Ирон адæм куы равзæрдысты уæдæй абонмæ цæрынц сæ хорз æгъдæуттæ, æфсарм æмæ лæгдзинады фæрцы. Ирон адæмы æгъдæуттæй иу дæр æвзæр нæй. Уыдон сты нæ цæсгом æмæ нæ удварн. Хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм нæ ирон æфсарм, ирон фынджы рæсугъд æгъдæуттæ, нæ диссаджы бæрæгбæттæ, уыдон адæмон хæзнатæ сты.

Ирон адæм Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм цы нуазæнгæрзтæй  куывтой, уыдонæй сæйраг у Уацамонгæ. Уыцы алæмæттаг нуазæнмæ ахæм миниуæг уыд, æмæ-иу рæстытæ чи дзырдта, уый-иу йæхæдæг æрцагуырдта мæнг дзурæгмæ та æввахсдæр нæ цыд.

Афæдз-иу иу хатт алы паддзах дæр йæ зылды æрцæттæ кодта сæнтæ схæццæ кæ-нынæн мигæнæн. Нуазыны бар дзы уыд, знæгтæй фылдæр чи амардтаид, ахæмтæн. Амарын кæй къухы нæма бафтыд, уыдонæн уыцы къусæй нуазыны бар нæ уыди, æгады бынаты чи баззад, уыдон-иу бадтысты иуварс. Скифтæм уымæй худинагдæр ницы уыдис. Знæгтæй фылдæр чи амардта уыдонæн та-иу дыгай нуазæнтæ лæвæрдтой. 

Æрвылаз дæр-иу дзуарылæг, иу бæрæгбонæй иннæмæ чи фæлæууыд, уыцы бæгæныйы нуазæнмæ кæсгæйæ базыдта, фидæны кæмæ цы кæсы,уый, дзæбæх иу кодта рынчынты.

Хъуамæ кæстæртæ зоной нæ фыдæлты культурæ, мингай азты адæм цы сфæлдыстой, уый. Адæмæй та стырдæр, зондджындæр философ æмæ политик нæй. Адæм зыдтой, цы, куыд æмæ кæм аразын хъæуы, уый. Нæ адæмон сфæлдыстад уымæн у æппæты стырдæр хæзна. Нæ уды фарн, нæ монон культурæ, æмæ йæ хъуамæ фæсивæд зоной.

Цины уа, зианы уа – фыццаджыдæр ссарынц Стыр Хуыцауы ном. Чындзæхсæвы, чызгæрвысты, кæхцгæнæнты – хæдзары æртæ кæрдзыны ис, цины фынг у, уæд, Хуыцауы номыссарды фæстæ, дыккаг рæгъ рауадзынц Уастырджийы тыххæй. Ахæм стыр бынат ахсы Уастырджи ирон адæймаджы зæрдæйы, йæ хъуыдыты, йæ царды. Ирон адæймаг Уастырджийыл йæхи фæдзæхсы кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Хуыцаумæ бардуæгтæй æппæты хæстæгдæр у Уастырджи, бады йæ рахиз фарс.

Уый дæр зонын хъæуы, æмæ цас фылдæр адæм иумæ кувынц, цас фылдæр адæм иу хъуыдытыл, иу зæрдæйыл хæст сты – уыйас фылдæр тых æвзæры се ‘хсæн. Нæртон адæм хуымæтæджы нæ кодтой стыр куывдтæ. Хуымæтæджы нæ хъæр кодтой иумæ: «Оммен, Хуыцау!» – зæрдæбын ракуывды фæстæ, хуымæтæджы нæ кафыдысты кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ  симд  – фæлæ  уыдон  зыдтой иумæйаг  хъуыддæгты нысан æмæ мидис – уыдон стыр фадæттæ дæттæг кæй сты, уымæн æмæ уæд уæларвон сыгъдæг тыхтимæ бастдзинад фидардæр кæны.

Стыр хъыгагæн, абон мах нæ фыдæлты фарны аккаг нал стæм. Тынг бирæ нæм ис аиппытæ, æгæр арæх рæдийæм. Æмæ кæд, мыййаг уый аххосæй нал хъуысынц нæ куывдтытæ Хуыцаумæ? Уый тыххæй нæ домы Хуыцау, цы бирæ зонындзинæдтæ нын радта, уыдон хъахъхъæнын æмæ нæ рагон кувыны æгъдæуттæ раст æххæст кæнын. Уый тыххæй нæй махæн, ирон адæмæн, кæйдæр фæзмгæйæ, æнæгъдауæй, æнæуагæй цæрæн.

Уымæ гæсгæ нæ хъæуы абон нæ куырыхон, бирæ зонаг фыдæлты бафæзмын æмæ æппæт адæмæй иумæ раст æмæ сыгъдæгзæрдæйæ табу кæнын, кувын Хуыцау æмæ Лæгты Дзуармæ, хатыр  курын сæ хъæуы нæ бирæ рæдыдтыты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.