Ногазон улæфтыты фæстæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария Спутник-Хуссар Ирыстоны пресс-центры йæ æрвылкъуырион брифингы рæстæджы æрдзырдта, ивгъуыд азы кæрон зæрдылдаринагæй кæй баззад ахсджиаг культурон цаутæй. Уыдоны ‘хсæн уыд Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй петербургаг режиссер Роман Габрияйы премьерæ «Къоста». Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цыбыр рæстæгмæ æвзонг режиссер йæ командæимæ ныффыста сценари, сæвæрдта спектакль, бæрзонд æмвæзадыл сорганизаци кодта зæлынад æмæ музыкалон æвæрд. Иуныхасæй, æвзонг режиссер раргом кодта нæ ногарæзт театры техникон фадæттæ æмæ авналæнтæ. Спектаклы тыххæй Хъотайты Мария банысан кодта, режиссер лæмбынæг кæй сахуыр кодта нæ генийы цард æмæ сфæл-дыстады фæзилæнтæ æмæ сæ кæй раргом кодта театры сценæйыл.

Хъотайты чызг ма дзырдта Цоциты Златæйы классикон концерты тыххæй. Уый дæр уагъд цыд театры сценæйыл, уырдæм æрбацыд бирæ сывæллæттæ, кæцытæ сæ чысылæй фæстæмæ цæгъдынц фортепианойыл. Златæ йæхæдæг у нысанмæтырнæг гоймаг, йæ музыкалон сфæлдыстады, фæрцы уый æвдисы, тынг кæй аргъ кæны музыкæйæн, зындгонд композиторты уацмысты руаджы нывæнды бирæ историтæ. Цоциты чызг, йæ æнæвдæлон графикмæ нæ кæсгæйæ уæддæр рæстæг ссардта æмæ нын балæвар кодта йæ концерт.

Комитеты сæрдар ма дзырдта ногазон бæрæгбонон мадзæлттыл, ома, – хъæлдзæг хъæлæба хъуыст горæты æмæ хъæуты, алы районтæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæрæгбонон концерттæ уагъд цыд алы рæтты – Театралон фæзуатмæ не ‘мбæстæгтæн ног азы æхсæвы арфæ кæнынмæ æрбацыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

«3 январæй фæстæмæ улæфт бонты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны дуæрттæ гом уыдысты сывæллæттæн, уым байгом президентон Наз бæлас дæр. Митын Дада æмæ Митын чызг хъæлдзæг кодтой сывæллæтты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хайад дзы райста Бибылты Анатоли йæхæдæг дæр. Уый ма уым фембæлд хистæркъласонтимæ, сфæлдыстады галуанæн та бакодта финансон æххуыс.

Хуссар Ирыстонæй сывæллæттæн ма фадат уыд Мæскуыйы сæйраг Ногазон бæласмæ ацæуынæн.

Ногазон бæрæгбонты рæстæджы æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад хъахъхъæдтой 500-йæ фылдæр Мидхъуыддæгты министрады кусæджы. Уымæ гæсгæ æппæт бæрæгбонон мадзæлттæ дæр уагъд цыдысты сабыр уавæрты.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, Ног азы æрлæууыны агъоммæ бирæнымæц хæрзаудæн акциты руаджы бирæ сывæллæтты бæллицтæ кæй æххæст кодтой организацитæ, республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, бизнесыл хæст æмæ хуымæтæг цæрджытæ.

Ирон адæмæй рох нæу геноцид

Ацы азы сæйраг цауты æхсæн ис 1920 азы ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы кæй æххæст кæны, уый. Уыцы цау мемориализаци кæныны фæдыл ацы аз уагъд цæудзæн бирæ мадзæлттæ. Активон куыст кæны уый фæдыл къамис дæр.

«Уæрæсейаг телекомпанитæй сæ иу сисдзæн фильм дæр, кæд æрмæджыты хъуагдзинад æййафæм, уæддæр. Уымæ гæсгæ куыст вазыгджын уыдзæн, архивты дæр кадавар æрмæг кæй ис, уымæ гæсгæ», – дзырдта Мария.

Уымæй дарддæр ма геноциды юбилеймæ план цæуы алы æвзæгтыл чингуытæ æмæ зонадон куыстытæ бацæттæ кæнын, цыран лæмбынæг фыст æрцæудзысты уыцы азты цаутæ. Хъотайты Мария бахатыд æмбæстæгтæм, цæмæй, кæд искæмæ ис ирон адæмы геноцидыл дзурæг æрмæджытæ, уæд сæ ма бахæлæг кæной.

«Ацы мадзæлтты æмрæнхъ ма фæндон хаст æрцыд, ирæтты геноциды символ – 13 коммунары хиуæтты бацагурын. Уыдон руаджы уæды хабæрттæй чизонынæ къухты бафта, уæды цауты æцæг нывтæ. Уымæй дарддæр план цæуы Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæумæ пресс-тур сорганизаци кæнын, цыран æрбынат кодтой 20-æм азты хуссарирыстойнаг лигъдæттæ», – банысан кодта комитеты сæрдар.

Аивгъуыйгæ азы бакæнгæ куыст æмæ æрлæугæ азы плæнттыл дзургæйæ

Хъотайты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ногазон бæрæгбонты фæстæ Хицауады уæнгтæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ. Æввахс рæстæджы бæстæйы сæргълæууæг æмæ хицауады раз сæ бакæнгæ куысты фæдыл хыгъд ратдзысты уагдæтты къухдариуæггæнджытæ. Уыдон бындурыл аргъ æрцæудзæн æмткæй 2019 азы Хицауады куыстæн, кæцы æркæсынмæ æрвыст æрцæудзæн Парламентмæ.

Бæстæйы хисæрмагонд æфтиæгтæ фылдæр кæныны хъуыддаджы æнтыстытыл дзургæйæ, ныхасгæнæг банысан кодта Хъалонты фæдыл комитеты хорз куыст. Ивгъуыд азы ацы службæ уæлдайджынтæй йæ план сæххæст кодта 54 милуан сомы бæрцæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хыгъдтæ саразынæй дарддæр йæ дæлбар уæвæг бæрнон кусджытæн бахæс кодта ацы азæн куысты плæнттæ бацæттæ кæнын. Ацы азы бакæнинаг куыстыты сæйраджы сæйраг у, ног Инвестицион программæ æнтыстджынæй реализаци кæнын. 2020-2022 азты программæйы фæлгæтты арæзт хъуамæ æрцæуа 52 мадзалы. Дарддæр арæзт цæудзæн, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цæрæн хæдзæрттæ. Уымæн æмæ сæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, ахæм адæм бирæ сты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ дунейы никæцы бæстæйы ахæм практикæ хынцыд нæ цæуы, цыран цæрджытæн æнæаргъæй лæвæрд цæуы цæрæнуат.

Инвестпрограммæйы дарддæры реализацийы фæлгæтты ныридæгæн æрæвнæлдæуыд нæ горæты 3–æм скъолайы арæзтадмæ. Арæзтадон техникæ змæлы Гуфта-Къуайсайы фæндаг кæронмæ капиталон цалцæг кæныныл. Уыцы фæндагæй ма цалцæгкæнинаг баззад 14 километры.

Уымæй дарддæр бæстæйы хицауад финансон æххуыс бакæндзæн, сæ цæрæн хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, ахæм æртæ бинонтæн. Ацы бинонтæн æххуыс бакондæуыд, рæстæгмæ кæм цæрой, уыцы хъуыддаджы дæр æмæ сын дарддæр та арæзт æрцæудзæн ног хæдзæрттæ.

Брифингы рæстæджы ныхасгæнæг банысан кодта, ивгъуыд азы Инвестпрограммæйы æнтыстджын реализацийы фæстиуæгæн февралы мæйы райдианы сывæллæттæм кæй æнхъæлмæ кæсы нæ горæты Суворовы уынгыл ног арæзт рæвдауæндон «Æфсир». Уыцы бынаты ма арæзт æрцыд Хъалонтæ æмæ æмбырдты фæдыл комитет, Гуырæн хæдзары ног бæстыхай, цæрæн хæдзæрттæ, кæцытæ азы кæрон лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты горæты бирæ уынгтæ, районты социалон нысаниуæджы объекттæ. Ахæм уæззау æмæ фæрнджын хуынтимæ хъуамæ сæмбæлæм ацы азы кæроныл дæр. 

Æмбæстæгтæн фадат ис улæфынæн

Ацы зымæг цæрджыты нæ рæвдауы йæ сæйраг миниуæг – митæй. Ног азы изæры кæд миты стъæлфæнтæ хауд, уæддæр не рхæцыдысты зæххыл, уымæ гæсгæ бирæртæ Наз бæласы цурмæ æрластой мит, цæмæй æцæг ногазон зæрдæйыуагимæ сæмбæлдаиккой Ног азыл.

Уыйхыгъд нæ æмбæстæгтæй алкæмæндæр фадат уыд, цæмæй сæ улæфты бонтæ арвитой Цъоны хъæуы хæххон лыжæты трассæйыл. Марияйы ныхæстæм гæсгæ кæд ацы трассæ бынтон хæрзарæзт нæу, уæддæр ацы курортон бынат азæй азмæ популярондæр кæны.

Хæххон лыжæты хуызы спорты Федераци æмæ спорты фæдыл комитет активон куыст кæнынц президентон фонды фæрæзтæй ацы трассæ схæрзарæзт кæныныл, цæмæй нæ æмбæстæгтæн фадат уа сæ зымæгон улæфтытæ хæрзвадат уавæрты æрвитынæн.

Ирыстон фæрыст Уæрæсейæ фыццаг æххæстбарджын минæвары амæлæтыл

Æрлæугæ азы райдиан горæт Мæскуыйæ æрыхъуыст хъыгаг хабар – йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус. Ацы адæймаг уыд æргом æмæ хæларзæрдæ удысконды хицау. Уый йæхи никуы æвæрдта йе мныхасгæнæгæй уæлдæр, никуы дæр бæрзонд бынаты чиновникæй æвдыста йæхи. Æмæ, æвæццæгæн, уыцы хуымæтæгдзинады уыд йæ сæрыстырдзинад дæр.

Хуссар Ирыстоны адæмæн уый кæддæриддæр баззайдзæн æввахс æмæ зынаргъ дипломатæй. Уымæн æмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны интеграцийы фарстытæм уый бахаста стыр хайбавæрд.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.