Фæстаг азты, бæлвырддæрæй та Советон Цæдис куы ныппырх æмæ нæ хъысмæтимæ иунæгæй куы аззадыстæм, уæд зынгæ сырæзт нæ национ хиæмбарынад æмæ нын ахъаз кодта уыцы тыхст, уæззау азты кæрæдзимæ æрбангом уæвынæн, цы нысан равзæрстам, ууыл æмзондæй цæуынæн. Фылдæр хъусдард здæхт цæуы мадæлон æвзаджы рæзты фарстытæм, нæ фыдæлтæй нæм цы æгъдæуттæ, традицитæ æрхæццæ сты, уыдон бахъахъхъæнынмæ æмæ сæ нæ фидæны фæлтæртæм адæттынмæ. Фæлæ, хъыгагæн, фæлтæрты бæттæг æгъдæуттæ фæцудыдтой æмæ, æвæццæгæн, бахъæудзæн бирæ рæстæг, цæмæй сæ сæндидзын кæнæм. Уымæйдæр, кæд сыл æдзух кусæм, рæзгæ фæлтæры ахæм зондахастыл хъомыл кæнæм, уæд дæр. Цæвиттон, алы дугты дæр алы адæммæ æгъдау уыдис хистæр кары адæймагæн кад кæнын. Афтæ уыдис махмæ, ирон адæммæ дæр. Æз мæхæдæг ацæргæ адæймаг дæн æмæ æрæййæфтон йæ тыхы ацы æгъдау. Ныр бирæбæрцæй афтæ нал у. Уæдæ хæстæгдзинадæн,  æмгардзинадæн  аргъ кодтой, æфсарм та бæрзонд æвæрд уыд. О, ныр æндæр цард у, царды уавæртæ тынг фæивтой, фæлæ уый ма хъуамæ æндавид нæ æгъдæуттæ æмæ нæ традицитыл. Мæ фæлтæр ма сты, уыдоныл чи схъомыл сты, ахæмтæ. Сывæллон уæвгæйæ, æз хистæртæй  хъуыстон, куыд æххæст кæнын хъæуы, цы аразын хъæуы цины, зианы, кæцыдæр бæрæгбоны рæстæ-джы. Стæй уыдтон æмæ куыд рæзтæн, афтæ архайдтон, цæмæй сæ æз дæр афтæ æххæст кæнон. Ныр фæлтæрты ‘хсæн ахæм фидар бастдзинад нал ис æмæ кæстæр фæлтæртæн уыцы хъуыддæгтæ амонæг тынг нал ис. Уыимæ ма сæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст дæр нал кæнынц æмæ сæ рæзгæ фæлтæр дæр куыд хъуамæ хъахъхъæной. Цы сын бауырнын кæнынц æмæ сæ алыварс царды цы уынынц, уый араздзысты.

Æз афтæ зæгъæг нæ дæн, æмæ нæм цы æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон иууыл хорз уыдысты æмæ нын абон райсинаг сты. Уыдис дзы фауддзаг æгъдæуттæ дæр, кæнæ та сæ рæстæджы хорз уыдысты, фæлæ нæ абоны царды пайда кæнынæн нал бæззынц.

Зæгъæм, ирæд исын тынг æвзæрæрдæм æндæвта æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты царды уагыл. Æвзонг кæстæртæ уарзондзинадмæ гæсгæ нæ арæзтой сæ цард, фæлæ ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ æмæ-иу хатт æнады цард фæкодтой.

Сывæллоны райгуырд алкæмæн дæр хаста циндзинад, фæлæ дзы-иу æвзæр æгъдау уыдис уый, æмæ ноггуырд сывæллоны нæлгоймæгтæ сæ къухмæ тынг æрæгмæ истой, æгæрыстæмæй, йæ фыд дæр.

Нæ хъæу Сыхтæ стыр уыдис – 30 хæдзарæй дзы фылдæр уыдис. Ахæм хæдзар дзы нæ уыдис, 5-14 сывæллоны кæм нæ уыдис. Мах нæхæдæг дæр уыдыстæм 6 æфсымæр æмæ 2 хойы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый циндзинад у. Æмæ-иу ног чындз сывæллонмæ куы æнхъæлмæ каст, уæд æфсæрмы кодта æмæ дардта уæгъд дарæс, гæнæн уæвгæйæ, нæлгоймæгтæ кæм уыдысты, уырдæм нæ цыд. Ныры рæстæджы уыцы æгъдау, хъыгагæн, ферох. Кæм уыдис ныры хуызæн уавæртæ: дохтыртæ, рынчындæттæ кæм уыд æмæ сывæллæттæ гуырдысты хæдзæртты, скъæтты, мæнгагъуыстыты. Сывæллон-иу куы райгуырд, уæд æфсæрмдзинад афтæ тынг уыдис æмæ-иу чындзы йæ мад акодта йæ цæгатмæ. Уым-иу фæцис 3-4 мæйы æмæ-иу æй стæй йæ ныййарджытæ æрбакодтой йæ лæджы хæдзармæ хуынимæ. Дзырдтой-иу хуындæджы, дам, бадти. Фæдзырдтой-иу хъæуы хистæртæм: лæгтæм æмæ устытæм. Куывтой-иу ын, ном ыл куы нæ уыд, уæд-иу ыл ном дæр сæвæрдтой.

Æвгъæддон сылгоймаг кæм уыдис, уырдæм нæлгоймаг нæ цыдис, нæдæр рынчынфæрсæг, нæдæр уазæгуат, нæдæр арфæтæм. Нæлгоймаджы-иу исты бафæрсын куы хъуыдис, уæд-иу сæ номæй барвыстой сылгоймаг.

Ныр ацы æгъдау дæр фæивта æмæ фенæн ис æвгъæддон усмæ нæлгоймæгтæ дæр кæй бацæуынц рынчын-фæрсæг æмæ арфæтæм, лæвæрттимæ. Мæнмæ гæсгæ уый дæр рæсугъд æгъдау нæу.

Кæронбæттæны мæ уый зæгъын фæнды, æмæ нæ фыдæлтæ сæ алы бæрæгбоны дæр цы мидис бавæрдтой, уый хъуамæ хъахъхъæнæм, ма йæ зыгъуыммæ кæнæм. Нæ рæсугъд æгъдæуттæ хъахъхъæнгæйæ, мах нæ удты бахъахъхъæндзыстæм адæймаджы хуыздæр миниуджытæ. Уыдон сты нæ удварн хъæздыггæнæг.

Къæбысты Павлик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.