Ирон адæммæ, ома, нæ фыдæлтæм сæ алы æгъдауы дæр уыдис арф, сæ уырнынад æмæ дунембарынадимæ баст чи уыд, ахæм мидис. Уымæн æххæст кодтой алы æгъдау дæр йæхи сæрмагонд хуызы. Нæ йын уыдис ивæн, гъе – аппарæн. Уæд-иу, æвæццæгæн, ничи загътаид: «Мæ фыд ацы æгъдау куыд кодта, æз дæр æй афтæ кæнын». Хъыгагæн, мах рæстæджы сарæх сты уæлдай митæ, æгъдаухалæн фæзындтæ. «Махмæ афтæ кæнынц», – фæзæгъынц, æгъдау хорз чи нæ зоны, ахæмтæ æмæ та мæнæ кæс ног цыдæр фæзындмæ.

Афтæмæй æгъдауæн йæ хъомыс сæфы, баззайы ма йæ уæлцъар. Кæд аргъуанмæ бацæугæйæ, никæйы сæрмæ æрцæудзæн, уым цы æгъдау ис, уый сæрты ахизын, кæнæ йæхимæ гæсгæ аивын, уæд цæмæн раив-баив кæнæм нæ ирон фынджы æгъдæуттæ? Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кæм кувæм, уым цæмæн саразæм арвистон? Нæ ныхасæй сыл нæхи бафæдзæхсæм, нæ æгъдаухалæн митæй та сын сæ фыдæх агурæм. Кæд искæмæ афтæ кæсы, æмæ ирон фынджы æгъдæуттæ абон ахсджиаг нал сты, куыдфæнды сæ кæн, уæд уый стыр рæдыд у. Фынг фыдæлтæй нырмæ махæн нæ уаз бынат у, кувгæ уым кæнæм, комкоммæ, æргомæй, æмæ дзы лыстæг хъуыддæгтæ нæй, алцы дæр хъуамæ уа йæ бынаты, фыдæлты æгъдау куыд домы, афтæ. Уый чи не ‘мбары, уымæн йæ куывд никæдæм фæхæццæ уыдзæн.

Хъыгагæн, цард размæ куыд цæуы, афтæ кæстæртæ дарддæр кæнынц уыцы æгъдæуттæй, уымæн æмæ сын сæ мидис æмæ арф æвæрд хъуыды чи бацамона, ахæм хистæртæ скуынæг сты. Стæй чи ис, уыдонæн дæр арæх сæ ныхас иумæ нæ фæбады, æмæ уæд кæстæртæ бынтон сдзæгъæл вæййынц. Цæмæн æвæрæм фынгыл сæр æмæ бæрзæй, цы у сæ нысан? Цæмæн кувæм Хуыцаумæ æртæ уæливыхæй æмæ бæгæныйæ? Цæуылнæ æмбæлы хæрнæджы фынгыл бирæ хæринæгтæ æмæ нозтытæ æвæрын? Куыд арфæ кæнынц цины æмæ зианы? Ис сæвæрæн мин ахæм фарстайы, кæцытæн хистæрмæ хъуамæ уа бындурон дзуапп, уæлæнгæйттæй йæ кæстæр нæ бамбардзæн.  

Нæ фыдæлтæ тынг хицæн кодтой цины æмæ зианы æгъдæуттæ, архайдтой, цæмæй дзы мацы уа иумæйагæй. Цины, уæларвмæ кæсгæйæ, кувгæ кæнæм Хуыцау æмæ йе ‘сконд зæдтæ æмæ дауджытæм, зианы та сæргуыбырæй хæлар кæнæм, мæрдты бæстæм чи ацыд, уымæн. Иуы дзы алцы нымадтой æнæкъæйттæй, иннæйы та – къæйттæй. Уымæн нæм баззад нæ ирон æвзаджы дæр цинæн фынгæвæрд, зианы кæндæн та – фынджыдзаг, цины – кусæрттаг, зианы – æргæвдинаг, цины – хуынд адæм, зианы – æрцæуæг адæм, цины – ракуывд, сидт, гаджидау, зианы та – рæгъ æ.а.д. Ныры рæстæджы махæй уый рох кæнын райдыдта, куыд нын æнцондæр у, афтæ архайæм. Æмæ уый, æвæццæгæн, Хуыцаумæ дæр хъыг кæсы. Уымæн æмæ зыны нæ куыдфæндыйы цæстæнгас нæ фыдæлты Фарнмæ, сæ уырнынадмæ. Уый фыццаджыдæр зыны нæ уæлæдарæс æмæ нæ уагæй. Бирæтæ Дзуары бынмæ, кæнæ чындзæхсæвмæ цæуынц зианмæцæуæгау сау-сауид дзаумайы, мардмæ та – фæлурс, кæнæ хъулоны, бæгъæмсарæй. Нæлгоймæгтæ фаутæ æвæрынц, мæрддзыгоймæ æрбацæуæг æрыгон сылгоймæгтыл стырзæвæтджын дзабыртæ æмæ æлхъывд хæлæфтæ куы фенынц, уæд. Фæлæ цæмæй хуыздæр у цыбырдыс урс хæдоны æнæ худæй, кæнæ спортивон дарæсы чи бацæуы, уыцы нæлгоймаг? Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрдыгон тæвды афтæ буарæн æнцондæр у. Фæлæ æгъдау уыцы æнцойдзинадыл нæ æнцайы, хатгай удæн кæнæ буарæн фæхъæуы базын кæнын, цæмæй æгъдау æмæ æхсæнады домæнты сæрты ма ахизай.  

Ирыстоны фылдæр рæтты нал кæнынц мæрдæх-сæвæр, кæцы бирæ куырыхон æгъдауджын хистæртæ, стæй уыдонимæ Иры Стыр Ныхас дæр, раджы банымадтой тæригъæдыл мæрдты бæсты. Фæлæ уæддæр кæцы-дæр хъæуты æмæ сыхты цæ-луарзаг чидæртæ нылæууынц «Кадджын лæг уыди, скæнæм ын æхсæвæр», зæгъгæ. Агъуысты хиуæттæ мардыл йæ чырыны раз æрдиаг фæкæнынц, сых та хæдзары сæхицæн фынгтæ ра-вæрынц. Цы ма уа абоны царды фыдуынддæр æмæ кæуинагдæр? Хистæртæ цы сыхы ис, уым баныхас кæнынц иу æгъдауыл, æмæ кæстæрты дæр рæдийын нæ фæуадзынц. Фæлæ æнæфиййау рæгъауæн бирæгъ сæ хъомгæс. Ахæм хъæубæстæтæ æмæ сыхбæстæтæ нæм фæзындис, фынгыл хистæрæн æрбадын кæм ничи фæкомы. Цæмæй æгъдау бын-тон ма сæфа, уый тыххæй иу хатгай рæстæмбис кары лæгты, стæй фæсивæды дæр сæ ирондзинад равдисын фæхъæуы.  

Чындзхæсджыты хæдзарæй афæндараст кæнынц фынджы уæлхъус бадгæйæ. Уым хистæр скувы Хуыцаумæ æмæ бæлццæтты Уастырджийыл бафæдзæхсы. Уый хорз æгъдау у, ис дзы мидис. Фæлæ уыцы æгъдау нæ фæччы кæнын хæдзарæй мæрддзыгой куы фæцæуы, уæд. Æгъдау гуыбыны æхцонæй бæрзонддæр хъуамæ уа æвæрд. Уæ хорзæхæй, ма хæццæ кæнут нæ цин æмæ нæ зианы æгъдæуттæ, ма æвæрут фынг, мæрддзыгой цы хæдзарæй цæуы, уым. 

Зиан æвæрæн бон чидæртæ хæлар кæнынмæ кæнæ фæлдисынмæ куы бацæуынц, уæд уым рæгъытæ кæныныл схæцынц, лæугæ-лæууын иу иннæйы фæдыл нуазгæйæ. Уый дæр та дзурæг у, æгъдауæн йæ мидис кæй байрох, ууыл. Дыууæ, кæнæ цыппар лæджы нозт, хойраг æмæ фыдызгъæл ныххæлар кæныны фæстæ нуазгæ нæ бакæнынц, фынгмæ нозтæй æртадзынц æмæ сæ агуывзæтæ æрæвæрынц, уымæн æмæ зианы, лæугæйæ нуазын не ‘мбæлы. Кæмдæрты зианы бон фыдæбонгæнджытæ хæрнæджы фынг æвæрыны размæ сæхицæн æргæфст стуры дзидзайæ акæнынц лывзæ, гъе æндæр хъарм хæринаг. Уый гуыбынæн бæргæ æхсызгон у, фæлæ фыдæлты æгъдау та халы æвирхъауæй, уымæн æмæ цалынмæ цæттæгонд хойраг, нозт æмæ фыдызгъæл хæларгонд не ‘рцæуой, цалынмæ хистæртæ фынгыл рухсаджы рæгъ нæ зæгъой, уæдмæ сæм нæй æвналæн. Кæд сыдæй мæлыс, уæд дæ хæдзармæ бауай æмæ къæбæр бахæр, фæлæ æгъдауы сæрты ма хиз. Чын-дзæхсæвы нæ лæггад кæныс, адæм дæм кæсгæ кæнынц.

Ныр цалдæр хатты зианы фынгмæ федтон нуазæнтæ рахæсгæ. Цыппар агуывзæйы тæбæгъыл! Фæрсгæ дæр бакодтон, цæмæн афтæ бакодтат, зæгъгæ. Æмæ мын дзуапп радтой: «Хистæртæ нын афтæ бацамыдтой». Уæд уый цавæр хистæр у, зианы кæндты нуазæнтæ нæ хæссынц, уый нæ зонгæйæ, йæхи кæстæртæн зондамонæг чи скодта? Зианджынтæ арфæ кæнынмæ рацæ-уынц æрмæст дзидзайы хайимæ (дыууæ фæрскимæ). Уырдыглæууæг хъуамæ байдзаг кæна дыууæ агуывзæйы æмæ сæ арфæгæнджытæ раттынц дыууæ хистæрмæ. Æрмæстдæр уыдон хъуамæ бануазой уыцы нуазæн, кæд арфæ хауы æппæт æрцæуæг адæммæ, уæддæр. Зианджынты арфæйæ уым дæлæмæ рæгъ кæнын не ‘мбæлы. Уый цины æгъдау у, ма сæ æмхæццæ кæнæм. Гъе, уымæн нæ рахæссынц арфæгæнджытæ зианы фынгмæ нуазæнтæ. Уыимæ, уыцы ран нæ хъæуы зианджынæн йæхимæ фæстæмæ нуазæн дæттын. Уый арæх вæййы æрыгон нæлгоймаг, фынгыл та бады йæ мыггагæй хистæр. Уый куы раарфæ кæна, уæд йæ фæстæ кæстæрæн нæдæр арфæ кæнын æмбæлы, нæдæр лæугæйæ нуазын. Цæмæй мыггагæй хистæр иунæгæй ма нуаза (хъуамæ уой къæйттæ), уый тыххæй хистæртæ дзаг агуывзæ авæрынц арфæгæнджыты хистæрмæ дæр. Ацы арфæйæ уæлдай хистæртæм арфæ кæнынмæ хъуамæ мачиуал цæуа.  

Зианы фынгыл не’мбæлы рæгъытыл бирæ, кæнæ хъæрæй дзурын. Дæ дзырдарæхстдзинад дæ æндæр ран бахъæудзæн, ам та дæхиуыл фæхæц æмæ хорз æгъдау равдис. Лæугæйæ не’мбæлы нуазын, хойраг, гъе, фыдызгъæл кæрдын, агуывзæ дзаг кæнын. Фынгыл бадгæйæ, ма дым тамако, ма сыст хистæрты разæй – уымæй æвдисыс де ‘нæгъдаудзинад, хистæртæн аргъ кæй нæ кæныс, уый. Кæд дæ бон нæу бафæразын иу сахат (самолеты тæхгæйæ, бирæ фылдæр бафæразыс), уæд хуыздæр уыдзæн, фынгыл куы не ‘рбадай. Хуыцау дæ бахизæд искуы зианы фынгæй расыгæй сыстынæй. Уымæй худинаг кæныс дæхи дæр, стæй дæ бинонты æмæ дæ мыггаджы. Ма хатæм кæрæдзимæ нозтæй, йæ градусты нымæц ирон æгъдаумæ æппындæр ницы бар дары. Чи цы æмæ цас нуазы, уый хъуамæ уа йæхи бар. Уый цы æгъдаухалджытæ не ‘мбарынц, уыдонмæ та ма хъусæм. Зианы фынгыл хистæр нæ кæны кувгæ, нæ уадзы сидтытæ æмæ гаджидæуттæ, æрмæст – рæгъытæ. Уыцы бар æндæр никæмæ хауы, æмæ дзы дæлдæр бадæг адæмæн ныхасы бар дæттын нæ хъæуы. Цины фынгыл – æндæр хъуыддаг. Уыимæ, хисты цæрæнбоны рæгъытæ сты нымад, нæ сæм хъæуы хи хъæппæрисæй æфтауын. Иуæй-иуы ферох вæййы, цы фынгæн бады хистæрæн, уый, æмæ фæсиды хистæрты, гъе, хæдзары хицауы (уæлдайдæр, бонджын лæг куы уа, уæд), кæнæ æндæр искæй  цæрæнбоны тыххæй. Ахæмтæн сæ бар сæхи уадз, уæд хæрнæджы фынджы рæгъыты нымæц 18-20-мæ схæццæ кæндзысты, æмæ ма уæд куывдæй цы кæныс? Уыдоны фарс рахæцынц иуæй-иу къуымыхзонд, фæлæ цæлуарзаг адæм дæр: «Кæдæм тагъд кæнут? Ныр ацы фыдызгъæл æмæ хойраг цы фæуыдзысты?». Ома, æнæмæнгæй сæ бахæрын хъæуы, цæмæй ма фесæфой! Гуыбынæй æгъдау иуварс ссонын хъуамæ макæмæн уадзæм.  

Цал рæгъы æмбæлы зианы фынгыл, зæгъгæ, куы бафæрсай, уæд дын алы ран дæр хицæн дзуапп ратдзысты. Кæм – аст, кæм – дæс, кæм та ноджы фылдæр, хистæрæн чи бада, уымæ гæсгæ. Иры «Стыр Ныхас» æмæ бирæ хистæртæ хæрнæджы фынгыл æхсæз рæгъы нымайынц фагыл. Уымæн ис гæнæн, фыдæбонгæнджыты (сыхбæсты, æрцæуæг адæмы æмæ кæстæрты) иу рæгъæй куы æрхъуыды кæнай, уæд. Фæлæ бирæтæ сæхи сцæгъдынц: «Цытæ дзурут! Уый та куыд? Дæс-дыууадæсæй къаддæр гæнæн нæй». Ис ахæм хъæутæ æмæ сыхтæ, зианы фынгыл дæс хатты æрмæст рухсаг кæм фæзæгъынц. Уæ хорзæхæй, ма аразæм зианы фынгæй «посиделовка», не ‘гъдæуттæй та – хынджылæггаг. Зæгъын ма мæ фæнды кæстæртæн дæр: алкæй  дæр уæ фидæны хистæры бынатмæ хъæудзæн, æмæ йæм дзæбæхæй бахæццæ ут. Фæлæ абон не ‘гъдæуттæн сæ мидис куынæ бамбарат, уæд сæ райсом, уæлейæ бадгæйæ, бынтон ныссуйтæ кæндзыстут. 

Нæ фыдæлтæ хæрнæджы фынгыл æвæрдтой æрмæстдæр цæхх, фыдызгъæл æмæ хойраг (дзул, сойвых). Уый æвдыста, ахæм хъуыддагмæ рагацау цæттæ кæй нæ вæййынц. Фæстæдæр хæрнæджы хæссын райдыдтой астæуккаг азиаг хъарм хæринаг – плау. Уыимæ йæ фылдæр хатт, сой, адæмыл тæдзгæйæ, рахæссынц фæстæдæр, æмæ фынджы хистæр уæд ныллæууы, плау хицæнæй ныххæлар кæнын хъæуы, зæгъгæ. Цы нысан ис ацы æгъдауы, æмæ йæ чи æрхъуыды кодта? Кæд æнæ уыцы плауæй нал ис гæнæн, уæд-иу æй рагацау цæуылнæ сфыцæм æмæ йæ цы фыдызгъæлæй конд у, уыимæ цæуылнæ ныххæлар кæнæм? Ныр ма нæм хæрнæджы фынгыл ноджы фæзындис гуырдзиаг лобиа дæр, стæй – цæхджынтæ, дыргътæ, адджинæгтæ. Дарддæр та цы? Фыдджынтæ æмæ цъыс-цъысгæнгæ физо-нæг, бæгæны, коньяк æмæ виски? Худгæ ма кæнæм, худæджы хал, дам, хауаг у… 

Ноджы ма иу фыдуынд хъуыддаг ныффидар ис нæ хистыты. Адæм, сæ къухтæ дон æмæ сапонæй ныхсыны бæсты, фынгыл æрбадгæйæ, февналынц водкæмæ, æмæ дзы хъазуатонæй «дезинфекци» кæнын райдайынц. О, хæццæ йæм кæны спирт, æмæ уый къухтæ хорз сыгъдæг кæны, фæлæ нæ цæмæн байрох вæййы, мардæн хæларгонд нозт уымæн кæй нæу, уый? Раст зæгъгæйæ, Дзæуджыхъæуы, стæй хъæуты дæр, бирæ рæтты нæ вæййы утæппæт адæмæн къухтæ донæй ныхсыны фадат саразын. Уæд иу фынгыл цалдæр уымæл салфеткæты къоппы æрæвæрын растдæр нæ уаид? Уый рæстæ-джы домæн у. 

Цард ивы, æмæ абон сылгоймæгтæ дæр æрбадынц хæрнæджы фынгыл, арæх хистæртæм æвахс. Хатгай ахæм ран сæ ныхас хистæрты ныхасæй хъæрдæрæй фæхъуысы. Уый фыдæбонгæнджыты ‘рдыгæй у стыр рæдыд. Сылгоймæгты кæд æнæмæнг сбадын кæнын хъæуы, уæд æндæр ран, хистæртæй дæлдæр. Уæдæ сын водка æмæ æндæр карз нозтытæ чи æрæвæры, уый та сæ кæны худинаг æмæ æгад. Æппындæр сæм куы не ‘вналой, уæддæр сылгоймаджы раз хисты карз нозтæн йæ кой, йæ хъæр дæр хъуамæ ма уа, кæд сæ нæхæдæг сафынвæнд не скодтам, уæд. Уæ хорзæхæй, ма рæдиут.  

Вæййы ма фенæн, цины фынг зианы фынгмæ куы аздахынц, ахæм цаутæ дæр. Искæй  чындзæхсæвы  кæнæ куывды хистæр куы сысты, æмæ зæронд мæрдты (зæгъæм, Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи фесæфт, уыдоны) ном аргæйæ сын рухсаг куы фæзæгъы, стæй ма фынгмæ дæр нозтæй куы æртадзы, уæд уый у фыдракæнд фысымты бинонтæн. Фыццаджыдæр, зонын хъæуы, цæмæн æртадзæм, нозтæй фынгмæ рухсаг зæгъгæйæ. Уымæй символикон æгъдауæй фынгыл цы ис, уыдонæй хай кæнæм, чи фæзиан, уымæн. Æмæ кæд афтæ у, уæд куыд ис мæрдтæн хай кæнын искæй цины фынгæй? Уæдæ зианы фынгыл дæр иуы рухсаггагæй иннæмæн рухс кæнын не  ‘мбæлы, уымæн сæ не сцæттæ кодтой. Ном ссарын æндæр хъуыддаг у. Куыд зонæм, афтæмæй зианы нуазынц бадгæйæ, зæгъгæ, лæугæйæ куы кæнай, уæддæр. Хъыгагæн, бирæтæй уый ферох вæййы, æмæ цины дæр фæтагъд кæнынц æрбадынмæ баназыны размæ. Афтæ кæнын нæ фæччы. 

Цæмæй æгъдауæн йæ арф хъуыды бамбарай, уый тыххæй хъуамæ мады æхсырау чысылæй фæстæмæ дæ буары ахъара, дæ дадзинты тугимæ зилдух кæна. Уымæн та ис гæнæн æрмæстдæр мадæлон æвзаг æмæ хорз æгъдаухæссæг хистæрты фæрцы. Хуыцау сæ кæмæн нæ балæвар кодта, уыдон мæ нæ бамбардзысты, зæгъдзысты та: «Им там, что, больше делать нечего?». Ахæмтæн зын бамбарæн вæййы, цы у Ирон Æгъдау æмæ нын æнæ уый фидæн цæуылнæ ис. Уæлдай сын нæу, цины уой æви зианы, сæхи дарынц иухуызон – удæн æмæ буарæн æнцондæр куыд у, афтæ. Фæлæ уыдонмæ чи нæ хауы, кæмæн у зынаргъ йæ адæмы национ цæсгом æмæ фидæн, чи тырны йæ фыдæлты æгъдæуттæ хорз базонынмæ, ахæмтæн Иры «Стыр Ныхас» бацæт-тæ кодта «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ» чысыл бæрæгуаты (справочникы) ног рауагъдад. Уыцы чиныгыл йæ заманы зæрдиагæй бакуыстой Ирыстоны алы къуымтæй рацæугæ кадджын æмæ куырыхон хистæртæ. Ирон æгъдæуттыл нæм бирæ чингуытæ рацыдис фæстаг æзты, фæлæ уыдонæн сæ фылдæр сты иу авторы зондæй фыст. Ацы чиныг та равзæрдис сæдæгай лæгты иумæйаг зонд æмæ унаф-фæйæ, æмæ йæ стыр уæз ис уый мидæг. Бæрæгуат уыдис æмхъæлæсæй фидаргонд 2006 азы ирон адæмы 6-æм Съезды Цхинвалы, æмæ уый фæстæ адæмыл апарахат ис, разы дзы уыдысты, пайда дзы кодтой. Фæлæ рæстæг цæуы æмæ цард дæр йемæ ивы. Уыцы ивддзинæдтæ нæ æрдомдтой бæрæгуатыл ногæй бакусын. Дыккæгæм рауагъдадимæ абаргæйæ йæм хаст æрцыдис хæрз-чысыл ивддзинæдтæ, фæлæ ма уыдонмæ бафтыдтам бирæ фиппаинæгтæ, кæцытæ чиныгкæсæгæн æмбарын кæнынц æгъдæуттæн сæ мидис. Уый зонгæйæ, æнцондæр у се ‘ххæст кæнын. 

Кучиты Руслан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.