Æрӕджы «Sputnik-Хуссар Ирыстон»-ы фӕзынд цымыдисон ӕрмӕг, кӕцы нӕ алкӕмӕй дӕр домы рӕстаг ахаст сӕвзӕргӕ уавӕрмӕ, ныртӕккӕйы ахсджиаг хабӕрттӕн аргъ кӕнгӕйӕ.

Донбассы цӕрджыты бынтон скуынӕгӕй бахъахъхъӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы Федераци Украинӕйы цы сӕрмагонд операци уадзы, уый ӕмрӕстӕджы ӕвзӕр нӕ уаид, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн 2008 азы цы фондзбонон хӕст уыд, уый ногӕй зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

2008 азы 8 августы ӕхсӕв Хуссар Ирыстонимӕ ӕмарӕн хъӕутӕ Никоз ӕмӕ Эргнетӕй гуырдзиаг дардмӕхсӕг артиллери горӕт Цхинвалмӕ ӕхсын райдыдта реактивон системӕ «Град» ӕмӕ минӕхсӕнтӕй. Цхинвалы сӕдӕгай цӕрджытӕн, кӕцыты ‘хсӕн уыд сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕн  нал бантыст сӕхи бааууон кӕнын. Уыдон фӕмардысты артиллерион ӕхсты фыццаг минутты сӕ хӕдзӕртты пырхӕнтӕ ӕмӕ сыгъдӕтты бын. Цалдӕр сахаты фӕстӕ Цхинвалыл хӕдтӕхджытӕй райдыдтой бомбӕтӕ калын. Хӕдзӕртты аныхъуырдтой арты ӕвзӕгтӕ, горӕт фестад пырхӕнтӕ.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты къухмӕ цы гуырдзиаг картӕтӕ бахауд, уыдоны бӕрӕггонд уыдысты авиацион цӕф фӕкӕныны нысӕнттӕ. Гуырдзиаг командӕкӕнынады планмӕ гӕсгӕ фыццаградон цӕф хъуамӕ баййӕфтаиккой сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ, горӕты рынчындон ӕмӕ къухдариуӕгады бӕстыхӕйттӕ.

Адӕм лыгъдысты, бомбӕзгъалӕг хӕдтӕхджытӕ дыууӕрдӕм кӕй сӕрты кодтой, уыцы Цхинвалӕй, архайдтой Зары ӕфцӕгыл Цӕгат Ирыстонмӕ аирвӕзыныл, цы ран сӕм уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты гуырдзиаг танктӕ ӕмӕ ӕгъатырӕй милмӕ истой алы змӕлӕджы дӕр. Кӕй спырх кодтой, уыцы машинӕты мидӕг адӕм сыгъдысты ӕнӕхъӕн би-нонтӕй.

Абон бӕлвырд у, горӕт Цхинвалы цӕрджыты гуырдзиаг фарсӕрдыгӕй чи ӕхста, уыцы танкты ӕрмӕст гуырдзиаг хӕстонтӕ кӕй нӕ бадтысты, фӕлӕ украинаг националисттӕ дӕр.

Ацы хӕсты украинаг фарсӕрдыгӕй цыфӕнды хайадист дӕр ӕмбӕхстой, йӕ кой кӕнын нӕ уагътой, фӕлӕ ис, уыцы ӕдзӕсгомдзинады фарсты фӕдыл аиуварсгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ, кӕцытӕ рабӕрӕг сты хӕсты фӕстӕ.

Уӕдӕ афтӕ, Хуссар Ирыстоны территорийыл Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн  геноцид расидын ӕмӕ сӕ массон ӕгъдауӕй марыны фактты тыххӕй бакӕнгӕ уголовон хъуыддӕгтӕ ӕвзарыны рӕстӕджы ссардӕуыд ӕмӕ документалон ӕгъдауӕй бӕлвырд ӕрцыд, гуырдзиаг ӕфсӕддон баиугӕндтимӕ хайад кӕй истой украинаг националистон организаци УНА-УНСО-йӕ ӕппынкъаддӕр 200 хӕстоны. Хӕсты фӕмардуӕвӕг гуырдзиаг салдӕтты ‘хсӕн ссардӕуыд украинаг хӕстонты мӕрдтӕ дӕр. Цхинвалы районы гуырдзиаг ӕрхъулайы уӕвӕг Ачабеты хъӕуы Гуырдзыстоны Мидхъуыддӕгты Министрады центр «Антитеррор»-ы бӕстыхӕйтты фӕдагуырды рӕстӕджы ссардӕуыд: уӕлдӕрзагъдгонд украинаг националистон организацийы хӕстонты хисӕрмагонд дзаумӕттӕ, ӕфсӕддон дарӕс, къамтӕ ӕмӕ ӕндӕр документтӕ, афтӕ ма  Гуырдзыстоны Мидхъуыддӕгты министрады ӕрхъулагонд зонӕйы къухдариуӕгады хӕстон бардзырдтӕ дӕр УНА-УНСО-йы хӕстонтӕн автомобилон транспорт рахицӕн кӕныны фӕдыл.

Гуырдзыстоны сабырдзинадмӕ ӕркӕныны фӕдыл операцийы рӕстӕджы ист ӕрцыдысты, украинаг нысӕнттӕ кӕуыл уыд, ахӕм ракетон-зенитон комплекстӕ «БУК-М ӕмӕ «ОСА-АКА». Фӕдагуырды рӕстӕджы райстӕрцӕуӕг документтӕм гӕсгӕ банысангонд ракетон-зенитон комплекстӕ 2008 азы рацыдысты регламентон-техникон басгӕрст украинаг хъахъхъӕнынады заводты, ома, Хуссар Ирыстоны хӕстон архайд райтынг кӕнынӕй цалдӕр мӕйы раздӕр, уый бафидаргонд ӕрцыд 2008 азы 27 майӕ 8 августмӕ украинаг хӕцӕнгӕрзтӕ арвитыны тыххӕй зонӕнтӕй – 25 «Град», зенитон-ракетон комплекстӕ «Бук-М1» ӕмӕ «Оса».

Фондзбонон хӕсты хӕстон архайдтыты рӕстӕджы уыцы хӕстон техникӕйӕ УНА-УНСО националисттӕ кӕй пайда кодтой, уыцы факт сбӕрӕг кодта Украинӕйы Уӕлдӕр Радӕйы сӕрмагонд парламентон къамис, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд депутат Валери Коновалюк, гуырдзиаг Гарзджын тыхты фарс хӕцгӕйӕ, зенитон-ракетон комплекстӕ «Бук-М1» йӕ чи ӕхста, уыцы ӕфсӕддонты номхыгъд журналисттӕн ратгӕйӕ, уый фактон ӕгъдауӕй бафидар кодта уыцы хӕсты украинаг фарсы хайадист.

2008 азы хӕсты украинаг националистты хайадисты тыххӕй уӕлдӕрӕрхӕсгӕ факттӕ рӕгъмӕ хаст цӕуынц ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй алы ирон дӕр йӕ зӕрдыл дара, мах ахӕм куырм ӕнӕуынондзинадимӕ  ӕгъатырӕй чи мардта, уыдон Донбассы цӕрӕг адӕмӕн абоны онг дӕр кӕй кӕнынц, махӕн куыд кодтой, афтӕ.

Ныр та не ‘мфыдыбӕстӕйонтӕ ацыдысты дард балцы сабырцӕрӕг адӕмы украинаг националистон террорӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй. Нӕ цӕст сын бауарзӕд уӕлахиз, махӕн та – рӕстмӕ хъуыдыкӕнынад!

Фӕсныхасы бӕсты: Фӕлӕ ахӕм рӕстӕг ӕркодта, ӕмӕ рӕстдзинады раз бынтондӕр бӕрндзинад ничиуал ӕнкъары: цыфӕнды зӕгъ, бӕстӕ цъыфимӕ дӕр сӕзмӕнт, ӕмӕ, уыцы цъыфы дӕхи ӕмӕ дӕ фыдыбӕстӕйы кӕй змӕнтыс, уый тыххӕй дӕ намысы раз дӕр ма фӕсырх у. Æгӕрыстӕмӕй, сӕ нӕмттӕ сын газеты ныффыссай, уый аккагдӕр чи нӕ у, ахӕмтӕ дӕр дӕттынц сӕхицӕн адӕмы номӕй дзурыны бар. Райдианы дзырдтой, мах, дам, цы хъуыддаг ис уыцы хӕстмӕ, цӕмӕн, дам, хъуамӕ хӕцӕм украинӕгты ныхмӕ… Стӕй сын уыцы ӕнӕсӕрфат позицийы фарсхӕцджытӕ куынӕ разынд, уӕд фӕивтой сӕ зарӕг: ари-ка ут, нӕ лӕппуты нын мӕлӕтмӕ ӕрвитынц… Ам сын фӕзынд фарсхӕцджытӕ, уымӕн ӕмӕ алы мадӕн дӕр, цыфӕнды рӕстаг хӕст ма уа, ис ӕрмӕстдӕр иу рӕстдзинад – йӕ хъӕбулы цард. Фӕлӕ цыфӕнды рӕстдзинадӕн дӕр йӕ цӕстытӕ нӕ бабӕтдзынӕ: алчи дӕр та йӕ бамбӕрста, уыцы лӕппуты Украинӕмӕ нӕ республикӕйы къухдариуӕгад ницы хуызы арвыстаид, тынг ӕй куы бафӕндыдаид, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон службӕ (контрактмӕ гӕсгӕ!) кӕнынц Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты сконды. Æмӕ та ног азым: бархионты Цӕгат Ирыстонӕй куыд арвыстой, мах лӕппуты афтӕ цӕмӕннӕ арвыстой, ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ цӕмӕннӕ афӕндараст кодтой…

Диссаг… Бархионтӕ куы уыдаиккой, уӕд – гъо, фӕлӕ махӕн уый бар чи радта, цӕмӕй уӕрӕсейаг ӕфсӕддон хайы хӕстонты ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ фӕндараст кӕнӕм?.. Путин Украинӕмӕ цы ӕфсад арвыста, уыдоны «цӕхх-кӕрдзын»-имӕ афӕндараст кодта.

Хуыцау ӕмӕ Уастырджийӕн фӕндон фӕуӕд, цӕмӕй нӕ лӕппутӕй цъӕррӕмыхст дӕр мачи фӕуа, афтӕмӕй тагъд рӕстӕджы уӕлахизӕй ӕрыздӕхой сӕ бинонтӕм, фӕлӕ сыл кӕд афтӕ тынг тыхсынц, уӕд, ам, уынгты рацу-бацу кӕнгӕйӕ, ахӕм ныхӕстӕ парахат кӕныны бӕсты цӕмӕннӕ ацӕуынц уырдӕм ӕмӕ сӕ фарсмӕ цӕмӕннӕ балӕууынц?…

Цыфӕнды мӕлӕт, цыфӕнды хӕст дӕр ӕнамонддзинад у. Цыфӕнды мӕлӕт, цыфӕнды хӕсты дӕр политикон пайда агурын та – цъаммардзинад!..

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.