Мыхуырæй рацыд 2017 азæн журнал «Мах дуджы» фæстаг 12-æм номыр.

Зындгонд поэтессæ Хостыхъоты Зинæйы райгуырдыл сæххæст 80 азы. Уый цытæн мыхуыр æрцыдысты «Фысджытæ Зинæйы тыххæй» æмæ поэтæн йæхи æмдзæвгæты цикл «Æз – сылгоймаг», зæгъгæ.

Гуырдзыбеты Иринæйы райгуырдыл 80 азы сæххæсты цытæн мыхуыр æрцыдысты йе ‘мдзæвгæтæ «Левитаны хъæлæс», «Æфсæддон фынтæ», «Мæ фæдзæхст», «Къоста» æмæ æндæртæ. Поэзийы жанрæй ма журналы мыхуыр æрцыдысты Абойты Зарæ æмæ Гаглойты Толикы æмдзæвгæтæ.

Прозæйæ журналкæсæг бакæсдзæн Хуыгаты Сергейы уацау «Къостайы авдæн» (кæрон), Коцойты Астемыры таурæгъ «Хуыцауы минæвар», Дзуццаты Къостайы «Сатирикон нывтæ æмæ таурæгъ», Бызыккаты Земфирæйы юморескæ «Гыркъо – чындзхæссæг» æмæ Гапбаты Алетæйы худæджы хабæрттæ «Худын – цардыхос», зæгъгæ.

«Разагъды лæгтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр æрцыд Джыккайты Къостайы уац «Георгийы кавалер».

Рубрикæ «Æвыд-дывыдоны дуг»-ы бын журналкæсæг бакæсдзæн, 1937 азы «Пролетарий Осетии» 105-æм номыры мыхуыргонд уац «Результат политической беспечности» (уырыссагау) æмæ Плиты Грисы уац «Историон рæстад галиуæй».

«Арвистон», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын мыхуыр цæуынц «Эзопы æмбисæндтæ», «Корней Чуковскийы боныгæй», «Цитатæтæ», «Рагон китайаг зонды ныхæстæ».

Журналкæсæг базонгæ уыдзæн, «Мах дуг» 2017 азы цы ныммыхуыр кодта, уыдон номхыгъдимæ.

Журналы ма мыхуыр æрцыд «Мах дуджы» кусджыты тæфæрфæс ирон зындгонд поэт, фыссæг,  драматург æмæ публицист Чеджемты Георы амæлæты фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.