Постконфликтон уавӕр ӕрбӕстон кӕныны фарстаты фӕдыл РХИ-йы Президенты Ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурат Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинады боны тыххӕй куыд радзырдта, афтӕмӕй 29-ӕм майӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны историйы ис йӕхи нысаниуӕгджын бынат. Уыцы бон 1992 азы нӕ республикӕйы уӕды Сӕйраг Советы сессийы райст ӕрцыд тынг ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны тыххæй Акт. Уыцы стыр барадон къахдзӕфы ахадындзинад ӕмӕ ахсджиагдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæ абоны хæдбар паддзахады 29 майы бон кæй у стыр бӕрӕгбоныл нымад.

«Фӕнды ма мӕ дыууӕ ныхасы зӕгъын, Акт райсӕг историон сесси цы уавӕрты цыд, уый тыххӕй. Ӕз мӕхӕдӕг дӕр уӕд Сӕйраг Советы депутат уыдтӕн ӕмӕ йӕ хорз хъуыды кӕнын. Сессийы рабадт цыд дыууӕ боны – 28 ӕмӕ 29 майы. Уый уыд, гуырдзиаг агрессортӕ нӕ горӕтмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй куы бырстой, нӕ хъӕуты нын куы сыгътой, уӕд. Сессийы адӕм залы бадтысты, ӕддейӕ та хъуыст минӕты рӕмыгъдтытӕ ӕмӕ хӕдӕхсты къӕр-къӕр», – загъта Джиоты Мурат.

Арӕх фехъусӕн ис ахӕм ныхӕстӕн, ома, нӕ республикӕйы кӕцы бӕрӕгбон ахсджиагдӕр у, 20-ӕм сентябрь ӕви 29-ӕм май. Джиойы фырты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдонӕй алкӕцы дӕр йӕхирдыгонау ахсджиаг хайбавӕрд бахаста нӕ адӕмы цардмӕ ӕмӕ Ирыстоны ногдӕр историмӕ.

1990-ӕм азы 20-ӕм сентябры нӕ уӕды областон Совет фӕндон рахаста Хуссар Ирыстоны республикӕйӕ расидыны тыххӕй. Уӕды уавӕрты уый уыд нӕ адӕмы бавӕрын ӕмӕ бахъахъхъӕныны иунӕг мадзал. Советон Цӕдис бонӕй-бонмӕ лӕмӕгъдӕр кодта, Гуырдзыстоны Уӕлдӕр Совет та уӕдмӕ рахаста ахӕм уынаффӕтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ ивд ӕрцыдысты, Советон Гуырдзыстоны цыдӕриддӕр 1921 азӕй фӕстӕмӕ барадон акттӕ ист ӕрцыд, уыдон, уыцы нымӕцы, 1922 азы Хуссар Ирыстон автономон областы хуызы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикӕйы скондмӕ цы декретмӕ гӕсгӕ баконд ӕрцыд, уый дӕр.

«Диссаг уый у, ӕмӕ гуырдзыйы хицауад ӕмӕ адӕм советон дуг нӕ уарзынц, ӕдзух ӕй ӕфхӕргӕ кӕнынц, архайынц, цӕмӕй йӕ фӕдтӕ дӕр мауал уой, фӕлӕ афтӕмӕй советон хицауад ӕмӕ большевиктӕ Гуырдзыстоны Советон Республикӕйӕн цы арӕнтӕ снысан кодтой Советон Цӕдисы сконды, уыдоныл та фидар хӕцынмӕ хъавынц», – банысан кодта Президенты Ӕххӕстбарджын.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны расидыны фӕстӕ хицауад ӕмӕ адӕм ӕрӕвнӕлдтой йӕ юридикон бындурты аразынмӕ. Ӕмӕ нӕм кӕд нӕ уыд паддзахадон арӕзтады стыр фӕлтӕрддзинад, уӕд-дӕр нӕ алы къахдзӕф дӕр уыд раст ӕмӕ фӕд-фӕдылон.

1990-ӕм азы декабры мӕйы уагъд ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ. Нӕ республикӕйы уӕды къухдариуӕ-гад ӕппӕт дӕр арӕзта, цӕмӕй Республикӕ Хуссар Ирыстон сӕрмагондӕй баззадаид Советон Цӕдисы сконды, куыд хицӕн субъект, афтӕ. «Бирӕ тыхтӕ хардз чындӕуыд, цӕмӕй нӕ адӕмы ныхмӕ Гуыр-дзыстон цы агресси арӕзта, уый урӕд ӕрцыдаид, цӕмӕй дуне бамбӕрстаид, мах сепаратисттӕ кӕй не стӕм, фӕлӕ кӕй архайӕм ӕрмӕстдӕр дунеон барады фӕлгӕтты».

1991 азы 20 декабры Советон Цӕдис бынтондӕр хӕлд куы ӕрцыдис, уӕд дыккаг бон – 21 декабры Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Совет райста ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады тыххӕй Деклараци. Уымӕй арӕзт ӕрцыд раст къахдзӕф.

«Хӕдбардзинадыл дзургӕйӕ, мах домдтам нӕ закъонон бартӕ, уымӕн ӕмӕ Советон Цӕдисы ныппырхы фӕстӕ дуне цы Гуырдзыстоны банымадта, уый сконды та иу бон дӕр, иу сахат дӕр никуы уыд Хуссар Ирыстон», – бахахх кодта Мурат.

Нӕ паддзахады арӕзтады стыр къахдзӕф уыд, 1992 азы 19 январы цы рефендум ауагъдӕуыд, уый дӕр. Уӕд нӕ адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой, кӕй сты Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ йӕ ахастытӕ ӕввахсдӕр кӕныны фарс.

Нӕ адӕмы фӕндон – референдумы фӕстиуджы-тӕ юридикон ӕгъдауӕй бафидар кӕныны нысанӕн 1992 азы 29 майы ист ӕрцыд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт. Ома, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы бон фӕстаг тӕпп ӕвӕрд ӕрцыд нӕ хӕдбардзинад расидыны хъуыддаджы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕдбардзинад иу тӕппыл нӕ фӕвӕййы. Нӕ паддзахады арӕзтад алы бон дӕр дарддӕр цӕуы. Ист ӕрцыд нӕ Конституци, ист цӕуынц закъӕттӕ, фидар цӕуынц нӕ паддзахадон органтӕ, ӕндидзы нӕ экономикӕ? Нӕ социалон цард, «хос кӕнӕм» нӕ хӕсты «хъӕдгӕмттӕн», 2008 азӕй фӕстӕмӕ нӕ республикӕ у Уӕрӕсе ӕмӕ ӕндӕр паддзахӕдты ‘рдыгӕй нымад.

Уыцы сессийӕн ма йе стыр нысаниуӕг уый мидӕг дӕр ис, ӕмӕ уӕд арӕзт ӕрцыдысты ми-нистрадтӕ дӕр. Арӕзт ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг хицауад – Республикӕ Хуссар Ирыстоны министрты совет (уӕдмӕ хуынд Ӕх-хӕстгӕнӕг комитет).

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.