Нæ цытджын, бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг, фæлæ сæрибардзинад райсæг, ирон æвзаг, ирон культурæ хæссæг, Фарнимæ цæрæг, фыдæлты Намыс æмæ Æгъдауыл хæцæг, Паддзахад Аланийы æмбæстæгтæ!

Абон цы уæззау уæвæртæ æвзарæм, уыдон тынг бандæвтой нæ бирæхъизæмæрттæ бавзарæг адæмыл (фыццаджыдæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм COVID-19 æмæ йæ фæстиуджытæ).

Бирæфарсон, уæззау зындзинæдтæ аиуварс кæнынæн нæ бирæ фактортæ хъыгдарынц. Уыдонæй сæ иу у закъон, барвæтк æмæ адæймагдзинады нормæтæ гуымир æгъдауæй фехалын, уæлдайдæр та, адæймаджы цард хъахъхъæныны тыххæй бæрндзинад чи хæссы, ахæмты æрдыгæй.

Хуссар Ирыстоны зæххыл цы трагедитæ æрцыд, нæ сыхæгтæ, гуырдзиаг тугмондаг фашистты къухæй, уыдонмæ ма бафтыд, нæхи, ирон къухæй саразгæ трагеди – сырдон æгъдауæй, æгъатырæй мард æрцыд ирон цардбæллон лæппу Дзабиты Инал, кæцыйæн нал бантыст йæ хиуæттыл, уæлдайдæр та йæ æмкъай æмæ æртæ сывæллоныл сæмбæлын. Дзæнæты бадæд æмæ хæрзмæ аудæт йæ хиуæттыл!

Иналы æвирхъау мæлæтыл йæ цæссыг фæкалдта æнæхъæн Ирыстон, æмæ уыимæ адæм æнхъæлмæ кæсынц, ахæм æбуалгъы сырдон ми чи бакодта, уыдон закъон æмæ адæймагдзинады домæнтæм гæсгæ дзуапп кæд ратдзысты, уымæ.

Мах стыр ныфс ис, ацы фыдракæнды чидæриддæр аххосджын у, уыдон карз æфхæрд кæй баййафдзысты, уымæй.

Ахæм домæн æвæры йæ разы нæ республикæйы Президент дæр, уымæн æмæ ахæм негативон хъуыддæгтæ ма хъуамæ æвзæрын кæной тасдзинад нæ хæдбардзинадæн, нæ адæмы тугæй æлхæд республикæйы фидæн ма хъуамæ уа уыцы фидæн æрхæссæг адæмы тугæй ахуырст, уымæн æмæ нæ хæдбардзинад дæр æмæ цæрдхъомдзинад дæр хъæуынц нæ адæ-мæн, фидар экономикæ æмæ цæрдхъомдзинад нæ хъæуынц Паддзахад Аланийы æмбæстæгты бартæ хъахъхъæнын æмæ хæрзæбонæн.

Æппæт уыдæттæ сты махæн, æмæ нын бар нæй, цæмæй сæ ма бахъахъхъæнæм, ма тырнæм уымæ, цæмæй нæ разы цы нысæнттæ сæтам, уыдон нæ къухы бафтой.

Цы уæззау трагеди ныл æрцыд, уый у нæ радон иумæйаг рыст, фæлæ нын уый хъуамæ суа дихдзинады нæ, фæлæ иудзинады рыст, уыцы фæлварæн нæ хъуамæ кæрæдзимæ бакæна æнгомдæр, цæмæй не ‘хсæн бынат мауал уа ахæм трагедитæн.

Нæ адæм бирæ хæттыты бахаудысты зын, вазыгджын уавæрты, фæлæ-иу цыфæнды уæззау уавæрæй дæр рахызтыстæм æмзонд æмæ æмуддзинады фæрцы.

Нæ зынаргъ кæстæр Дзабиты Иналы мæлæт махæн у удмарæг рыст, алчи дæр райста уыцы рыст йæ зæрдæмæ, фæрыст ыл алкæй зæрдæ дæр.

Нæ зондджын, нæ куырыхон адæммæ сидæм, цæмæй та равдисæм нæ иудзинады тых, нæ хъæддыхдзинад æмæ ныфс, нæ алыварс цы дам-думтæ цæуы, æрмæст Интернеты нæ, фæлæ нæ «сыхæгты» дзыллон-информацион фæрæзты дæр, уыдонмæ æнæкæсгæйæ.

Ныфс нæ ис æмæ иумæ хъæддых кæй фæлæудзыстæм нæ фыдæвзарæнты ныхмæ, паддзахад Алани дарддæр кæй кæндзæн прогрессивон къахдзæфтæ йæ фидæны бæрзæндтæм.

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны, Паддзахад Аланийы хайад

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.