Æрæджы, нæ хæстонтæй сæ иу, 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнæг, æрыздæхт Сæрмагонд Æфсæддон операцийæ Запорожьейæ.

Куыд зонæм, афтæмæй июлы райдианæй нырмæ уавæр уæлдай æндыгъддæр уыдис. Уым хæцынц хъæбатырæй фашизмы ныхмæ нæ ирон лæппутæ дæр. Кæд сын алы бон дæр сæ хæстон операциты тыххæй хъуыстам æмæ уыдтам видеоæрмæджыты руаджы, уæддæр бынаты уыцы хæстон цауты чи бахауд æмæ знаджы ныхмæ чи хæцыд, уыцы диссæгтæн æвдисæн чи у, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр факттæ æмæ информаци зоны. Уымæ гæсгæ нæ бафæндыд йемæ сæмбæлын æмæ бæстондæрæй аныхас кæнын.

– Цы у дæ бон зæгъын, Украинæйы Сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй. Цы дзурынц бынаты конфликт æрбæстон кæныны фæдыл æмæ Украинæмæ цы фидæн æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй дæ хæстон æмбæлттæ?

– Сусæггаг нæу, ацы хæст кæй расидтысты ныгуылæйнаг бæстæтæ æмæ АИШ-ы бæрзонд бынæтты чи бады, уыцы политиктæ. Уыдон фæндыд, цæмæй Украинæйæ саразой сæхицæн политикон хъæзтыты бынат. Абон зын зæгъæн у, цас ахæсдзæнис хæст æмæ йын цы фæстиуджытæ уыдзæнис, уый. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Украинæйы адæм сæхæдæг аскъуыддзаг кодтой сæ хъысмæт. УФ цы регионты хæдбардзинад банымадта, уыдонæн сæ фидæн уыдзæн хорз.

Ныртæккæ Уæрæсейы æфсад Украинæйы архайы, цæмæй тыхми баурома æмæ ситуаци фæстæмæ сабырадон фæндагмæ аздаха. Донбассы цы цаутæ æрцыд, уыдон алчи дæр лæмбынæгдæр куы зонид, уæд фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæ æппындæр азым нæ хæссиккой Уæрæсемæ. Фæлæ сæм куыд æмбæлы, ахæм рæстаг информаци нæй. 8 азы размæ, уым, ныгуылæн бæстæты амындмæ гæсгæ раппæрстой, демократон æгъдауæй æвзæрст сæм  цы хицауад уыд, уый. Националистон тыхтæ сидтысты украинæгтæм, цæмæй уы-ыссаг цæрджыты марой. Сусæг дæр æй нæ кодтой, æртыккаг рейхимæ сæ дадатæ æмгуыст кæй кодтой. Активонæй пайда кодтой уыцы азты нацистон символикæйæ. Райдыдтой адæмы нæмын æмæ марын. Донбассы цæрджытæ сыстадысты сæ бинонтæ æмæ сæ хæдзæрттæ хъахъхъæнынмæ. Расидт æрцыдысты Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæ.

Æмбарын хъæуы уый дæр æмæ Донбассы цæрджытæн сæ нысан нæ уыд, Украинæйæ рахицæн кæнын. Уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты сабыр цæрæг, кусæг адæм, шахтертæ. Уым службæгæнгæйæ æз куыд бамбæрстон, афтæмæй уыдон дард уыдысты политикæйæ. Фæлæ куы фæзынд, сæ æрвылбонон царды уагмæ сын чи бацагайдта, ахæм тыхтæ, æнæаххос адæмы куынæг кæнын куы райдыдтой, уæд сын æндæр гæнæн нал уыд – хъуамæ сæхи бахъахъхъæдтаиккой.

Алы адæймагæн дæр ис, йæхи йæ зæхх, йæ бинонты бахъахъхъæныны бар. Сабырадон референдумæн, адæмы сабыр фæндонæн хицауад дзуапп куы дæтта нæмгуытæй æмæ сармадзантæй, уæд уый у антиадæмон хицауад. Æфсад сабыр адæмы ныхмæ куы хæца, уæд уыцы бæстæйы цæрæг адæмæн свæййы æнæуынон æмæ æцæгæлон.

Æз нæ зæгъдзынæн,  æмæ УФ-йы æфсадæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кодтой райдайæны. Фæлæ цадæггай бамбæрстой, марынмæ сæм кæй не ‘рбацыдыстæм. Нæ нысан сæ бахъахъхъæнын кæй у æмæ нæм се ‘ргом раздæхтой.

Мах дæр тынг бафæлладыстæм, фæлæ службæ кæндзыстæм кæронмæ, ца-лынмæ нæ сæр хъæуа, уæдмæ. Æнæмæнгхъæуæг у куыдтагъддæр хæстон архайдтытæ æруромын, дыууæрдыгæй дæр диалог райдайын. Мах не ‘мбарæм,  официалон Киевы сабырадон бадзырдтæ цæмæннæ фæнды. УФ кæй хæдбардзинад банымадта, уый фæстæ та йæхи паддзахадмæ кæй райста уыцы адæмы хъахъхъæндзæнис кæронмæ. Фыццаджыдæр хъæуы хъуыды кæнын хи амбицитыл нæ, фæлæ адæмы цард бахъахъхъæныныл.

P.S. Авторæн йе ‘ввахс адæймаг у, ацы хъуыдытæ нын чи раргом кодта, уыцы сахъ лæппу. Нырма йæ нæ фæнды йæ ном раргом кæнын. Радтæм ын уыцы бар…

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.