Æнæ иудзинад хæлд цæуынц æгъдæуттæ. Ацы хъуыды æнæбындур нæу. Æгъдæуттæ нæ фыдæлты цардæй равзæргæ æмæ райсгæ сты æмæ æппынæдзух хъуамæ архайæм ууыл,  цæмæй ма цæуой хæлд, кæнæм сæ хъæздыг æмæ рæсугъддæр, абон æмæ сомбоны фæлтæрты хæрзиуæгæн.

Иуæй-иутæ фæзæгъынц, зæгъгæ, ирон адæм сæ кæрæдзийæн нæ кæнынц  æмбæлон аргъ æмæ кад, се ‘хсæн нæй, цахæм хъæуы, ахæм хорз æмбарындзинад. Ахæм дзурджытæ не сты раст, фæлæ сæ æмбарын дæр хъæуы. Ирыстон, ирон адæммæ куыдфæндыйы цæстæй куы кæсиккой, куы нæ сыл мæт кæниккой, уæд ахæм ныхæстæ дæр нæ кæниккой. Уыдон дæр фæнды Ирыстон æмæ ирон адæмы хорздзинад æмæ сæ сагъæстæ æвдисынц ахæм хуызы. Æнæуый та, адæм хуызæй куыд алыгъуызæттæ сты, афтæ алыгъуызон сты сæ хъуы-дытæ æмæ фæндтæ дæр.

Куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр фæзæгъынц, зæгъгæ, стæм иу адæм, дзурæм иу æвзагыл, фæлæ, зæгъгæ, не ‘гъдæутты ис  бирæ хицæндзинæдтæ. Цæвиттонæн арæхдæр æрхæссынц зианы фынджы куывтытæ. Хуссары сæ æххæст кæнынц æндæрхуызон, Цæгаты та – æндæр. Ахæм уавæр нæу æнцонрарастгæнæн. Уымæн æмæ сæ Цæгаты æмæ Хуссары дæр æххæст кæнынц рагæй. Адæмы ‘хсæн цы æгъдæуттæ бахсыстысты, уыдонмæ ивындзинæдтæ бахæссын та нæу хуымæтæджы хъуыддаг. Æндæртæ та фæзæгъынц, зæгъгæ, уый у нæ адæмы хъæздыгдзинад æмæ сыл нæ хъæуы уæлæхох кæнын.

Ацы фарсты тыххæй мæнæ цы зæгъы Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд, Иры «Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар  Гаглойты Роберт.

– Раст у, фарст нæу, æнцонæй кæй аскъуыддзаг кæнæм, ахæм. Уымæн æмæ ахæм куывтытæ нæ зианы фынгтæм æвиппайды не ‘рбацыдысты, æмæ зонын хъæуы, æвиппайды сæм ивындзинæдтæ дæр кæй нæ бахæсдзыстæм, уый дæр. Хуссар Ирыстоны адæмыл, сæйраджыдæр, бандæвтой Гуырдзыстон æмæ Фæскавказы адæмты æгъдæуттæ. Уый нæ адæмы, нæ фыдæлты фæндонмæ гæсгæ нæу, фæлæ дыууæ Ирыстон, нæ адæмы ‘хсæн Кавказы хæхтæ кæй сты, кæрæдзимæ зынтæй кæй æфтыдыстæм, уый фæстиуæг. Цæгат Ирыстоны, ирон адæмы æгъдæуттыл та бандæвтой Цæгат Кавказы бирæнымæц адæмты æгъдæуттæ. Ноджы ма йæ зæгъон, уыцы фарст нæу, æнцонæй кæй аскъуыддзаг æмæ æрбæстон кæнæм, ахæм фарст. Хъæуы рæстæг æмæ адæмимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын. Ацы фарстмæ фæстаг азты стырдæр хъусдард здахынц нæ пад-дзахадты разамонджытæ, ахуыр-гæндтæ, стæй хуымæтæг адæймæгтæ дæр. Ацы æмæ ма æгъдæутты æндæр фарстытыл лæмбынæг кусынц ирон адæмы «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ дæр. Уыдонимæ нæ ахуыргæндтæ цæттæ кæнынц ирон адæмы иумæйаг æгъ-дæутты тыххæй чиныг, æввахс рæс-тæджыты рацæудзæнис æмæ уый нæ кæрæдзимбарынадæн бирæ фæахъаз уыдзæнис.

Не ‘гъдæутты ‘хсæн ис, иутæ раст кæй нæ нымайынц æмæ сæ æндæртæ  та аккагыл кæй нымайынц, ахæмтæ дæр. Зæгъæм, чындзæхсæвты, куывдты, гуырæнбонты æмæ ахæм хъæл-дзæг фынгтыл уæлибыхтæ алыг кæныны фарстыты фынгтыл арæх быцæуы онг дæр æрцæуы. Уый фæдыл та историон зонæдты кандидат Хъуылымбегты Роберт афтæ зæгъы:

– Чындзæхсæвты, куывдтыты æмæ гуырæнбонты дæр цины фынг кæй тыххæй у, уыдоны фæдзæхсæм, сæйраджыдæр, Хуыцауæн. Уый тыххæй растдæр у Хуыцауæн бафæдзæхсыны фæстæ уæлибыхтæ алыг кæнын. Ахъуыды ма кæнæт, ацы хъуыдыйы фарс чи нæу, уыдон. Кувæг куы акувы, Хуыцауæн æй куы бафæдзæхсы,  кувæггаг рахисæрдæм кæстæртæм куы адæтты, уæд ын хай радтынц, фынджы сæр чи вæййы, уыцы уæлибыхтæй дæр. Нæ мæ уырны, æмæ уый ныхмæ зæгъа исчи æмæ кæд афтæ у, уæд ма уæлибыхтæ æнæлыгæй дæр цæмæн уадзæм?

Уымæй дарддæр ма мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ  фæстаг рæстæджы, уæлдайдæр та нæ фæсивæдæй бирæтæ, нæ зонын, цæмæн, фæлæ уæлибыхтæ адих кæнынц, аст хайыл нæ, фæлæ авд хайыл. Уымæй февдисынц, зæгъгæ, æз хорз зонын, ирон адæмы æгъдæуттæ, æндæртæй фылдæр уарзын мæ бæстæ æмæ адæмы. Уырнинаг у сæ хъуыды, фæлæ зонын хъæуы уый, æмæ нæ фыдæлтæ уæлибыхты авд лыг кæй никуы кодтой.

Адæмы ‘хсæн æгъдæуттыл ныхас куы фæцæуы, уæд арæх бирæ чидæртæ банысан кæнынц, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ адæймаг чысыл рæдыд æруадза хъæлдзæгдзинады фынгыл, фæлæ уый бар никæмæн ис зианы фынгыл. Зианы фынгыл арæх цы рæдыдтытæ æруадзæм, уыдонæй иу у, фынгылбадджытæ лæггадгæнджыты æдæрсгæ акъахдзæф кæнын кæй нал фæуадзынц, арæх сæм агуывзæ кæй фæдæттынц, зæгъгæ, зæгъ рухс, уый дæр нæу раст. Ацы фарсты тыххæй та зæгъы нæ горæты цæрæг 83-аздзыд Æлборты Анатоли.

– Раздæр зианы фынгыл уый бар никæмæн уыд, æмæ араза ахæм рæдыд. Уый æз мæхæдæг зонын тынг хорз. Уымæн æмæ арæх уыдтæн лæггадгæнæг. Ацы мæгуырау миниуæг рагон нæу, фæлæ цæмæдæр гæсгæ афтæ сфидар, æмæ ныр алы фынгыл дæр ахæм цаутæ свæййынц æгæрон бирæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг аххосджынтæ сты, зианы фынгыл лæггадгæнджытæн чи фæхаты, уыдон, фæлæ сæ фарсмæ чи бады, сабырæй сæм чи кæсы, цы ми кæнут, уымæй сæ чи нæ фæрсы, уыдон дæр. Алчи нæ зоны, кæм цы ‘мбæлы, уый æмæ уыдон сæхи бар куы уадзæм, уæд не ‘гъдæуттæ азæй-азмæ хуыздæры бæсты кæндзысты мæгуыраудæр.

Дунейы бирæ адæмтæ нæ сæйраджыдæр базыдтой нæ кадджын æмæ хъæбатыр фыдæлтæ, нæ хорз æгъдæутты фæрцы æмæ уыдон æгад æмæ халыны бар никæмæн ис æмæ сæ мачи дæр хъуамæ хала.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.