Хуссар Ирыстоны уæрæх банысан кодтой Сывæллæтты хъахъхъæныны бæрæгбон.

Президенты цур Сывæллоны барты фæдыл æвджиддар  Джиоты Аэлитæ æмæ Президенты æххуысгæнæг Плиты Алан паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы номæй  Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн иурæстæгон бафыстытæ радтой Украинæйы Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы фæмардуæвæг хæстонтæ æмæ бархионты бинонтæн. Материалон æххуыс сывæллæттæн бахастой сæ хæдзæрттæм.

Донецк æмæ Дзæуджыхъæуы цы бинонтæ цæрынц – Къораты, Багаты æмæ Бестауты бинонтæ, уыдонмæ та йæ хынцгæ акодтой.

Президент Гаглойты Аланы номæй иурæстæгон бафыстытæ райстой, Сывæллæтты хъахъхъæныны бæрæгбон цы сабитæ райгуырд, уыдоны бинонтæ дæр.

«Президент Гаглойты Аланы хæс æххæстгæнгæйæ,  Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн арфæ кæнæм ноггуырдтæн æмæ сæ ныййарджытæн – Уалыты æмæ Гæджиты бинонтæн», – загъта Джиоты Аэлитæ.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй сывæллæттæй иу райгуырд бæрæгбоны хæдразмæ, иннæ та – 1 июны.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.