. Бæрзонд хæссут Иры тырыса. Ма бауадзут фæцудын ирон кад æмæ намыс, тырнут зонындзинæдты бæрзæндтæм, архайут спорты. Уæхи хизут карз нозт æмæ мæлæтхæссæг наркотиктæй.

Мах сарæзтам нæ бон цы уыд, уый. Нæ сидт, нæ ныстуан нын райсут æмæ йæ æххæст кæнут.

ГАГЛОЙТЫ Арон,

РХИ-йы Ветеранты советы номæй

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.