Президент Бибылты Анатоли фембæлд Донецкы Адæмон Республикæйы медицинæйы фадыджы бæрзондквалификациджын специалисттæ – горæт Макеевкайы психиатрон рынчындоны сæйраг дохтыр Елена Бабура æмæ йæ хæдивæг Инна Расторгуеваимæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æнгом æмархайад Донбассы республи-кæтимæ, æмæ загъта, зæгъгæ, дарддæр дæр уæрæх кæн-дзысты дыууæварсон бастдзинæдтæ.

«Стыр бузныг уын, сымах кæй æр-цыдыстут æмæ уæ профессионалон фæлтæрддзинад кæй лæвар кæнут. Æппæт ацы къах-дзæфтæ здæхт сты нæ адæмты хæрзиуæгæн. Нæ республикæты ‘хсæн ахастыты рæзт у дарддæр нæ адæмтæ æрбангом кæныны бындур. Нæ ахуыргæнæн æмæ медицинон уагдæттæ бирæ иумæйаг проекттæ среализаци кодтой æмæ уый у æхсызгон хъуыддаг», – загъта уый.

Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта Украинæйы алыварс сæвзæргæ политикон уавæрмæ æмæ банысан кодта, æппæт уыдæттæ здæхт кæй сты Уæрæсейы Федерацийы фæлæмæгъдæр кæнынмæ.

«Нæ республикæтæн ахсджиаг у кæрæдзийæн æххуыс кæнын æппæт фадгуыты: медицинæйы, ахуырады, спорты, культурæйы – нæ æмархайды æппæт здæхтыты», – загъта уый.

Йæ рады Елена Бабура бузныджы ныхæстæ загъта хъарм химæрайсты тыххæй.

«Мах æхсызгонæй дæтдзыстæм нæ фæлтæрддзинад. Сымахмæ ис хорз психологон базæ, хорз квалификациджын кусджытæ. Иумæйагæй, махæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ къухты бафтдзæн не ‘мбæстæгты пси-хикон æнæниздзинад, фæрныгад, уды æнцойдзинад хуыздæр кæнын, кæцытæ цæрдзысты æмæ цардыл цин кæндзысты», – загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы адæмты ‘хсæн хæлардзинады æмæ æмгуыстады ахастытæ фидардæр кæныны хъуыддаджы сæ лæггæдты, афтæ ма Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн практикон æххуысы тыххæй Бибылты Анатоли уазджыты схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.