Уæлдæр профессионалон ахуырады Паддзахадон автономон ахуырадон уагдон «Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет»-ы Уставмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

 

  1. Уæлдæр профессионалон ахуырады уагдон «Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет»-ы Паддзахадон автономон ахуырадон уагдон «Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет»-ы Уставмæ, кæцы фидаргонд æрцыд «Уæлдæр профессионалон ахуырады уагдон «Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет»-ы Устав сфидар кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыс-тоны 2014 азы 31 марты № 55 Бара-мындæй», хаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

а) 6.6.3. пункты 9-æм дæлпункт фыст æрцæуæт ахæм редакцийæ:

«9) фидар кæны уæлдæр ахуыргæнæндæтты алыгъуызон категориты кусджыты (паддзахадон уæлдæр ахуыргæнæндæттæй ныллæгдæр нæ), уыцы нымæцы университеты ректоры куыстмызды, мыздмæ æфтауæнты æмæ премиты, материалон стимулы, материалон æххуысы æмæ окладты гуырахсты хуызтæ, кæд æмæ æндæртæ фидар не ‘рцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Прези-денты кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæм гæсгæ»;

б) 10.13. пункт фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«10.13. куыстмыздтæн æм цы фæрæзтæ ис, уый фæлгæтты, Республикæ Хуссар Ирыстоны  закъондæттынад бахынцгæйæ æмæ Ахуырадон советы уынаффæмæ гæсгæ,  Университет бæрæг кæны куыстмызды, мыздмæ æфтауæнты, уæлæфтауæнты, премиты, материалон стимулы тыххæй æндæр фæрæзты, афтæ ма бынатмæ гæсгæ окладты (ставкæты) гуырахсттæ, материалон æххуысы æмæ окладты гуырахсты хуызтæ æмæ системæ, алыгъуызон категориты кусджыты, бынатмæ гæсгæ окладты кæройнаг гуырахсттæ не сфидар кæнгæйæ, кæд æмæ æндæртæ фидар не ‘рцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты кæнæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæм гæсгæ».

Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

г. Цхинвал,

2021 азы 24 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.