Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы бахæсмæ гæсгæ, Экономикон рæзты министрад анализ сарæзта хæлцадон продуктты æргътæн сæргай æмæ оптон-базарадон объектты, цæмæй хъусдард здæхт æрцæуа карантины рæстæджы продуктты æргъты рæзтмæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй Экономикон рæзты министрады Æргъты рæзты æмæ фæлхасадон базар бæстон кæныны управленийы кусджытæ Генералон прокуратурæйы минæвæрттимæ иумæ ауагътой радон мониторинг цардæн æнæмæнгхъæуæг продуктты æргътæн, ахæмтæн, куыд ссад, сæкæр, æйчытæ, крупæтæ, картоф, фæткъуытæ, дзидза-æхсыры продукцийы æргътæн.

«Æрвылкъуыри дæр горæты æппæт районты стыр магазинты цы мониторинг ауагъдæуы, уый фæстиуджытæ фенын кодтой цардæн æнæмæнгхъæуæг продуктты æргъты рæзт карантины рæстæджы, растдæр зæгъгæйæ та – мартæй августмæ, астæуккаг нымадæй у 17,6 проценты», – фехъусын кодта премьер-министр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, банысангонд рæстæджы æргътæ рæзынц Цæгат Ирыстон-Аланийы дæр, уыдонæй иуæй-иуты æргътæ, Хуссар Ирыстоны æргътимæ абаргæйæ, сты зынаргъдæр. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны фæткъуыты аргъ мартæй августмæ фæфылдæр 24,1 проценты, Цæгат Ирыстоны та – 50,5 проценты, картофы аргъ РХИ-йы – 34,4 проценты æмæ РЦИ-йы та – 50 проценты, гречкæйы РХИ-йы – 20,3 проценты, РЦИ-йы та – 40 проценты.

Уыимæ иумæ ма нысан æрцыд, зæгъгæ, цардæн æнæмæнгхъæуæг продуктты æргътæ Дзæуджыхъæуимæ абаргæйæ, Цхинвалы не сты 21 процентæй зынаргъдæр.

Фæстаг мониторингы фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы ауагъдæуыд ацы къуыри, æргътæ сты ахæм: РХИ-йы хурмæзилæджы зетийы аргъ астæуккаг нымадæй у 90,8 сомы, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы – 79,6 сомы, сæкæры аргъ – 36 сомы, Цæгат Ирыстоны та – 33 сомы, карчы æйчытæ Хуссар Ирыстоны – 6 сомы, Цæгат Ирыс-тоны та – 5,5 сомы, карчы дзидза -159 сомы, Дзæуджыхъæуы та – 125,3 сомы. Уыимæ иумæ ма, раздæр куыд фехъусынчындæуыд, афтæмæй республикæйы Парламенты минæвæрттæ фыстæг арвыстой Хицауады Сæрдармæ, цыран фыстой, зæгъгæ, Дзæуджыхъæуимæ абаргæйæ, Цхинвалы æргътæ сырæзтысты 200-300 про-центы.

Вице-премьер куыд банысан кодта, афтæмæй æргъты динамикæйыл æндавы, Уæрæсейы Федерациимæ арæныл уæзтæ цасдæр рæстæджыты кæй баззайынц, уый дæр. Йæ ныхæстæм гæстæ, ацы фарст аскъуыддзаг кæныны фæдыл Хицауад кусы этапгай цæгат-ирыстойнаг таможнæйон службæйы къухдариуæгадимæ иумæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.