Нæ фыдæлтæ хуыздæр арфæйæн дзæгъæлы нæ дзырдтой «Донарæхæн – дæ цард». Фæлæ уыцы арфæйы хорзæх нæ хæццæ кæны Бехъмар æмæ Зæдбадæны хъæутæм. А-фæстаг азты мит бирæ бæрцæй нал уары, хус рæстæг кæй ахæссы, уымæ гæсгæ суадæттæ сур кæнынц. Адæм, зайæгойтæ та куыд æнæ уæлдæф, афтæ æнæ донæй нæ уæвынад кæнынц.

Ацы аз 23 июлы №89 газет «Хурзæрин»-ы уыд уац ахæм сæргондимæ «Донхъуаг хъæуты хæрзиуæгæн». Уым дзырдæуыд: «Мах кусæм республикæйы хъæуты доны цухдзинады пробле-мæ планбæрцонæй аскъуыддзаг кæныныл, фæлæ фарст домы комплексон ахаст æмæ мах æввахс бацыдыстæм æххæст программæ саразыны фарстмæ. Хъæууон цæрæн пункттæ нуазыны æмæ донхæргæнæн донæй сифтонг кæнын у, мæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы районты, цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны ахс-джиаг фарстытæй сæ иу», – загъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, цы кусæгон æмбырд уагъта, уым. Йæ ныхасмæ ма бафтыдта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у информаци æрæмбырд кæнын проблемон цæрæн пунктты фæдыл, бынаты анализ скæнын уавæрæн æмæ уæ фæндæттæ æрбавдисын хицауадмæ. Раст загъта Хицауады Сæрдар, цæрджыты донæй ифтонг кæнын ахсджиаг фарста кæй у, уый фæдыл. Хъæуы цæргæйæ дæ бон æмæ дæ фадат куыд у, уымæ гæсгæ хъуамæ змæлай, дарай фос, мæргътæ, дæ цæхæрадон кусай!  Халсæрттæ, дыргътæ æлхæныны тыххæй хъæууон лæгæн базармæ цæуын сæрмæхæссинаг нæу,  магусайы нысан у. О, фæлæ  дæ куыст, дæ фыдæбонæй тыллæг куынæ исай, уæд зæрдæ нал райы, уонг нал тасы бакусынмæ æмæ йæ  фæнды – нæ фæнды, уæддæр йæ фæндаг базармæ акæны.

Хи стауыны тыххæй нæ зæгъын, фæлæ мæ ас кармæ нæ кæсгæйæ, куыстмæ зивæг нæ кæнын – фезмæл æмæ дын уа. Бæргæ байтауын нартхор, хъæдур, картоф, хъæдындз, нас, джитъри, пъамидор, фæлæ сæ ласгæ донæй цас тыллæг хъуамæ райсай? Нæ суадоны дон басур. Дыууæ раны ныбур ныккодтон паддзахадон уагдон «Мелиораци»-йы фæрцы 26-гай метры æрфæн. Иу ран дзы бынтондæр не  сзынд дон, иннæ ран ын райдианы ницы уыд, парахатæй дзы нæ пайда кодтон, фæлæ джитъритæ, пъамидорты фаг кодта. Ныр 20-30 литр доныл банцайы. Цы æхца бафыстон сæ бур кæнæггаг, уыдон дæр æнæхъуаджы фесты. Хуыцау, хорз ракæнæт Знауыры райадминистрацийы сæргълæууæгæн, мæ тыхст ын куы бамбарын кодтон, уæд мын донласæн машинæ  йедзагæй æрбарвыста. Уымæй къух фæрог, фæлæ-иу ласт дон цасы фаг у?

Чъехы донхæргæнæн къанау Арчънеты хъæуы онг хæццæ кæны, уырдæм та Зæдбадæны хъæу æввахс у – æнцон æрбауадзæн. Иннæмæй Бехъмар æмæ Зæдбадæны хъæуты астæу цæуы Пронейы дон æмæ хорз уаид, хъæуы сæрмæ резервуар арæзт куы æрцæуид æмæ донцъирæны руаджы йедзаг куы цæуид. Хъорнисы хъæуы сæрмæ Еграйæ дæр дон рауадзыныл рагæй цæуы дзырд, фæлæ дзы хъуыддаджы ницы зыны.

Исты мадзæлттæ æввахс рæстæджы ист куы ‘рцæуид, уæд хъæуы цæрджытæ сæ тыхст уавæрæй фервæзиккой æмæ сæ куыстытæм зæрдæ раид…

ЧЕХОЙТЫ Вася

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.