Сывæллæтты райгуырды тыххæй иурæстæгон компенсаци фæфылдæр 5 мин сомæй 10 мин соммæ.

Ацы хъуыддаджы инициатор уыд  РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Ныры онг фарстыл куыст цыд æмбæлон органты.

Æрæджы Хицауады æмбырды уынаффæ райстæуыд, цæмæй 2018 азы январы мæйæ  нæ республикæйы территорийыл цы сабитæ райгуырд, уыдон иурæстæгон компенсаци суа 10 мин сомы.

Ацы æмæ æндæр социалон нысаниуæджы фарстаты фæдыл нын лæмбынæгдæр радзырдта Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ.

«2018 азы январæй сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон æххуыс ссис 10 мин сомы. Нырмæ, 2018 азы райдианæй 5 мин сомы чи райста, уыдонæн дæр нымад æрцæудзысты, цы фæндзгай мин сомтæ ма сæм æмбæлы, уыдон. Афтæ ма фыст æрцæудзысты, сывæллоны райгуырдæй афæдз æмæ æрдæгмæ ныййарæг цы 2 мин сомтæ хъуамæ иса æрвылмæй, уыцы фиддонтæ дæр. Нырмæ уыцы суммæ фыст цыд æрмæстдæр æртыккаг сывæллонæн, фæлæ нæ бæстæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ дыгай мин сом исдзысты дыккаг сывæллоны тыххæй дæр. 18 азмæ алы сывæллонæн дæр цы 200 сомы фыст цыд æрвылмæй дæр, уый баззад æнæаивгæйæ», – зæгъы Сиукъаты Наирæ.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сабийæн йæ райгуырдæй 6 мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ алкæцы ныййарæг дæр йæ гæххæттытæ бавдиса, фыст кæм у, уыцы ран социалон хъахъхъæнынады бынæттон хайадмæ.

Министры хæдивæг ма фехъусын кодта, ацы фарстмæ Президент æмæ Хицауад лæмбынæг сæ хъус кæй дарынц. Куыст цæуы æмбæлон органтимæ, цæмæй 2019 азæй сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон компенсаци схиза 16 мин соммæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.