Сывæллоны райгуырдыл  1,5 азы сæххæсты онг æрвылмæйон æххуыс снысан кæнын æмæ фидыны тыххæй

Бинонты, маддзинад æмæ сабидугæн социалон æххуысы нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад уынаффæ кæны:

1. 2019 азы  1 январæй нысан æрцæуæд æрвылмæйон пособи 2000 (дыууæ мин) сомы сы-вæллоны райгуырдыл цалынмæ иу аз æмæ æрдæг сæххæст уа, уæдмæ.

2.  «Дыккаг æмæ уый фæстæ райгуыргæ сывæллæттæн, цалынмæ сыл 1,5 азы сæххæст уа, уæдмæ æрвылмæйон æххуыс снысан кæнын æмæ фидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2018 азы 3 октябры Уыныффæмæ бахаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ:

а) фыст æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«Сывæллоны райгуырдыл 1,5 азы сæххæсты онг æрвылмæйон æххуыс снысан кæныны æмæ фидыны фæтк сфидар кæныны тыххæй»;

Дарддæр текстмæ гæсгæ ныхæстæ «дыккаг æмæ уый фæстæйы сывæллæттæн» ивд æрцæуæд ахæм ныхæстæй «сывæллоны райгуырдæй» æмбæлон нымæцы æмæ хауæны.

3. «Дыккаг æмæ уый фæстæйы сывæллæттæн, цалынмæ сыл 1,5 азы сæххæст уа, уæдмæ æрвылмæйон æххуыс снысан кæнын æмæ фидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2018 азы 3 октябры Уыныффæ йæ тыхы мауал уæт.

4. Хицауады ацы Уынаффæйыл контроль хæсгонд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

2019 азы 28 май

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.