74-аздзыд Джиоты Асиат къорд азты куыста медицинон хойæ тагъд æххуысы станцы. Цæмæй зыдта, кæддæр йæхи æх-хуысы сæр куы хъæуа, уæд æм «Тагъд æх-хуыс» цæугæ дæр не ‘рбакæндзæнис.

Асиатæн Аллæйæ дарддæр сывæллон нæ уыд. Уый дæр йæ мады професси равзæрста. Асиаты цардæмбал цалдæр азы размæ фæхъуыд. Августы райдианы Остъаты Аллæ йæ сывæллæттимæ иумæ уыд Знауыры районы Уелиты хъæуы. «Æртыккæгæм августы Убиаты æхсын райдыдтой ставдкалиброн нæмгуытæй гуырдзиаг хъæу Нулы ‘рдыгæй. Æхстытæ æввахсæй-æввахсдæр хъуысын райдыдтой æмæ мæ сывæллæттæ старстысты. Сывæллæтты фыд æмæ йе ‘фсымæр сфæнд кодтой мах æдасдæр ранмæ акæнын. Æрдæгæхсæв ме ‘нахъом æртæ сывæллонимæ хъæд-хъæд нæ ных сарæзтам Цъунары хъæумæ», – дзуры Аллæ.

Уыцы бонты Зары фæндагыл горæттаг сывæллæтты эвакуаци кодтой Цæгат Ирыстонмæ. Аллæ дæр йæ сывæллæттимæ баиу ис колоннæмæ. Хуссар Ирыстонæй лигъдон бинонтæй цалдæр æрбынæттон сты Цæгат Ирыстоны Къостайыхъæуы хъæууон администрацийы бæстыхайы.

8-æм августы гуырдзиаг фашисттæ горæтмæ куы æрбаирвæзтысты, уæд Аллæ тынг старст йæ мадæн: «Цæгат Ирыстонæй Цхин-валмæ цыдысты «Тагъд æххуыс»-ы машинæтæ. Æз сын ныллæгъстæ кодтон, цæмæй мæ семæ акæной. Мæ сывæллæтты æнæзонгæ адæмимæ ныууагътон æмæ райсом 6 сахатыл ратындзыдтон мæ мадмæ. Зары фæндагыл цæугæйæ æхстыты бын фестæм. Тынг тарстысты «Тагъд æххуыс»-ы кусджытæ дæр, фæлæ сæ шофыртæ фæстæмæ аздæхын дæр сæ сæрмæ нал хастой.  Къусреты фæндагыл æрхызтыстæм горæтмæ», – æрымысы Аллæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй горæтмæ æрбафтгæйæ, йæ цардæмбал Константины фæрцы фæхæццæ ис йæ мадмæ, Плиты Харитоны уынгмæ. Интенсивон æхстытæй мад æмæ чызг сæхи бааууон кодтой хæдзары ныккæнды. Иунæгæй тарстысты æмæ сфæнд кодтой сыхæгтæй искæйты бацагурын. Куыддæр сæ хæдзары къæсæрæй рахызтысты, афтæ уадид райхъуыст егъау срæмыгъд. Аллæ фæкаст йæ мады ‘рдæм æмæ  ауыдта, йæ мадæн йæ тугтæ кæй кæлынц. «Сыхæгты хæдзарыл сæмбæлд ставдкалиброн нæмгуытæ æмæ уырдыгæй цалдæр схъисы ныссагъд мæ мады буары. Æз æм балыгътæн æмæ йæ мæ хъæбысмæ сисыныл ацархайдтон. Уый ма мын лæгъстæ кодта, ныууадз мæ, зæгъгæ, дæхи бааууон кæн æмæ дæ сывæллæттыл ахъуыды кæн». Мæ хъæрмæ сыхæгтæй чидæртæ рахызт, баххуыс мын кодтой мæ мады ныккæндмæ бахæссынæн. Йæ уавæр æвзæрæй æвзæрдæр кодта, домдта, цæмæй йæ фæстæмæ йæхи хæдзармæ бахæссæм. Сыхæгты æххуысæй та йæ фæстæмæ бахастам нæхи хæдзармæ», – зæгъы Аллæ.

Уыцы бон ныппырх Остъатæн сæ хæдзар дæр. Хæдзары сæр фегом, рудзгуыты æвгтæ нызгъæлæн сты. Пырх хæдзары бадтис Аллæ йæ удисæг мадимæ. Дыккаг бон, 10-æм августы, сылгоймагмæ æрбакодтой «Врачи без границ»-ы дохтырты. Уыдон Аллæйæн бамбарын кодтой, сæ бон ын баххуыс кæнын кæй нал бауыдзæн.

Аллæ йæ мады мард ныххаста ныккæндмæ. Дыууæ боны иунæгæй фæбадтис йæ уæлхъус. Сыхæгтæ иууылдæр фæлыгъдысты æдасдæр бынæттæм. 12-æм августы Остъаты мыггагæн сæ бон ссис сæ чындзы мард йæсыджытыл сæмбæлын кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.