1992 азы 19-ӕм январы Хуссар Ирыстоны адӕм ауагътой, Советон Цӕдисы фехӕлды фӕстӕ, фыццаг референдум, сӕ Фыдыбӕстӕйы фидӕны тыххæй. Aм хъӕуы банысан кӕнын, уый кӕй уыдис ССР Цӕдисы Закъон «ССР Цӕдисӕй цӕдисон республикӕйы рахизыны фарстатӕ скъуыддзаг кӕныны фӕтк»-ы фӕлгӕтты. Нӕ ныхмӕлӕуджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ацы референдумӕн юридикон тых нал уыдис, уымӕн ӕмӕ, дам, ССРЦ уӕдмӕ ныппырх. Фæлӕ, ӕцӕгӕй, юридикон цӕстӕнгасӕй, ССРЦ-ы фехӕлд йӕхӕдӕг ӕнӕфау нӕ уыд, Растдӕр дзургӕйӕ та цӕхгӕрӕй хӕлдта, уӕды дуджы цы закъӕттӕ уыд, уыдоны. Фактон ӕгъдауӕй, ацы фарсты фæдыл закъон йӕ ныхас нӕ загъта, бирæ разамонæг фыдгӕнджытӕ хаос, террор ӕмӕ фыдракӕнддзинад кӕй апарахат кодтой ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл, уый тыххæй. Афтæ, æмæ 1992 азы   19-ӕм январы референдуммӕ цыфӕнды фаутӕ ‘рхӕссыны фӕлвӕрдтытӕн ницы нысаниуӕг ис. Референдум уагъд ӕрцыд ахӕм уавӕрты, ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕнæзакъонон хотыхджын къордтӕ сыгътой ирон хъӕутӕ, мардтой сабыр цæрæг ирон адӕмы. Гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ Гуырдзыстоны мидхъуыддӕгты министрады ӕххуысӕй канд Хуссар Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕмы ныхмӕ нӕ аздӕхтой сӕ хотыхтæ, фӕлӕ ма ӕгас Гуырдзыстоны ССР-ы ирӕтты ныхмӕ дӕр. Махӕн хорз лӕууы нӕ зӕрдӕтыл уыцы бон. Ӕппынӕдзух Гуырдзыстоны танктӕ ӕмӕ артиллери ӕхстой Цхинвалы цӕрӕн кварталтӕ. Адӕм сӕ цардыл дӕр нӕ ауӕрстой, афтӕмæй цыдысты æвзарæн фадгуытӕм. Алчи дӕр ӕй зыдта, кӕцыфӕнды уысм дӕр ӕхстытæ кӕй райдайдзысты ӕмӕ гæнæн кæй ис, фӕмард уой. Фӕлӕ мӕлӕты тас дӕр нал тых кодта сӕрибармӕ тырнындзинадыл. Референдум ӕмӕ Гуырдзыстоны реакци равдыстой, цавӕр сабырадон, закъонон, демократон мадзӕлттӕй архайдтой ирон адӕм, ӕмӕ цавӕр фыдракӕндон, диктаторон, террористон мадзӕлттӕй архайдта Гуырдзыстон. Уый тыххӕй ӕппӕт рӕстуд адӕмы зæрдæтæ уыдысты ӕмӕ сты Хуссар Ирыстоны æвварс. Рӕстӕг равдыста, Хуссар Ирыстоны адӕм 1992 азы референдумы рӕстӕджы раст дзуапп кӕй радтой дыууӕ фарстӕн дӕр.

Плиты Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.