Цытджын æмбæстæгтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

29-æм майы мах нысан кæнæм нæ республикæйы ног историйы нысаниуæгджын бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны акт райсыныл 30 азы сæххæсты бон.

Уый у ахсджиаг историон цау, кæцы æвдисы нæ адæмы тырнынад хæдбардзинадмæ, хъысмæт бæрæг кæнын.

1992 азы 29 майы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты Хæдбардзинады тыххæй райсгæ актæн ис стыр нысаниуæг. Хæдбар паддзахад расидыны хъуыддаджы Акт бындур æрæвæрдта барадон паддзахады бындуртæн, кæцы арæзт æрцыд æхсæнадæмон барты иумæйаг нормæтæм гæсгæ. Хæдбардзинады акт райсын ссис историон æгъдауæй æнæмæнгхъæуæг æмæ йæ домдта политикон уавæр, кæцы сæвзæрд Хуссар Ирыстоны 90-æм азты, æххæстмасштабон гуырдзиаг агресси æмæ гуырдзиаг бандæты фарсæрдыгæй ирон адæм, йе ‘взаг, йæ культурæйы уæвынад террор тасы бын куы сæвæрдта. Хуссар Ирыстоны адæ-мы бахъуыд хæдбар паддзахад саразыны тыххæй сæ бартыл сдзуырын.

Нæ хъайтар æмæ æхсарджын адæмæн, сæ тыхтæ æрбангом кæнгæйæ, сæ бон ссис аккаг ныхкъуырд радтын зна-æн, æмæ хæдбардзинады сæраппонд зын, зиæнттæхæссæг фæндаг рацæугæйæ, ра-цыд æппæт зындзинæдтыл æмæ йæ суверенитет бахъахъхъæдта.

Æмæ абон, ацы хъысмæтхæссæг Акты æвæрд  паддзахады арæзтады барадон принциптæм гæсгæ, мах аразæм барадон-демократон паддзахад, нæ паддзахаддзинад фидар кæнгæйæ, нæ æдасдзинад хъахъхъæнын, æхсæнадæмон æмгуыстад уæрæх кæнын, социалон инфраструктурæ рæзын кæнын.

Мæ цæст уын уарзы, цытджын æмбæстæгтæ, амонд æмæ фæрныгад, сабырад, хорздзинад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.