Уæрæсейы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад нымад кæй æрцыд, уый у нæ сабырдзинад æмæ прогрессы фæндагыл республикæйы стабилон размæцыды, сæйраджыдæр та нæ адæмы мæлæтæй аивæрзын кæныны гарант.

Æрмæстдæр æй 2008 азы 26 августы бамбæрстам, Хуссар Ирыстоны адæм 1989 азæй 2008 азы августмæ цы хъизæмайраджы фæндæгтыл рацыдысты, цы зиæнттæ сыл æрцыд, цас адæмы фесæфтой, уыдон æнæхъуаджы кæй нæ фесты. Кæд нæ ныфс уыд, уæддæр нæ æххæстæй нæ уырныдта, Уæрæсе ахæм ныфсхаст къахдзæф кæй сараздзæн, дунейы ныхмæ кæй æрлæудзæн æмæ нын нæ хæдбардзинад кæй банымайдзæн. Уымæн æмæ уæдмæ йæ архайд уыд хъавгæ, ныгуылæйнаг бæстæты цæстæнгасмæ кæсгæйæ.

Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитрий Медведев йæ интервьютæй иуы афтæ дзырдта, зæгъгæ, дам, Саакашвилийы сæрхъæн авантюрæ куынæ уыдаид, уæд, дам, «Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы вазыгджын политикон уавæр, гæнæн уыд, бирæ азты дæгъы дæр ивæзтаиккам æмæ сæ кæддæр искуы æркодтаиккам, алкæмæн дæр сæ райсинаг цы уыдаид, ахæм хъуыддагмæ». Медведевы ацы ныхæстæ баст уыдысты, Гуырдзыстонимæ ахастытæ фехалын Уæрæсейы кæй нæ фæндыд, уыимæ. Фæлæ Уæрæсейы уыцы хорздзинад Гуырдзыстон ницæмæ æрдардта. Саакашвилийы хицауиуæгады рæстæджы Гуырдзыстоны алы къахдзæф дæр  здæхт уыд Уæрæсейы ныхмæ. Æгæрыстæмæй 2008 азы августы хæсты дæр Уæрæсе Гуырдзыстоны тыхæй сабырдзинадмæ куы æркодта, уæд, кæд йæ бон уыд йæ гарзджын тыхтæ Тбилисы онг бакæнын æмæ сын сæ къухдариуæгады раивын, уæддæр нæ сарæзта уыцы къахдзæф, уымæн æмæ та уæддæр Гуырдзыстонæн радта сабырадон бадзырдты руаджы хъуыддаг аскъуыддзаг кæныны шанс.  Уыйас зиæнтты фæстæ Саакашвили сабырадон бадзырдтыл куы сразы уыдаид, уæд та Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады хъысмæт æбæрæгæй баззадид, æмæ йæ чи зоны, дарддæр дæр цас хъизæмæрттæ бавзæрстаиккам.  Фæлæ, табу Хуыцауæн, уыцы хъуыды Саакашвилийы сæрмæ не ‘рцыд.

Æмæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уыцы бонмæ хуссайраг ирæттæ дæргъвæтин, тугамæхст фæндагыл рацыдысты, уымæй дæр бирæ хъизæмæрттæ æвзаргæйæ, бирæ уды зиæнттимæ. Ирыстоны хъæбултæй бирæтæн сæ цард уыцы фæндагыл цæугæйæ аскъуыд. Фæлæ уæддæр сæ равзаргæ фæндагæй æнæ фæиппæрдæй, нæ адæм цыдысты размæ, хæдбар, сæрибар Ирыстонмæ. Нæ адæм бафæрæзтой æнæадæймагон уавæртæн, удуæлдай тохты сæ сæрибардзинад бахъахъхъæнгæйæ, сбæлвырд кодтой сæ паддзахаддзинады цæрдхъомдзинад, æмæ нымад хæдбардзинадмæ нæ адæмы æнæбасæтгæ фæндон сæххæст.

Хуссар Ирыстоны адæм цалдæр референдумы руаджы бафидар кодтой сæ фæндон хæдбар республикæйы пайдайæн. Уыцы референдумты фæстиуджытыл æнцой кæнгæйæ, нæ республикæйы Президент дæр æмæ Парламент дæр бахатыдысты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет  банымайыны тыххæй. Ацы  куырдиаты фарс рахæцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ дæр æмæ Федерацийы Совет дæр. Æмæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведев йæ къух æрфыста РХИ-йы  паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй барамындыл.

Ноджыдæр ма йæ баххах кæндзынæн, уый æнцон къахдзæф кæй нæ уыд, фæлæ нын нæ адæмы скуынæг кæнынынæй фервæзын кæнынæн уыд иунæг фæрæз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.