Министрадтæ æмæ ведомстватæ кусынц, 2018-2019 азты цы Инвестицион программæ арæзт æрцыд, уый реализаци кæныныл.

Къухтæ фыст æрцыдысты проекттæ æххæст кæнджытимæ бадзырдтыл.  Баззадысты ма цалдæр объекты, уыдонæн равзарын хъæуы уæлдай хуыздæр проектон организацитæ.

Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард йæ комментарийы куыд банысан кодта, афтæмæй Цхинвалы æмæ республикæйы районтæн арæзт цæуынц бирæфатерон хæдзæртты, сабиты ахуыргæнæн уагдæтты, инженерон хызæгты проекттæ: куыст цæуы дон, газ, электроэнергийæ ифтонг кæныныл, уынгты канализаци æмæ хæрзарæзтадыл, куыд  столицæйы, афтæ горæт Къуайса æмæ Ленингоры районы дæр, уагъд цæуы проекты агъоммæйы куыст республикон парчы хæрзарæзтады тыххæй.

Банысан кæнын хъæуы, дыууæ азы дæргъы арæзт кæй æрцæудзæн сæйраг горæты 18 уынджы.

Куыстыты сæйраг закъазгæнæг у Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад, афтæ ма уынгæг профилон ведомствотæ æнхъæлмæ кæсынц æххæстгонд проекттæн экспертты хатдзæгтæм 30 марты æмгъуыдмæ. Стæй рад æрцæудзæн арæзтадон организациты равзарынæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.