12-æм июлы агентад «Спутник»-ы Хъотайты Марияйы сæргълæудæй ауагъдæуыд брифинг. Студийы уазæг уыд Цхинвалы районы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

Районы къухдариуæггæнæг ацы бынаты нысан æрцыд цалдæр мæйы размæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ цалынмæ йæ куыстмæ не ‘рывнæлдта, уæдмæ сарæзта йæ архайдæн нывæзт, цы суыдзæнис йæ бон реалонæй саразын, цæмæй йыл йе ‘ууæнк чи бафтыдта, уыдон фыдæнхъæл ма фæкæна. «Бирæ хорз фæндтæ мæм ис, фæлæ сын сæ сæйрагдæртыл нымайын: районы хъæутæм æмæ хъæуты мидæг сæйрагдæр уынгты схæрзарæзт кæнын, нуазыны донæй цæрджыты сифтонг кæнын, афтæ ма бирæ хъæуты алфæмблай цы броны обаутæ сырæзт, уыдон ныссыгъдæг кæнын».

Уый куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз районæн паддзахадон бюджетæй хицæн æрцыд æртын дыууæ милуан сомы бæрц. Ацы фæрæзтæн сæ фылдæр ацæудзæн хъæутæм фæндæгтæ банывыл кæнын æмæ сæ донæй сифтонг кæныныл: «Цалдæргай азты сыгъдæг нæ цыдысты донхæрты къанаутæ æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Махæн фидæн аз нæ зæрды ис уыдон æмткæй ныссыгъдæг кæнын, фæлæ хъæуты цæрджытæй та алчидæр, йæ цæхæрадонмæ цы къанау цæуы, уый йæхæдæг хъуамæ ныссыгъдæг кæна. Ацы аз районы паддзахадон унитарон куыстуатмæ цы техникæ ис, уый фæрцы сыгъдæг æрцыд Дæллаг Гудзабары канализацийы хахх».

Районы хъæутæй ныртæккæ фæндаджы арæзтадыл кæм кусынц, уыдон сты Хелцуа, Сатихъар æмæ Тъбеты хъæутæ. Уымæй размæ та æнгæс куыстытæ бакодтой Къусреты, Бихъары, Махисы хъæутæм фæндæгтыл. Сæрмагондæй ма загъта, Громæй Цъинагармæ цы фæндаг арæзт æрцæудзæнис, уый тыххæй. Уымæй фæрогдæр уыдзæнис ацы хъæуты цæрджыты сæ уавæр.

Дон цы хъæутæм уагъд цæуы, уый тыххæй та Мамытаты Вахтанг афтæ зæгъы, арæзт æрцыд 2019 азæн районы рæзты план. Уырдæм хаст æрцыдысты Дампъалет, Тъбет, Къусрет, Къохат, Андис, Хелцуа æмæ Джеры хъæутæ. Ацы хъæутæй донуадзæн куыстытæ æххæст кæм нæма æрцыдысты, уыдоныл дæр кусдзыстæм суанг фæззæджы фæудтæм.

Хъæууон хæдзарады къабазыл дзургæйæ, администрацийы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, районы æнæмæнг сæндидзын кæнын хъæуы халсаргуыст. Мах климатон уавæртæ иттæг хорз сты цыфæнды хуызы халсар æрзайын кæнынæн. Æмæ хъæуты уыцы куыст куы райтынг уа, уæд раздæрау Цхинвалы район уыдзæн бæркадджын æмæ æфтиагджын. Фæлæ уал цалынмæ хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæныныл дзурæм, уæдмæ фермертæн æмæ арендатортæн хъæуы куысты уавæртæ саразын. Районы къухдариуæггæнæг загъта, зæгъгæ, уый тыххæй сараздзæнис æппæт дæр: «Хъæууон хæдзарады къабазы кæй куыстон, стæй мæхæдæг дæр ацы районы кæй райгуырдтæн æмæ цæрын, уый тыххæй хорз зонгæ дæн районы цы арендатортæ æмæ фермертæ ис, уыдонимæ, зонын сын сæ проблемæтæ дæр. Районы ныртæккæ архайы 20 бæрц зæхкусæгон фермерон хæдзарады. Уыдонæй бирæтæн ис фæстиуджытæ хъæууонхæдзарадон продукци æркæныны       хъуыддаджы, фæлæ иумæйагæй сисгæйæ зынгæ æнтыстытыл дзурынæн нырма раджы у. Бирæтæ дзы се ‘ркæнгæ продукцийыл цы бахардз кæнынц, уыйбæрц æфтиаг нæ райсынц. Уымæ гæсгæ кредиты фæдыл сæ хæстæ сæ бон нæ вæййы бафидын. Ахæм фермертæн хъæуы баххуыс кæнын, сæ куыст сын пайдайы ‘рдæм аздахын. Мæнæн мæ зæрдæ ныридæгæн тынг рухс кæны, Цъунары хъæуы цы фæткъуыбæлæсты быдыр сырæзт, уымæй».

Уый ма загъта, зæгъгæ, районы къухдариуæгад æмбæлон хъусдард здахы фосы æнæниздзинадмæ, цæмæй ма парахат кæной хæцгæ низтæ. Уыцы нысанæн районы ветеринарон кусджытæн хæсгонд æрцыд, цæмæй бынаты бæрæг кæной фермерон хæдзарадты. Цæмæй сын уадзой хосгæнæн профилактион мадзæлттæ æндæр æмæ æндæр низты ныхмæ. Ныртæккæ хъæууон хæдзарады министрады æххуы-сæй Цхинвалы районы хъæуты хуыты емы-нæ æмæ ставдкъах фосы модулярон дерматиты ныхмæ арæзт цæуы вакцинæ.

Мамытаты Вахтанг ма загъта, кæй архайы районы цæрджыты иумиаг царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл. Сæрды мæйты куыддæр скъоладзаутæ улæфынмæ ацыдысты, афтæ скъолаты райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Цалцæг цæуынц хъарм-гæнæн системæтæ капиталонæй, цæмæй зымæджы ма хæлой.

Цхинвалы районы хъæуты цы ФАП-тæ арæзт æрцыд, уыдон ифтонг сты æнæмæнг-хъæуæг хостæй.

Цæрджыты иууыл тынгдæр тыхсын кæнынц цæрæнуатон фарстатæ. Парти «Иууон Ирыстон»-ы фæрцы ивд æрцыдысты иуæй-иу хæдзæртты æмбæрзтытæ. Президенты фондæй дзы арæзт æрцыд цалдæр хæдзар дæр.

      УАЗÆГТЫ Марфа  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.