Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы инаугурацийы цытджын церемонийы хайад райстой, бирæ бæрзонд уазджытæ Уæрæсейы Федераци æмæ æввахс кавказаг республикæтæй. Традицимæ гæсгæ ма цытджын уазджыты æхсæн уыдысты нæ бæстæйы раздæры Президенттæ Цыбырты Людвиг, Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатоли. Ацы ахсджиаг политикон цауы фæдыл нын сæ хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ радзырдтой:

Бæстæйы фыццаг Президент Цыбырты Людвиг:

— Хуссар Ирыстоны ныры къухдариуæгадæн иууыл ахсджиагдæр хæс у, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы æмæ дунеон æмæхсæнады раз фæбæрзонддæр кæна нæ паддзахады имидж. Ныртæккæ нæ стратегион партнер ис уæззау уавæры, Украинæйы зæххыл цы сæрмагонд операци уадзы, уымæ гæсгæ. Æмæ нæ бæстæйы къухдариуæгад егъау хъусдард хъуамæ здаха, Уæрæсейы Федераци ныртæккæ цы уавæры ис, уымæ. Стыр хъусдард аздахын хъæуы бæстæйы экономикæ райрæзын кæнынмæ. Афон у, цæмæй нæ бæстæ уа алыварсонæй дæр æххæст æмæ размæдзыд паддзахад.

Приоритетон у ног куысты бынæттæ саразын, æмæ цæмæй ацы хъуыддаг нæ къухты бафта, уый тыххæй та хъус адарын хъæуы советон дуджы хорз фæлтæрддзинадмæ. Уымæн æмæ адæмон хæдзарад æрбæстон кæныны хъуыддаг у бæстæйы дарддæры рæзты сæйраг импульс.

Нæ ног сæвзæрст Президенты раз лæууы стыр хæстæ. Президент уæвын у кады хъуыддаг, фæлæ уый æмрæнхъ — бæрнон хъуыддаг дæр. Гаглойты Аланмæ, мæнмæ гæсгæ, разындзæн уыцы хъару, цæмæй йæ алфæмблай æрбангом кæна æхсæнады куыстхъом тыхтæ. Æмæ афтæмæй нæ республикæ йæ рæзты фæндагыл араздзæн ныфсджын къахдзæфтæ.

Рæстæг размæ тындзы, æмæ æз бирæ кæй рацардтæн, уымæ гæсгæ мæ зæрдыл хорз лæууы, нæ республикæ куыд райгуырд, куыд рæзы æмæ фæстаг азты цард цæхгæр кæй фæивта хуыздæрæрдæм.

Бæстæйы æртыккаг Президент Тыбылты Леонид:

— Мах абон иумæ стæм егъау историон цауы æвдисæнтæ — абон бæстæйы ног Президент официалонæй йæ бартæ йæхимæ райста. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг ныртæккæ вазыгджын æмæ уæззау у. Æвзæрстытæ дæр хуымæтæг нæ уыдысты, фæлæ йын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй йæм æмбæстæгтæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы егъау хъуыддæгтæ æмæ фæндиæгтæ йæ къухты бафтой. Гаглойты Аланæн ныридæгæн ис стыр политикон фæлтæрддзинад æмæ ахæм уавæры кусын дæр æнцондæр уыдзæн.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, æз хатын не ‘мбæстæгтæй алкæмæ дæр, цæмæй æрбалæууæм нæ ног сæвзæрст Президенты алыварс æмæ иумæ дарддæр кусæм æмæ архайæм нæ бæстæйы рæзтыл. Фæнды ма мæ зæгъын нæ ног сæргълæууæгæн уыцы фæндиæгтæ дæр, цæмæй нын Уæрæсейы Федерациимæ цы ахастытæ ис абоны онг, уыдон дарддæр дæр рæзой æмæ фидар кæной.

Уæрæсейы Федерацийы сенатор Цæгат Ирыстонæй Фадзайты Арсен:

— Мах æнхъæлмæ кæсæм æрмæстдæр хорз æнтыстытæм. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ сарæзтой сæ равзæрст, цæмæй сæ цард фæхуыздæр уа, цæмæй социалон æгъдауæй уой ифтонг, уа сын ног куысты бынæттæ, байгом уой ног уагдæттæ, иуныхасæй, цæмæй адæм кусой æмæ сæ бинонты дарынхъом уой. Уымæ гæсгæ бæстæйæн ног сæргълæууæг равзарынæй Республикæ рахиздзæн царды ног къæпхæнмæ.

Хуссар Ирыстоны адæм бирæ зындзинæдты сæрты рахызтысты æмæ афон у, цæмæй ног цардарæзтмæ рахизой, уымæн æмæ уый аккаг сты. Ныфс мæ ис, æппæт ацы хъуыддæгтæм ног къухдариуæгад æмбæлон хъусдард кæй аздахдзæн. Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны фарс алыварсонæй лæууы, Цæгат Ирыстонимæ та мах иу адæм стæм æмæ уыцы хъуыддаг алчи дæр хъуамæ æмбара. Æмзонд æмæ æнувыд стæм кæрæдзийыл, уымæн æмæ иу стæм, æмæ йæ рох кæнын нæ хъæуы.

Æхсæнадон-политикон архайæг, Дзæуæджыхъæуы горæты депутат Дидарты Сослан:

— Хуссар Ирыстоны адæм демократон æвзæрстыты руаджы скодтой раст æвзæрст. Ныфс мæ ис, æмæ ныр бæстæйы сæргълæууæг йæ архайды рæстæджы кæй кæндзæн раст æмæ нысанмæздæхт къахдзæфтæ бæстæ æмæ адæмы хæрзæбонæн. Фыццаджыдæр æй хъæуы хорз командæ сæвзарын æмæ хъæуæг æмæ профессионалон кадртæй спайда кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.