Дзулфыцæн комбинат цы продукци уадзы, уыдонмæ фæстаг рæстæджы бафтыд ноджы иу – дзулы иу ног хуыз.

Бынæттон мæнæуæй дзулфыцæн комбинат кæнын райдыдта дзул, задын, уадзы къуымæл. Продукци цæттæ цæуы Знауыры районы Бехъмар æмæ Мугуты хъæуты æркæнгæ тыллæгæй. Мæнæукуыстгæнæг арендатортæ хъаст кодтой, сæ æркæнгæ тыллæг сын кæй ничи æлхæны, æмæ æнæфтиаг кæй фæвæййы.

«Бынæттон хæдзарадтæй хæрзгъæд тыллæг чи æркодта ацы аз, уыдонæй нæм цалдæрæй æрбахатыдысты, цæмæй сын балхæнæм сæ мæнæу. Мæнæу ссынц, бынæтты цы куыройтæ ис, уым. Цы ссад æркодтам, уый сортыл нæ ныддихтæ кодтам, рауад ставд лæхурд. Уымæй цы дзул кæнæм, уымæн рецепт æрымысыдыстæм нæхæдæг. Ставд лæхурд ссадмæ баиу кодтам зады ссад æмæ дзы рауад диссаджы хæрзад дзул. Нырма уал, ацы бынæттон ссадæй суткæйы мидæг комбинат уадзы 200 иуæджы бæрц», – загъта дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим.

Уымæй дарддæр ма комбинат бынæттон продукцийы бындурыл ныр дыккаг мæй уадзы ирон адæмы къæбицы рагæй зындгонд задын. Уазал къуымæл дæр кæдфæндыдæр балхæнæн ис дзулфыцæн комбинаты. Уый дæр уадзынц бынæттон, экологион æгъдауæй сыгъдæг продуктæй. Аразæм æй æнæ сой æмæ сæкæрæй. Адджын ад ын дæтты зад. Къуымæл дæр цæттæ цæуы бынæттон ссадæй æнæ æфтауæнтæй.

Куыд зонæм, афтæмæй Дæллаг Зæрæмæджы таможнæйы сæвзæрд проблемæ уæзласæн машинæтæн, кæцытæ хæлцадон продукттæй ифтонг кæнынц республикæйы. Уый баст у Евразиаг таможнæйон цæдисы закъондæттынады фæтктимæ, кæцы нæ амалиуæггæнджытæн у зын æххæстгæнæн. Къуырийæ фылдæр бирæтæ сæ уæзтимæ лæууынц ныртæккæ дæр таможнæйы.

Мах бацымыдис кодтам, дзулфыцæн комбинатыл ацы уавæр бандæвта æви нæ, уымæ. Уый фæдыл нын Цхуырбаты Вадим загъта, зæгъгæ, комбинатыл таможнæйы сæвзæргæ проблемæ нæма бандæвта. Комбинатæн алы хатт дæр, вæййы фæсауæрцтæ, ссад, цæхх æмæ ма ноджы цы хъæуы, комбинаты куыстæн, уыдонæй. Фæсауæрцтæн стыр æфтауцдæттæ арæзт æрцыд, комбинатæн ног  агъуыст арæзт куы æрцыд, уæд.

Комбинат дзулæй канд горæты цæрджыты нæ ифтонг кæны, фæлæ ма Уæ-рæсейы æфсады 4-æм базæ æмæ арæнхъахъхъæнджыты заставæты дæр. Ласынц æй республикæйы бирæ рæттæм дæр. Дзауы райцентрмæ алы бон дæр ласынц дзул. Къуайса æмæ Знауырмæ та – къуыри цыппар хатты. Ленингормæ æмæ йæ хъæутæм – къуыри 2-3 хатты. Цхинвалы районы хъæутæм – арæхдæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.