НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Владимир Путин телефоны ныхс кодта Палестинæйы президент Махмуд Аб-басимæ. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой Æввахс Хур-скæсæны проблемæ æрбæстон кæныны тыххæй. Кремлы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныхасы рæстæджы бафидар æрцыд Мæскуыйы цæттæдзинад сабырадон процесс размæ кæныны фæдыл архайдтытæ сæххæст кæныны тыххæй, уыцы нымæцы палестинæйаг-израилаг баныхæстæ сног кæнын уынаффæтæ къухты бафтын кæныны нысанæн, кæцытæй разыйæ баззаиккой дыууæ фарсы дæр.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

УФ-йы Хицауад хорзыл банымадта сывæллæтты пособитæ фæфылдæр кæныны тыххæй закъоны проекты. Ног документмæ гæсгæ, 2020 азы 1-æм январæй фæстæмæ фæфылдæр уыдзысты æххуысхъуаг бинонты æрвылмæйон пособитæ фыццаг æмæ дыккаг сывæллоны райгуырды рæстæджы. УФ-йы министрты кабинеты æмбырды ист æрцыд уынаффæ хъуагдзинады критери фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Ныр уый уыдзæн цæрыны дыууæ минималон минимумы.

УЫДЗÆН АЛФЕРОВЫ НОМЫЛ СТИПЕНДИ

УФ-йы Президент Владимир Путин бахæс кодта бæстæйы хицауадæн, цæ-мæй 2020 азæй æвзонг ахуыргæндтæн фидар æрцæуа Жорес Алферовы номыл 10 персоналон стипенди физикæ æмæ нанотехнологиты фадыджы. Афтæ ма паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта Жорес Алферовы ном Уæрæсейы зонæдты академийы Санкт-Петербурджы национ иртасæн академион университеты уæлдæр ахуырад æмæ зонæдты федералон бюджетон уагдонæн радтыны тыххæй.

ЗЕНИТОН-РАКЕТОН СИСТЕМÆТЫ ТЫХХÆЙ

Туркы национ хъахъхъæнынады министрад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ 2019 аы 12-æм июлы Турк райста зенитон-ракетон системæтæ С-400 фыццаг компоненттæ, кæцыты авиабазæ Мюртедмæ æрластой æртæ уæзласæн уæрæсейаг хæдтæхæджы. Ацы бонты та Туркмæ ноджы æртæ уæрæсейаг хæдтæхæджы  æрластой С-400 элементтæ.

НЕ СРАЗЫ СТЫ ХЪУСДАРДЖЫТЫ СРЕГИСТРАЦИ КÆНЫНЫЛ

Украинæйы централон æвзарæн къамис не сразы ЕÆÆО-йы сконды 17 хъусдарæджы – Уæрæсейы æмбæстæгты срегистраци кæныныл. Уынаффæ ист æрцыд уымæн, æмæ амынд адæймæгтæ уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй сты, уымæ гæсгæ сæ бон нæу официалон хъусдарджытæ уæвын. 12-æм июлмæ Украинæйы ЦÆК срегистраци кодта 1413 официалон хъусдарæджы Уæлдæр Радамæ депутатты равзарыны æнæрадон æвзæрстыты куысты хайад райсыны тыххæй.

СÆ ХЪУС ДАРЫНЦ НАТО-ЙЫ АХУЫРТÆМ

УФ-йы Сауденджызон флот йæ хъус дары НАТО æмæ паддзахадтæ-парт-нерты бæстæты æрвылазон ахуыртæм. Радгæсад хæссынц денджызон авиацийы хæдтæхджытæ, донбылгæрон ракетон комплекстæ «Бал» æмæ «Бастион». Ахуырты хайад исынц Албани, Болгари, Стырбритани, Греци, Гуырдзыстон, Дани, Итали, Канадæ, Латви, Литва, Молдави, Норвеги, Польшæ, Румыни, АИШ æмæ Туркы гарзджын тыхтæ. Уый размæ та фесты украинæйаг-америкæйаг ахуыртæ, цыран хайад истой 30 науы, 30 тæхæг аппараты æмæ 900 фылдæр денджызон фистæг æфсæддоны. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады украинæйаг-америкæйаг ахуырты ауагъд схуыдтой тæссаг идейæ.

НЕ СРАЗЫ ФАРСТЫЛ ÆРУЫНАФФÆ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсейаг фарс не сразы сабырадон бадзырд саразыны тыххæй баныхæсты фæлгæтты Япониимæ Хуссар Курилты цыппар сакъадахæй дыууæйы радтыны фарстыл æруынаффæ кæныныл. Уæ-рæсейаг фарс æруынаффæ кæныныл кæй не сразы, уымæн йæ аххосæгтæй иу у япойнаг-америкæйаг альянсимæ баст проблемæ. Уæрæсе æмæ Япон ивгъуыд æнусы æмбисæй фæстæмæ уадзынц

баныхæстæ Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгтæм гæсгæ сабырадон бадзырд бакусыны тыххæй.

ДОМЫНЦ МЕДВЕДЧУКЫ ÆРЦАХСЫН

13-æм июлы Киевы националистон организациты минæвæрттæ æрæмбырд сты Украинæйы æдасдзинады службæйы бæстыхайы цур æмæ домдтой парти «Оп-позиционная платформа За жизнь»-ы политикон советы сæргълæууæг Виктор Медведчукы æрцахсын. Радикалтæ Медведчукы нымайынц аххосджыныл паддзахадыл гадзрахатæй рацæуыны æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, номхуындæй уый аххосæй цæуы хæст Украинæйы.

ФЕХСТОЙ ТЕЛЕКАНАЛЫ БÆСТЫХАЙЫ

Киевы гранатометæй фехстой телеканал «112 Украина»-йы. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ æрцæугæ цауы полици схуыдта террористон акт. Уый размæ фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, телеканалмæ бартхъирæн кодтой бæрндзинады тыххæй америкæйаг режиссер Оливер Стоуны фильм равдисыны тыххæй.

ФÆМАРД СТЫ 43 АДÆЙМАДЖЫ

Сомалийы горæт Кисмайойы хуссар хайы отелмæ боевиктæ кæй бабырстой, уый фæстиуæгæн фæмард сты 43 адæймаджы, фæцæфтæ сты 56 адæймаджы. Террорист-химар спырх кодта рæмудзæн æрмæг, уый фæстæ та æрбабырстой боевиктæ. Инциденты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста «Аш-Шабаб»-ы къорд.

Информацион агентадты

 хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.