Сергей Меняйло: сæрыстыр дæн хæстонтæ-бархионтæй

УФ-йы Президент Владимир Путины барамындæй бархион къордтæ «Алани» æмæ «Шторм.Осетия»-йы хæстонтæ хорзæхджын æрцыдысты бæрзонд паддзахадон хорзæхтæй. Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта хæстонты Запорожьейы областы æмæ бæстæйы президенты номæй хорзæхтæ радта хæстонтæн.

«Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уе службæйæн уын стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй. Зонын æй, ацы хорзæхтæ æнцонтæй кæй нæ дæттынц, уый. Сымах иууылдæр стут хорзæхты аккаг. Сæрыстæр уæ стæм!», – загъта Сергей Меняйло. Сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ разы æвæрд хæстæ æххæст кæныны рæстæджы хъайтардзинад равдисыны тыххæй «Шторм.Осетия»-йы къорды командир Цгъойты Игорæн (йæ фæсномыг «Король») саккаг кодтой Хъæбатырдзинады орден. Ноджы ма къорд хæстоны та хорзæхджын æрцыдысты «За отвагу»-йы майдантæй.

«Алкæцы хæстоны дæр зо-нын хорз. Уыдон иууылдæр кадимæ æххæст кæнынц се ‘фсæддон хæс. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ нæ бархионтæ тох кæнынц сæ бæстæйы сæрибардзинадыл, хъахъхъæнынц сабыр цæрджыты», – фыссы Меняйло йæ телеграмм-каналы.

 

Мæрзойты Аркадийæн – Александр Невскийы орден

22-æм æфсæддон корпусы командир, инæлар-лейтенант Мæрзойты Аркади Уæрæсейы Федерацийы президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орденæй. Мæрзойы фырт у æфсæддон инæлар, Уæрæсейы Гарзджын тыхты æфсæддон хистæртæй иууыл фæлтæрдджындæртæй иу, æфсæддон династийы минæвар. 2021 азы Мæрзойты Аркади нысан æрцыд Хъырымы 22-æм æфсады корпусы командирæй. Инæлар-лейтенанты къухдариуæгады бын хъырымаг корпус тохтимæ ацыд 100 километрæй фылдæр сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг боны фæудмæ æмæ байгом кодта цæгатхъырымаг къанауы шлюзтæ æмæ æрдæгсакъадахæн  радта бирæ азты дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы дон.

 

***

58-æм æфсады æфсæддон службæгæнæг Зассеты Мадинæ Шаликъойы чызг хорзæхджын æрцыд Сыгъдæг Георгийы – 4-æм къæпхæны Георгийы дзуарæй. Бæрзонд хорзæх ирон сылгоймагæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы президенты барамындæй.

 

***

Хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнæг Дзигойты Сослан Ромикы фырт хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй. Суворовы майданæй хорзæхджын цæуынц æфсæддон службæгæнджытæ, Фыдыбæстæ æмæ Уæрæсейы паддзахадон интерестæ хъахъ-хъæныны рæстæджы сæрмагонд æхсардзинад равдисыны тыххæй.

 

***

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг, Цæгат Ирыстоны Зилгæйы хъæуы астæуккаг скъолайы 2011 азы рауагъдон Уæлыгæсты Арсен Саукуыдзы фыртæн саккаг кодтой Лука Крымскийы майдан, æмбæстæгты æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы йæ лæггæдты, хæстон архайдтыты рæстæджы цæф хæстонтæн медицинон æххуыс бакæныны тыххæй.

 

***

Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины барамындæй РЦИ-Аланийы Эльхоты хъæуы цæрæг Хуыбылты Арсенæн саккаг кодтой УФ-йы паддзахадон хорзæх цирхъытимæ 2-аг къæпхæны «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тыххæй» майдан, Харьковы цур горæт Александровск сæрибар кæныны рæстæджы æхсардзинад æмæ уæндондзинад равдисыны тыххæй, – хъусын кæны Эльхоты хъæуы бынæттон администраци. «Хуыбылы фырт капитаны цины, ротæйы командиры бынаты, горæт Александровск сæрибар кæныны рæстæджы равдыста æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ, – банысан кодтой администрацийы.

Хуыбылты Арсен – профессионалон æфсæддон  фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад исы хæстон архайдтыты сæрмагонд æфсæддон операцийы  зонæйы. Фæцис уæззау цæф. Йæхицæн хос кодта Бурденкойы номыл Мæскуыйы медицинон центры. Цалдæр операци саразыны æмæ дæргъвæтин реабилитацийы фæстæ ногæй æрбаздæхт хæстон архайдтыты зонæмæ. Арсенæн уый у дыккаг хорзæх сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы.

 

***

Цæгатирыстойнаг хæстон Сохиты Аслан Батрадзы фыртæн саккаг кодтой цирхъытимæ 2-аг къæпхæны «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тыххæй» майдан. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон архайдтыты  хайад исы фыццаг бонтæй фæстæмæ.

 

***

Цæгат Ирыстоны Октябры хъæуы цæрæг, медицинон батальоны æфсæддон службæгæнæг Багаты Темуры схорзæхджын кодтой «За спасение погибавших»-ы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы æхсардзинад равдисыны тыххæй. Ацы майдан фидар æрцыд 1994 азы. Хорзæх лæвæрд цæуы хисæрмагонд цардæн тæссаг экстремалон уавæрты адæмы аирвæзын кæныны тыххæй. Сержант Багайы фырт УФ-йы Гарзджын Тыхты службæ кæны 20 азæй фылдæр. Хорзæхджын ма у æндæр ведомствойон хорзæхтæй дæр.

 

***

Цæгатирыстойнаг хæстон Чехойты Эрик Савелийы фырт хорзæхджын æрцыд æртæ майданæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæныны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадон интерестæ хъахъхъæныны фæдыл тохты равдисгæ удуæлдайдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы фыццаг бонтæй фæстæмæ.

Сæрыстыр уæ стæм!

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.