Кæцыфæнды размæцыд бæстæйы дæр уыд, ис æмæ уыдзæн æхсæнады ахæм хай, кæцытæн сæ бон нæу, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, цардимæ æмдзу кæнын. Ахæм фæкæсинаг æххуысхъуаг адæмæн фæхъæуы сæ фарсмæ æрбалæууын, æмæ кæд бирæ нæ, уæддæр сын иучысыл сæ зæрдæтæн æхцондзинад балæвар кæнын. Уый у хæрзиуæгон хъуыддаг æмæ у алкæйы хæс дæр.

Ахæм хъуыддагыл лæуд у ныртæккæ не ‘мбæстаг Джиоты Аэлитæ дæр. Уый ныр цалдæр азы дæргъы кæны хæрзаудæн архайд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ уды арфы кæддæриддæр мæт кодта æвæрæз, рынчын кæнæ сахъатджын адæймæгты уавæрыл æмæ йын уый æнцойад нæ лæвæрдта. Йæ цардвæндæгтыл арæх æмбæлд ахæмтыл æмæ-иу сæ зындзинад  йæ зæрдæйы баззад. Уый йæ баразæнгард кодта æмæ бындур æрæвæрдта социалон æххуысы фæдыл æхсæнадон  змæлдæн. Ацы змæлды сæйраг нысан у, нæ бæстæйы цы æххуысхъуаг адæймæгтæ ис, уыдоны фарсмæ алыварсонæй дæр æрбалæууын. Аэлитæ куыд зæгъы, афтæмæй нæм ахæмты  нымæц цъус нæу æмæ сын кæд республикæйы æмбæлон органты ‘рдыгæй ис æххуыс, уæддæр уый фаг нæ вæййы. «Адæймаджы кæддæриддæр фæфæнды æхсæнады аккаг бынаты йæхи æнкъара,  йæ цинтæ æмæ йæ хъыгты дæр йæ фарсмæ уой хæларзæрдæ адæм. Ахæм моралон æххуыс фылдæрбæрцæй фæхъæуы, иу кæнæ иннæ аххосæгтæм гæсгæ царды чи фæцудыдта, ахæмты. Паддзахадон организацитæ кæд бæрæг материалон æххуыс бакæнынц ахæм æмбæстæгтæн, уæддæр хæрзиуæгон хъуыддаг саразын никуы вæййы бирæ.  Уымæй дарддæр ма зын уавæрты бахауджытæн моралон æххуыс  бакæнын дæр у мæ архайды сæйраг нысæнттæй сæ иу»,- зæгъы йæ хъуыдытæ Джиоты чызг.

Ацы æхсæнадон змæлды Джиоты чызгæн волонтерон æххуыс бакæнынц нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæ  Мулдарты Сашæ, Козаты Аслан, Чочиты Настя æмæ æндæртæ. «Хæрзаудæн архайд райдайгæйæ æз базыдтон, нæ адæмы ‘хсæн кæй ис тынг бирæ рæдаузæрдæ адæм, искæйы зындзинадмæ уæлæнгай цæстæй чи нæ кæсы. Бирæтæ кæд сæхæдæг сæ царды æппæтæй нæ вæййынц райгонд, уæддæр сæ бон куыд у, афтæ баххуыс кæнынц тыхст адæмæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый у тынг хорз миниуæг æмæ ахæм адæмы ‘хсæн цыфæнды уавæрты дæр ис цæрæн æмæ хиуыл хæцæн»,- зæгъы Аэлитæ. Ацы проектмæ раздæхтой сæ цымыдис куыд нæ республикæйы æмбæстæгтæ, афтæ ма республикæйæн æддейæ хæларзæрдæ адæймæгтæ дæр æмæ фæдаргъ кæнынц се ‘ххуысы къух. «Нæ архайды райдайæны нын не ‘мбæстаг ирон лæппу Хæбæлаты Алан, кæцы цæры Барселонæйы, рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ. Мах сæ адих кодтам æмæ сæ байуæрстам æххуысхъуаг бинонтæн. Цæгатирыстойнаг æхсæнадон архайæг Челдыты Вадим та нын æрæджы æрæрвыста сабиты дарæс æмæ уыдон дæр радтам тыхст адæмæн».  Аэлитæ æмархайд кæны республикæйы социалон цардуагон фарстаты фæдыл организацитимæ, уыдонимæ иумæ сбæлвырд кæнынц,  йæ царды уавæртæ кæмæн фæцудыдтой, ахæм бинонты æмæ сын нысанмæздæхтæй баххуыс кæнынц. «Не ‘хсæн кæд ис тыхст уавæрты бахауæг адæймæгтæ, уæд уыдонæй фылдæр та сты, ахæмтæн баххуыс кæнын кæй фæнды.

Фæлæ уыдонæй алчи нæ фæзоны, кæмæн цы амалæй фæхъæуы баххуыс кæнын, кæнæ чи цæуыл тыхсы. Мах нæ архайды æххæст кæнæм, сæйраджыдæр, волонтерон хæстæ, ома, æххуыс кæнын кæй фæнды, уыдон нæм æрбадæттынц сæ фæрæзтæ, æмæ сæ мах адих кæнæм алкæуыл дæр сæрмагондæй. Хъорнисы хъæуы цæрæг Плиты бинотæн ис æхсæз сывæллоны. Кæстæр сабийыл ма цалдæр мæйы куы цыд, уæд карз низы фæстиуæгæн йæ цардæй ахицæн сæ ныййарæг мад æмæ сабитæ баззадысты сæ фыд æмæ сæ нанайы æвджид. Бирæсывæллонджын бинонтæ æййафынц  хъуагдзинæдтæ. Мах сын бацымыдис кодтам сæ царды уавæртæ лæмбынæгдæр базонынмæ æмæ сын æхсæнадимæ иумæ, куыд æхцайы фæрæзтæй, афтæ хæдзары дзаумæттæй дæр баххуыс кодтам»,-радзырдта Аэлитæ.

Ацы проекты фæлгæтты нæ горæты сидзæр сывæллæттæй дæр бирæтæн бакондæуыд æхууыс. Зæгъæм, Джиоты Аэлитæйы хъæп-пæрисæй не ‘мбæстаг Пухаты Ланæйæн балæвар кодтой мобилон телефон, æхцайы фæрæзтæ, афтæ ма йын баххуыс кодтой ив-гъуыд аз проект «Ты супер»-ы хайад райсынмæ ацæуынæн.

Аэлитæйы проекты фæлгæтты, республикæйы Æнæниздзинад Хъахъхъæныны ми-нистрадимæ бадзырдæй,  не ‘мбæстæгтæй бирæтæн баконд æрцыдысты медицинон лæггæдтæ æнæаргъæй. «Æз тынг райгонд дæн, не’хсæнадон архайдмæ Тотчиты Георгийы бæрнджын ахастæй. Георги у, волонтерон архайдмæ аудгæ ахаст чи дары, æмæ сæйраджыдæр та зын уавæрты бахауæг адæмæн æххæстбæрцæй балæггад кæныны хъуыддаг ахсджиаг кæмæн у, ахæм бæрнон кусæг.  Аивгъуыйгæ азы, министрады æххуыссæй æвæрæз адæймæгтæн медицинон басгæрст ауагътой республикæйæн æддейæ æрцæуæг дохтыртæ Чилæхсаты Анжелæ, Джиоты Аннæ, Битеты Ритæ, Гæбæраты Виктория  æмæ æндæртæ.

Ныртæккæ Аэлитæ фæнд кæны йæ архайд рауæрæхдæр кæнын. Уый тыххæй уал, сæйраджыдæр, архайы бынат самал кæныныл. Уымæй дарддæр ма йæм ис, нæ республикæйы сахъатджын адæймæгтæн сæ цард фæхуыздæр кæнынæн ахъаз чи фæуа, ахæм фæндтæ. Æрæджы, йæхæдæг цардæй æфхæрд чи баййæфта, ахæм  мæскуыйаг лæппу æры-мысыд ног компьютерон технологи, кæцы фадат дæтты сахъатджын адæймæгтæн сæ хъуыдытæ цардмæ рахæссынæн. Зæгъæм, дзыхæй чи нæ дзуры, ахæм сахъатджын адæймагæн йæ бон суыдзæн йæ хъуыдытæ клавиатурæйыл ныффыссын æмæ сæ компьютеры системæ йæ арæзтмæ гæсгæ, радæтдзæн зæлтæй, ома, æгомыг адæймаджы бæсты дзурдзæн техникæ. Ацы ног компьютерон технологи Аэлитæ фæнд кæны  æввахс рæстæджы нæ республикæмæ æрхæссын.

Аэлитæ райгонд у æмæ бузныг зæгъы йæ проекты фæлгæтты йæм йе ‘ххуысы къух чидæриддæр фæдаргъ кæны, афтæ ма тыхст адæмы уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм æмбæстæгтæй. Уыдон нымæцы сты Козаты Дима, Тедеты Джамболат, Уалыты Альберт, Дзабиты Маринæ,  Козаты Маринæ, Дзукъаты Симæ, Дзукъаты Роберт,  Икъаты Мадинæ, парти «Иууон Ирыстон» æмæ бирæ æндæртæ. Афтæ ма æххуысхъуаг æмбæстæгтæн балæггад кæнын кæй фæнды, уыдонæн мыхуыр кæнæм, Джиоты Аэлитæйы æхсæнадон хæрзаудæн змæлды адрес:

г. Цхинвал, Октябры уынг, 101.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.