Цытджын æмбæстæгтæ!

Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы  сæвзæрд æндыгъд политикон уавæр. Фæзындысты ахæм тыхтæ, кæцыты фæнды республикæйы сабыр, æнцой цард æмæ уавæр сдестабилизаци кæнын. Хицæн политикты фæнды сæ политикон амбициты реализацийы тыххæй сæвзæргæ уавæрæй спайда кæнын, сæ адæмы æмæ сæ Фыдыбæстæйы   раз сæ бæрндзинадыл æмæ дарддæр цы уыдзæн, ууыл нæ хъуыды кæнгæйæ.

Нæ республикæ размæ цæуы стабилонæй. Арæзт цæуынц социалон нысаниуæджы объекттæ: цæрæнуат, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, уазæгдæттæ, хæрзарæзт цæуынц уынгтæ, арæзт цæуы индивидуалон цæрæнуат, кæцы пырх æрцыд 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы. Материалон æххуыс цæуы æвæрæз æмбæстæгтæн, æххуыс цæуы фæкъуындæггонд уавæрты уæвæг сывæллæттæн, фылдæр цæуы куыстмызд, сывæллæтты пособитæ æ.а.д.

Сæйраг уый у, æмæ республикæйы æрфидар сабырдзинад æмæ æнцойад, æмæ адæм бар ма хъуамæ радтой иуæй-иу амбициозон æмбæстæгтæн, уавæр æндыгъд кæнынæн, сæ республикæйы уавæр схæццæ кæнынæн  æмæ адæймæгты кæрæдзийы ныхмæ скæнынæн.

Мах, алы категорийы ветерантæ, куыд нæ республикæйы цæрджытæ, афтæ 90-æм азты рацæргæ азты æппæт зындзинæдты дæр хорз æмбарæм,  нæ зæрдыл лæууынц, нæ республикæмæ æрбабырсгæйæ нын нæ хуссайраг сыхæгтæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, æппæт уыдон. Сæ туг калд нæ зæрæдтæн, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæн. Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, хæцæнгарз райсгæйæ нын нæ Райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæдта, уыдоны. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, абон нæ фарсмæ чи нал ис, сæ цард уæлахизы сæраппонд чи æрхаста, уыцы æвзонг лæппуты!

Бирæ зиæнттæм нæ кæсгæйæ, мах бафæрæзтам æмæ фæуæлахиз стæм æгъатыр фыдызнагыл! Уымæн фæуæлахиз стæм, æмæ мах иумæ уыдыстæм, иумæ дих кодтам нӕ цинтӕ æмæ хъыгты. Мах фæнды, цæмæй Иры зæххыл мауал уа хæст, дидин æфтауа æмæ дзы æлдариуæг кæна сабырдзинад! Мах, куыд хистæр фæлтæр, афтæ тыхсын кæнынц нæ фæсивæд, кæцыйæн йæ æвæлтæрддзинады аххосæй йæ бон у ахæм тæссаг æмæ хаосы уавæрты сараза æнæахъуыдыгонд къахдзæфтæ. Уый тыххæй фыццаг рады мах сидæм уыдонмæ – «Ут зондджындæр, фæхæцут  уæ амбицитыл, хъуыды кæнут нæ республикæйы  сабырдзинад æмæ æнцойадыл. Не ‘мбæстæгты сабыр, æнцой цард дестабилизаци кæнынмæ чи хъавы, уыдонæн та аккаг ныхкъуырд радтут! Фаг у цæссыг æмæ тугкалдæн».

Мах нæ республикæйы æппæт æмбæстæгтæм сидæм сабырдзинад æмæ зондджындзинадмæ. Уый у нæ бæрндзинад æмæ нæ хæс. Республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæм та хатæм, цæмæй сæ службæйон хæслæвæрдтæ æххæст кæной закъоны фæлгæтты! Фыдгæнджытæ сæ ракæнгæ фыдракæндæн хъуамæ дзуапп радтой тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты совет курæг у республикæйы æп-пæт ветерантæй, цæмæй æмбарынгæнæн куыст кæной цæрджыты ‘хсæн, сæрмагондæй та фæсивæды ‘хсæн, цæмæй сæ ма бауадзой саразын барадхалæн хъуыддæгтæ.

РХИ-йы Ветеранты совет

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.