1941 азы августы мæйы Ленинград уыдис тынг уæззау уавæры. Знагæн йæ хъавд уыд уырдæм бабырсын æмæ йæ бацахсын. Горæтмæ бацæуæнты цы хæстон цаутæ цыдис, уыдон Сырх æфсадæн хастой стыр зиæнттæ. 7-æм августы æхсæвы немыцæгты æфсады 4-æм танкæйон къорд ахъаззаг цæф фæкодтой цæрæн пункттæ Ивановское æмæ Большой Сабскы районты æмæ дарддæр бырстой Кингисепп æмæ Волосовойы ‘рдæм. Æртæ бонмæ немыцæгтæ хæстæг бацыдысты Кингисепп-Ленинграды сосæфæндагмæ. 13-æм августы та сæ къухты бафтыд ацы фæндаг æмæ æфсæнвæндаг алыг кæныны хъуыддаг. Сырх æфсад кодта карз тох, цас йæ бон уыдис, уымæй ныхкъуырд лæвæрдта немыцаг фашисттæн, фæлæ та-иу фæстæмæ алæууыдысты. Красногвардейскы (ныры Гатчина) районы гитлерон æфсады ныхмæ лæууыд æмæ сын сæ размæбырст урæдта 1-аг танкон дивизи. Немы-цæгтæ архайдтой, развæлгъау сын цы план арæзт æрцыд, уы-мæ гæсгæ æмæ афтæмæй се ‘фсад æнтыстджынæй бырстой размæ. Уыд тæссаг горæт бацахсынæй. Красногвардейскæн та уыд стратегион нысаниуæг, уымæн æмæ ардыгæй Ленинградмæ цыдысты куыд сосæфæндæгтæ, афтæ æфсæнвæн-дæгтæ дæр. 16 августы уал немыцæгтæ бацахстой горæттæ Кингисепп, Нарва æмæ Новгороды иу хай. 17-æм августы та немыцæгты 4-æм танкæйон къорд æрбаввахс Красногвардейскмæ. Ацы горæтыл сæ фæндаг уыдис æввахсдæр Ленинградмæ æмæ сæвзæрд тæссаг уавæр.

Зындгонд танкæйон хæстмæ ма баззадис цалдæр боны, кæцыйы ныхъхъæр уырыссаг лæппу Зиновий Колобановы кады ном дæр. 18-æм августы хистæр лейтенант Колобанов Зиновиймæ сæрмагондæй йæхимæ штабмæ фæсидт дивизийы командæгæнæг инæлар-майор В. Баранов. Се штаб та уыцы рæстæджы уыдис горæты аргъуаны ныккæнды. Баранов танкистæн радта ахæм бардзырд, цæмæй куыдфæндыйæ дæр йæ ротæ æрæхгæдтаид æртæ фæндаджы — цæугæдон Луга, Кингисепп æмæ Волосовойы ‘рдыгæй, кæцытæ цыдысты комкоммæдæр Красногвардейскмæ. Уый ма Колобановы фидарæй ныффæдзæхста, цæмæй кæронмæ лæууыдаиккой сæ ныхмæ. Уыцы рæстæджы Колобановы ротæйы уыдис 5 уæззау танчы КВ-1. Ацы хъомысджын машинæйæн йæ бон уы-дис æмæ æнтыстджынæй хæцыдаид, фашисттæм цы танктæ уыд, уыдоны ныхмæ. Уымæн æмæ бирæ фидардæр уыдис уыдонæй. Танкистты сæйраг хæс уыдис, цæмæй Красногвардейскмæ ма ‘рбауагътаиккой немыцæгты. 18-æм августы Колобанов йæ ротæйы ракодта размæбырсæг немыцæгты ныхмæ, кæцытæн командæгæнæг уыд инæлар-майор Эрих Гепнер. Цы фондз танчы йæм уыд, уыдонæй дыууæ арвыста, Лугамæ цы фæндаг цыдис, уырдæм, иннæ дыууæ танчы та Волосовойы фæндагмæ, йæхæдæг та йæхи танкыл бабадт сæ ныхмæ, Мариенбургмæ цы фæндаг цыдис, уым — Красногвардейскы цæгат фарс. Ацы фæндаджы дыууæрдыгæй фарс дæр уыдис цъыфдзаст æмæ уый дæр уыдис Колобановы пайдайæн. Командир Колобанов салдаттæн бацамыдта, куыд хъæудзæнис немыцæгты ныхмæ тох кæнын, уыцы план. Йæ экипажимæ басгæрстой бынат, визуалон æгъдауæй сахуыр кодтой се знаджы, цæмæй хуыздæр позицитыл лæуд уыдаиккой йæ дæлбаруæвæг танктæ. Афтæ ма танкисттæн бахæс кодта, цæмæй хорз маскировкæ æрцыдаиккой сæ уæззау машинæтæ. Колобанов уыдис профессионалон, фæлтæрд танкист. Хайад иста советон-финнаг хæсты, кæцыйы уыдис танкæйон ротæйы ко-мандир. Ацы хæсты уый æртæ хатты сыгъдис йæ танчы, фæлæ та-иу уæззау уавæрæй рахызт æмæ-иу ногæй слæу-уыд æфсæддон рæнхъыты. Уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх тырысайы орденæй. Уымæ гæсгæ ацы æртæ фæндаг æрæхгæныны хъуыддаг дæр уымæн бахæс кодтой Колобановæн, æрмæстдæр уый сæххæст кодтаид ацы хæстон операци. Иудзырдæй, Колобанов йæ экипажимæ афтæ сфидар кодтой сæ позицитæ, æмæ сын хæцынæн уыдис æнцонвадат, знаджы æхсын сæ бон суыдаид дыууæфарсæрдыгæй, хорз уыдтаиккой знаджы æрбацыд дæр, уымæн æмæ йæ танк лæууыдис фæндагæй чысыл бæрзонддæр бынаты. Сæ планмæ гæсгæ знаг хъуамæ цæф баййæфтаид комкоммæ. Сæхи куы ‘рцæттæ кодтой тохмæ, уæд ма сæ хъуыд банхъæлмæ кæсын немыцæгты фæзындмæ. Немыцæгтæ фæзындысты 20 августы. Сихорафон уыдон архайдтой, цæугæдон Лугамæ цы фæн-даг цыдис, уырдæм æрбатоныныл. Фæлæ Колобановы ротæ-йы лейтенанттæ Евдокименко æмæ Ласточкины экипажтæ самадтой карз тох æмæ спырх кодтой знаджы танктæй фондз æмæ цалдæр бронетранспортеры, афтæмæй сæ фæстæмæ алæууын кодтой. Дыууæ сахаты фæстæ та немыцаг мотоциклисттæ-развæдсгарджытæ рацыдысты Колобановы танчы фæрсты. Танк хорз маскировкæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ не сбæрæг кодтой. Уалынмæ фæзынд немыцаг танкты колоннæ, кæцыйы сконды уыдис 22 машинæйы (колоннæйы разæй цыдысты рог чехаг танктæ, сæ фæстæ та — Т-3 танктæ). Уыдон куы æрбаввахс сты, уæд Колобанов тохы бацыд æмæ райдыдта æхсын знаджы. Фыццаг æхстытæй урæд æрцыдысты фыццаг æртæ танчы, стæй астæуæй чи цыдис, уыдонæй цалдæр, уый фæстæ та колоннæ кæм фæуд кодта, уыцы танктæ. Афтæмæй схъомпал сты æмæ сын азмæлæн нал уыдис, судзгæ кæй кодтой, уый тыххæй. Кæцыдæртæ ма дзы архайдтой фæсвæд амбæхсыныл, фæлæ уыцы ‘рдыгæй та уыдис цъыфдзаст бынат æмæ сæ машинæтæ цæуынæн нал уыдысты, аивæрзтысты-иу уыцы ран. Афтæмæй знаджы дæрæн кодта лейтенант Колобанов. Иннæ тарст немыцæгтæ ма цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Фæстæмæ алæууыныл архайдтой æмæ-иу сæ танкты куы зылдтой, уæд-иу кæрæдзийыл сæмбæлдысты æмæ-иу кæрæдзи ныцъæл кодтой. Сæ техникæйæ сæ бон куы базыдтой, уæд гæппытæ кæнын райдыдтой танктæй æмæ сыл уæд та пулеметы нæмгуытæ суагътой. Бирæтæ дзы фæмард сты. Немыцæгтæ райдианы нæ бамбæрстой, кæцæй сæ æхсынц, уый. Æмæ уæд райдыдтой судзын, сæ разы цы холлаг уыдис, уый, зæгъгæ, уыцы ран сты æмбæхст сырх æфсæддонтæ. Фæлæ фæстæдæр сбæрæг кодтой, цæст кæй нæ уыдта, уыцы танк КВ-1 бынат æмæ йæ æхсын райдыдтой. Знаджы нæмгуытæ ихуарæгау згъæлдысты танкыл. Ам цы хæст самадтой, уый цыдис 30 минуты бæрц æмæ уыцы рæстæгмæ Колобановы экипажæн бантыстис немыцаг танкæйон колоннæ ныппырх кæнын, кæцыйы сконды уыдис 22 танчы. Æдæппæтæй та ацы тохы Колобановы ротæ иуыл иумæ спырх кодтой 43 танчы, афтæ ма скуынæг кодтой артиллерион батарея æмæ дыууæ немыцаг фистæг ротæйы. Дарддæр тохтæ цыдысты, фæлæ немыцæгты хотыхджын æфсад бырстой размæ. Тохы дыккаг этапы Колобановы танчы прибортæ æмæ йæ мæсыг уыдысты пырх. Колобанов тохы фæстæ йæ танкыл банымадта 150 цæфы. Танкисты хъайтардзинады тыххæй газет «Красная звезда»-йы мыхуыр æрцыдис уац.

Диссаг уый у, æмæ ахæм хъæбатырдзинад равдисгæйæ, Колобанов кæй нæ райста Советон Цæдисы Хъайтары ном. 1941 азы сентябры райдианы Колобановы экипажы уæнгтæй алкæйдæр бавдыстой, цæмæй райстаиккой Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ. Уый тыххæй архайдта полчы командир Д. Погодин. Ууыл сразы ис В. Баранов дæр æмæ документыл йæ къух бафыста. Фæлæ уæлдæр командæкæнынад афтæ нæ банымадта. Афтæмæй та уый уыдис ахæм диссаджы тох, кæцы бахаудта Гиннессы рекордты чиныгмæ. Фæлæ уæддæр Зиновий Колобановы схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы орденæй, йæ хæстон æмбæлттæ Андрей Усовы — Ленины орденæй, Николай Никифоровы — Сырх Тырысайы орденæй, Николай Родников æмæ Павел Кисельковы та — Сырх Стъалыйы ордентæй. Колобановæн 1942 азы 31 майы радтой капитаны цин.

Хъæбатыр танкист Колобанов кæд уæззау цæфтæ фæцис æмæ райста контузи, уæддæр хæсты фæстæ ногæй бацыд танкæйон æфсадмæ. Уый æфсады баслужбæ кодта 1958 азмæ. Хæствæллад танкист йæ цард сарæзта Беларусы столицæйы, куыста заводы. Зындгонд танкист йæ цардæй ахицæн 1995 азы 8 августы. Баныгæдтой йæ Минскы. Афтæмæй советон танкисты сгуыхтдзинадæн æмбæлонæй не саргъ кодтой йæ райгуырæн бæстæйы. Колобановы хæстон сгуыхтдзинадыл систой анимацион фильм, сарæзтой йыл онлайн-хъазт. Уыдон руаджы фылдæр адæм базыдтой Зиновий Колобановы сгуыхтдзинад æмæ хъайтардзинад. Танкистæн æвæрд æрцыдис цырт. Монументыл лæууы уæззау танк ИС-2, КВ-1 танктæй уæдмæ кæй нал уыдис, уымæ гæсгæ.

Мыхурмæ йæ бацæттæ кодта Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.