2022 азы мартæй фæстæмæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг, снайперты взводы командир  Саулохты Чермен Барисы фырт хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. Хæстон у 2015 азы Цæгат Кавказы Суворовы æфсæддон ахуыргæнæндоны  æмæ 2019 азы Мæскуыйы иумиагæфсады командон ахуыргæнæндоны рауагъдон.

Взводы командир, лейтенант Саулохы фырт хъахъхъæдта  уæрæсейаг æфсæдты дæлхæйтты размæ цæугæйæ. Хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы хæстонтæ сбæрæг кодтой  ныхмæлæууæджы диверсион къорды. Чермен саргъ кодта уавæрæн æмæ райста уынаффæ сусæгæй украинæйаг хæстонты позицитæм бацæуын æмæ сæ æнæнхъæлæджы сатакæ кæнын. Лейтенанты взвод бацахста æдас позицитæ æмæ сæ уый фæстæ æхсын райдыдтой. Знæгтæй фæмард бирæ, иннæ украинæйаг  æфсæддон службæгæнджытæ та сæхи радтой уацары. Бафарсты рæстæджы уыдон загътой сæ артиллерийы позицийы бынат. Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ сарæзтой развæдсгæрст бацамынд бынаты æнæпилотоны æххуысæй, сбæрæг кодтой знæгты техникæ æмæ йæ авиацæф ныккодтой. Уый фæстиуæгæн къухты бафтыд цыппар хæддзæугæ артиллерион ифтонгады, аст автомобилы æмæ 20 ныхмæлæууæгæй фылдæр скуынæг кæнын. Саулохы фырты сæргълæудæй взводы раст архайдтытæ баххуыс кодтой уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты ныхмæ знæгтæ цы провокацитæ цæттæ кодтой, уыдон аиуварс кæнынæн.

Саулохты Чермен хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй уыцы хъайтардзинады тыххæй.

«Мæнæн ацы истори уæлдай æхсызгондæр у: Чермен мæ хæрæфырт у, йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ зонын. Хæрзæвзонг лæппуйæ аскъуыддзаг кодта Суворовы ахуыргæнæндонмæ бацæуын æмæ æфсæддон суæвын. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз дæр йæ уынаффæйы фарс рахæцыдтæн», – ныффыста йæ Телеграм-каналы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

***

Чилæхсаты Заза
Чилæхсаты Заза

Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины Барамындæй ирыстойнаг Чилæхсаты Заза Зауыры фырт  дæр хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг сахаттæй фæстæмæ РЦИ-Аланийы горæт Алагиры цæрæг, кæстæр сержант Чилæхсаты Заза хæцы Херсоны здæхты Уæрæсейы Гарзджын тыхты къорды сконды, иууыл ныгуылæндæр арæнты паддзахады территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет хъахъхъæнгæйæ. Хицæнæй ской кæнын хъæуы Зазайы фыд, милицийы старшинæ, Хъæбатырдзинады ордены (йæ амæлæты фæстæ) кавалер Чилæхсаты Зауыры тыххæй. Алагиры районы мидхъуыддæгты управленийы патрулон-постон службæйы хайады командир Чилæхсаты Зауыр хъæбатырæй фæмард 2002 азы 21 июны, донивылды рæстæджы цæрджыты эвакуаци ифтонг кæнгæйæ. Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынæн фæлтæрты фæд-фæдылондзинад. Зазайæн нæ зæрдæ зæгъы æфсæддон æнтыстытæ æмæ сабыр арвы бын цæрын.

***

Темыраты Тамерлан
Темыраты Тамерлан

Ирыстойнаг хæстон Темыраты Тамерлан Александры фыртæн саккаг кодтой Суворовы майдан. Сержант хорзæх райста Уæрæсейы президенты Барамындæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй. Æф-сæддон службæгæнæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй фæстæмæ.

БУТЪАТЫ ÆХСÆРТÆГÆН – РИУЫЛДАРÆН НЫСАН

Бутъаты Æхсæртæг

Цæгатирыстойнаг хæстон, ефрейтор Бутъаты Æхсæртæг Сосланы фырт хорзæхджын æрцыд риуылдарæн нысан «За отличие в службе в особых условиях»-æй Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъайтардзинады тыххæй. Æхсæртæгыл цæуы 20 азы. Уый у горæт Беслæны цæрæг. Ацы риуылдарæн нысан лæвæрд цæуы æфсæддон уавæрты службæйы æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кæныны рæстæджы бæрзонд бæрæггæнæнтæ равдисыны тыххæй.

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД «ЗА ВОИНСКУЮ ДОБЛЕСТЬ»-ы МАЙДАНÆЙ

 

Бестауты Игорь
Бестауты Игорь

УФ-йы Хъахъхъæнынады министры Барамындæй Бестауты Игорь Мураты фыртæн саккаг кодтой 2-аг къæпхæны «За воинскую доблесть»-ы майдан Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Ацы майданæй хорзæхджын цæуынц æфсæддон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы равдисгæ хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинады, афтæ ма æндæр лæггæдты æмæ æфсæддон цæттæдзинады тынг хорз бæрæггæнæнты тыххæй.

САККАГ ЫН КОДТОЙ «ЗА БОЕВЫЕ ОТЛИЧИЯ»-йы МАЙДАН

Дриаты Тимур

Цæгат Ирыстоны Комсомольскоейы хъæуы цæрæг Дриаты Тимур хорзæхджын æрцыд «За боевые отличия»-йы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ удуæлдайдзинады тыххæй. Æфсæддон службæгæнджытæн УФ-йы хъахъхъæнынады министрады майдан «За боевые отличия» лæвæрд цæуы хæстон архайдтыты æмæ цардæн тæссаг уавæрты сæрмагонд æфсæддон операциты уæндон æмæ фæндвидар архайдтыты тыххæй.