Ныртæккæ ирон удварны рæзты раиртасæн ис дыууæ сæйрагдæр тенденцийы. Иуæй нæ миддуне, нæ зондахаст, нæ социалон фæлтæрддзинад, нæ цæстæнгас бæлвырд фæхъæздыгдæр сты, дунейы адæмтæн се ‘ппæтæн дæр иумæйаг чи у, ахæм æвæрæнтæй, царды ног ивддзинæдтæй, иннæ адæмты культурæйæ æрбайсгæ хæзнатæй. Райрæзтис нæм ахуырад, бафæзмыдтам иннæ адæмты хорз миниуджытæ. Уымæ гæсгæ ирон адæмы æвæрдады тынг ныффидар интернационалон цæстæнгас. Æмæ ам æвзæрæй ницы ис. Уый у, дунейы адæмтæ кæрæдзимæ бæлвырд кæй фæхæстæгдæр сты, уый тæваг, царды ног ивддзинæдты мидис.

Иннæмæй та куынæгмæ цæуынц ирондзинады миниуджытæ. Нæ рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаг, нæ фыдæлты æгъдæуттæ, æфсарм, уаг, таурæгътæ, кадджытæ æмæ зарджытæ рох кæнæм. Нæ ирон зондахаст, ныфс, намыс æмæ фарныл нæ къух исæм. Хистæр-кæстæр, сылгоймаг-нæлгоймаг, ныййарджытæ-цот бæрæг нæм нал ис, сæмтъеры стæм. Нæ иуы хорздзинад иннæмæ хъыг кæсы. Нæ кæрæдзиуыл нал хæцæм. Ирон æгъдæуттæ ма Ирыстоны цæрæг ирæттæй æххæст кæнынц сæ 78 проценты. Фæлæ уыдонæй дæр не ‘гъдæуттæ æмæ нæ уагыл иузæрдион сты æрмæстдæр сæ 28 проценты. Иннæтæ та сæ æххæст кæнынц кæнæ искуы иу хатт, кæнæ зонгæты æфсæрмæй, кæнæ та, кæй сыл сахуыр сты, уымæ гæсгæ. Ирон адæмон сфæлдыстад, нæ литературæ, истори зонынц 36,2 проценты. Ирон æвзаг алыхуызы дæр æххæстæй зонынц нæ 62 проценты, уырыссаг æвзаг та – 86 проценты. Суанг ма сæ бинонты ‘хсæн дæр уырыссагау дзурынц ирæттæн сæ 37 проценты. Ирон æвзаг æвзæр зонынц нæ фæсивæд æмæ нæ сабитæ.

Нæ ирондзинад заууатмæ кæй цæуы, уымæн бирæ аххосæгтæ ис. Фыццаг у, паддзахадон æмæ ирон фыдæлтыккон цардарæзтад сæ кæрæдзи ныхмæ кæй æрлæууыдысты, уый. Ирондзинад цы æхсæнадон уагæвæрды равзæрдис æмæ ныффидар, уый хæлд æрцыдис. Фесæфтис ирондзинады æхсæнадон бындур. Дыккагæй та нæ ирон интеллигенци æмæ, Советон дуджы нæ сæргъ чи лæууыд, уыцы хицауадæй бирæтæ сæхæдæг ирондзинад сæ сæрмæ нал хастой, фæстæзад хъуыддагыл æй нымадтой. Нæ сæрхъызойтæ нын нæ мардыкæндтæ, нæ чындзæхсæвтæ, нæ бæрæгбонтæ кæнын нал уагътой, нæ кувæндæттæй нын хынджылæг скъæрдтой. Чысыл-иу ирондзинады сæрыл чи сдзырдта, ууыл-иу националисты ном ныххуырстой. Нæ интеллигенци дæр ацы хъуыддаджы фæсте нæ аззадис. Газетты, радио æмæ телеуынынадæй, сæ зонадон лекциты карз тох самадтой ирондзинады ныхмæ. Фæстагмæ афтæ рауадис æмæ нæ хицауад дæр, нæ интеллигенци дæр, стæмтæй фæстæмæ, ирон адæмæй фæиппæрд сты: иронау нывыл нал дзырдтой, ирон æгъдау нал зыдтой, ирондзинады фидæныл сæ къух ауыгътой.

Ирыстоны национ культурон æмæ политикон æхсæнадтæ æмæ змæлдтытæй иутæ, зæгъæн ис, æгæр националон зиллаккы лæууынц, иннæтæ та ирон адæмы хъысмæтыл уый бæрц нæ тыхсынц, сæхи равдисын сæ цас фæнды, æмæ сæ хицауад йæхимæ куы æрбахæстæг кæны, уæд сæ æхсæнадон хъæппæрис цыдæр фæвæййы, аннæтæм та нæ фаг кæны бæлвырд, алцæмæй дæр æххæст экономикон, æхсæ-надон æмæ политикон платформæ, æппæт адæмты социалон фæлтæрддзинад æмæ ирон адæмы хицæндзинæдтæ чи баиу кæна, афтæмæй нын фидæнмæ æнæгуыргъахъ фæндаг чи бацамона…

Ахæм политикон партитæ дæр нæм фæзынд, æмæ фылдæр сæхи нысантыл чи хъуыды кæны, Ирыстоны фадæттæм гæсгæ чи нæ архайы, фæлæ æрмæстдæр йæ экономикон æмæ политикон цæстæнгастæ нæ цардмæ рахæссынмæ чи хъавы. Уый нæ, фæлæ ма нæ æхсæнадон змæлдтыты æмæ нæ политикон партиты уæнгтæй, стæй нæ разагъды ахуыргæндтæй ахæм  дзурджытæ дæр фæци, Хуссары нæ зæххыты Гуырдзыстоны зæххыл чи нымайы, Горæтгæрон район та – мæхъæлы… Нæ рагзаманæй нырмæ нæ арæнтæ цыбыртæ кæнгæйæ цæмæ æрцыдыстæм, уымæн та нæхæдæг æвдисæн.

Иннæтæ та нæм сидынц, цæмæй нæ удтæ æмæ ирон адæмы нымæц бахъахъхъæнæм, уый тыххæй не знæгтимæ тох ма кæнæм. Дæнцæгæн æрхæссынц тæтæр-монголимæ хæст. Уырыс, дам, тæтæрмæ сæхи радтой æмæ бирæйæ баззадысты, нæ фыдæлтæ та сæхи ныццæгъдын кодтой. Ацы цæстæнгас æрмæст историон цаутæ зыгъуыммæ фæлдæхтæй не вдисы, фæлæ ма ирон адæмы зонды тъыссы бæрзæйсæттæн хъуыдытæ дæр.

Иннæ стыр аххосаг та у, Ирыстон административон æгъдауæй дыууæ дихы кæй фæци, уый. Цæгат æмæ Хуссары дыууæ стыр адæмты æндæвдады бахаудыстæм. Фехæлдис нæ иудзинад. Хицæн кæнын райдыдта нæ æвæрдад. Фæйнæрдæм ахæцыдыстæм. Иу адæм стæм, уый рох кæнын райдыдтам. Ныр та ма ноджыдæр иуæй-иу цыбырзонд лæгты хъæппæрисæй нæхи лæгдыхæй ир æмæ дыгурыл дих кæнын байдыдтам, дыууæ диалектыл дзурæг адæмы сæ кæрæдзи ныхмæ æвæрæм, ома кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та –  рæхуыст.

Нæ рæзгæ фæлтæрты иронау нал ахуыр кодтам, нæ мадæлон æвзаг æмæ не ‘гъдауæн, нæ историйæн скъолайы бынат нал уыди, нæ ирон ахастдзинæдтæй фæцух. Бирæ азты фæхъомыл кодтам, алы адæмты культурæты ‘хсæн хъеллау чи кодта, фæлæ сæ иуыл дæр фидар чи нæ æрлæууыд, ахæм фæсивæд. Æмæ нæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр цы бакæной: ирон ныхас æнæкъуыхцыйæ нал кæнынц, ирон уаг æмæ æгъдау нал зонынц, ирондзинадæй фæиртæстысты.

Ныртæккæ аххостæ иууыл нал агурдзыстæм. Сагъæссаг нæ фидæн у. Ирон адæмы иннæ адæмтау цы дин æмæ идеологи баиу кæна, уый зын ссарæн у. Нæ бакуымдтой нæ чырыстон, нæ пысылмон дин æххæстæй райсын. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ иудзинады уидаг уыд нæ ирон фæтк, нæ ирон цардахаст, ирон лæгдзинад. Нæ царды æппæт къабæзтæн дæр фæстæмæ ирон бындур куы нæ сæвæрæм, нæ ирондзинадмæ куы нæ раздæхæм, уæд нæ рæстæг йæхæдæг аныхъуырдзæн. Уый афтæ дзурæг нæу æмæ фæстæмæ нæ фыдæлтыккон ирон агъуды аныгъуылæм. Уæд фæстейæ аззайдзыстæм, иннæ адæмтæй дæр фæхицæн уыдзыстæм, мидбынаты цоппай кæнын байдайдзыстæм. Растдæр уыдзæн нæ ирон фарны бындурыл лæугæйæ, иннæ адæмты хорздзинæдтæ фæзмгæйæ, царды ногдзинæдтæ исгæйæ æмæ нымайгæйæ иннæ адæмтимæ иумæ, се ‘мрæнхъ размæ фидар къахдзæфтæй цæуæм, уый.

Уæлдай сагъæссаг сты нæ арæнты хъысмæт, нæ ахастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ. Нацийы сæрмагонд цардахаст, йæ иудзинад, йæ психологи, зондахаст, монон культурæ, йæ хиæмбарынад, йæ æвзаджы ахадындзинад, йæ ахастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ, уыдон иууылдæр аразгæ сты, адæм иумæ цæрынц æви хицæнтæй, дихтæй… Цард нæ фæлтæры куы æрыййæфта, уæдæй нырмæ ирон адæм цардысты дыууæ дихæй: Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы æмæ Хуссар Ирыстоны автономон областы. Кæд сæ дыууæ дæр автономон арæзтадтыл нымад цыдысты, уæддæр, æргом æй зæгъын хъæуы, сæ иу дæр дзырдхъом нæ уыд. Сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, сæ экономикæ æмæ фæллойыл сæ бар нæ цыдис. Зæгъæм, Цæгат Ирыстонæй, уымæй дæр аслам аргъæй, 1991 азы æддæмæ ласт æрцыд 1 миллиард æмæ 126 милуан сомы аргъ алыхуызон продукци, мидæмæ та æрмæстдæр 583 милуан сомы аргъ. Афтæ – чысыл ивддзинæдтимæ æрвылаз дæр.

Бæргæ куы сæххæст кæниккам ирон адæмы рагон бæллицц – иу Ирыстон куы саразиккам. Ацы хъуыддагæн та, раджы уа æрæджы, æнæкæнгæ нæй. Дыууæ дихæй цæрæг наци хæдбар никуы уыдзæн. Уынаффæ ныр рахæссын хъæуы, кæд ацы уысм нæ къухы йæ сæххæст кæнын нæ бафта, уæддæр. Уый ирон адæмы сæйраг хæстæй иу у.

Мах чысыл адæм стæм æмæ хибарæй цæрын нæ бафæраздзыстæм, мах хъуамæ уæм, иннæ адæмтимæ æмсæр кæм уыдзыстæм, ахæм паддзахады. Æрмæст-дæр иу хъуыддаг æдзухдæр зæрдыл дарын хъæуы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказæй никæдæм фæхауинаг стæм. Сæдæгай азтæ æмарæнтæй цардыстæм гуырдзы, кæсæг, балхъар æмæ мæхъæлимæ. Бирæ лæггад фæкодтой нæ фыдæлтæ гуырдзыйæн се знæгтимæ тохы рæстæджы. Фæлæ нæ уыдон сæхимæ никуы æрбахæстæг кодтой, пайда нæ цы кодтой, æндæр. Суанг ма ивгъуыд заман Хуссар Ирыл æлдарады къæлæт дæр æрывæрдтой. Фæстаг æнусы та нæ тыхæй гуырдзийæттæ арæзтой. Стæй та хæцæнгарзимæ нæ ныхмæ æргом хæстæй рацыдысты.

Кæсæг æмæ балхъаримæ та нæ кæрæдзийæ бирæ хорздзинæдтæ зонæм, бирæ иумæйаг рæсугъд æгъдæуттæ нæм фæзындис. Фæстаг сæдæ – дыууæ сæдæ азты та бынтон хæларæй цæрæм. Ныр дæр нæ хæлардзинад хъахъхъæнын хъæуы.

Абхазæгтæ æмæ ирæттæ кæд дыууæ æвзагыл дзурынц, уæддæр сæ удварны бирæ хицæндзинæдтæ нæй. Стæй нæ ныры политикон нысæнттæ дæр иу сты.

Мæхъæлимæ дæр нæм иумæйаг зондахаст æмæ цæстæнгас, удварн æмæ хидарыны æгъдæуттæ, иумæйаг цардахаст никуы уыд. Æнусæй-æнусмæ æмхæццæ цард никуы код-там. Рагæй дæр Ирыстонмæ тæлæт кæнынмæ цыдысты, уымæй дæр æргомæй нæ цавтой, фæлæ – къæбуты ‘рдыгæй.

Сæрмагонд ныхасаг сты Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастдзинæдтæ. Уырыс æмæ ирæттæ æвзагмæ гæсгæ иу индоевропæйаг къордмæ хауынц, уæдæ сæ удварны æвæрдтæ дæр кæддæры иу стыр цивилизацийæ цæуынц. Уымæ гæсгæ нæ культурæты бирæ иудзинæдтæ ис, нæ кæрæдзи дæр хуыздæр уый тыххæй æмбарæм. Бынтон хæстæг та лæууæм нæ алыварс цæрæг хъазахъмæ.

Уæрæсеимæ куы баиу стæм, уæдæй нырмæ уырыс, æмткæй райсгæйæ, ирон адæмæн æвзæрдзинадæй ницы ракодтой. Уырысы æххуысæй хæхты цъастæй быдырмæ ралыгъдыстæм, уыдоны фæрцы базонгæ стæм дун-дунеты культурæимæ, райстам ахуырад, схызтыстæм наукæ æмæ техникæйы бæрзæндтæм. Æргом куы дзурæм, уæд ныл уырысы тæваг æвзæрæй дæр фæзындис: нæ ирондзинады æвæрæнтæй бирæ фесæфтам. Фæлæ ам нæхи аххос дæр бирæ у, уæлдайдæр та 1917 азæй фæстæмæ. Нæ ирон æгъдæуттæ æмæ уаг бæлвырд идеологийы догмæтæй баивтам. Æмæ уыцы рæдыд уырыс сæхæдæг дæр æруагътой. Сæхи культурæйы хæзнатæй дæр къаддæр нæ фесæфтис. Фæлæ уæддæр кæд нæхицæн цардæмбал агурæм, нæ фидæн нæ кæд искæимæ баиу кæнын фæнды, уæд уырысæй хæстæгдæр, тыхджындæр æмæ зæрдæзæгъгæдæр адæм не ссардзыстæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, ирæтты, нæ национ райрæзтыл æнцой кæнын хъæуы. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын æмбæлы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказы адæмтимæ нæ хæлардзинад куы фехалæм, уæд нын иунæгæй аззайынæй тæссаг у.

Нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, нæ зæххыл мулк æмæ куыстадон фæрæзтæй цыдæриддæр ис, уыдонæй пайда кæнын хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Нæ адæмы фæцæрынæн, хи бахъахъхъæнынæн æмæ иннæ адæмтимæ нæ ахастдзинæдтæ барæвдз кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон иууылдæр хъуамæ æххæст кæнын байдайæм. Фæллой хъуамæ банымайæм ахсджиагдæр хъуыддагыл. Магуса адæм цард никуы ссардзысты.

Сæрмагондæй æрдзуринаг сты нæ ирон удварн, æфсарм, уаг æмæ æгъдау, нæ миддуне æмæ зондахаст, бинонтæ æмæ хæстæджыты, хицæн лæгтæ æмæ социалон къордты ахастдзинæдтæ, нæ фарн æмæ нæ æвзаджы хъысмæт æмæ фидæн. Фæстæмæ сæ куы нæ райтынг кæнæм, ныр дæр æмæ нæ фидæны дæр нын дзы ахъаз чи фæуыдзæн, уыдонæн ныртæккæ уæрæх бындур куы нæ сæвæрæм, уæд фидæны фæлтæрты раз стыр хæсджынæй баззайдзыстæм, нæ фыдæлты хорздзинæдтæй сæм ницы адæтдзыстæм, нæ национ хицæндзинæдтыл бынтондæр нæ къух сисдзыстæм.

Уæлдай хъусдард аздахын хъæуы ирон уаг, ирон æгъдау, ирон æфсарм æмæ бинонты ‘хсæн ирон ахастдзинæдтæ фæстæмæ æрфидар кæнынмæ. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ ирондзинад адонæй аразгæ уыд. Адон нын лæвæрдтой национ иудзинад, æмхуызон нæ кодтой, нæ национ æууæлтæ нæм æвзæрын кодтой.

Нæ фыдæлтæм иу хорз æгъдау уыд: хидарыны нормативтæ чи хæлдта, уыдонæн-иу цинты, зианы кæндты, бæрæгбонты, куывдты бауайдзæф кодтой, æфсарм кæмæ уыд, уыдонæн та-иу арфæ ракодтой. Уыцы фæтк махæн дæр фæзминаг у. Фæстæмæ сног кæнæм лæгæвзарæн ерыстæ дæр, фæсивæды ирон лæгдзинады миниуджытыл чи цайдагъ кæна.

Уæрæхдæр æмæ фидардæр кæнын хъæуы нæ этнокультурон бындур. Афон у, цæмæй нæ адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты сæйрагдæр сюжеттыл, нæ историйы зынгæдæр цаутыл хæрзхъæд кинонывтæ саразæм, пьесæтæ сыл ныффыссæм. Ирон бинонтæ рагæй дæр фидар уыдысты сæ уаг æмæ æгъдауæй. Алы бинойнагæн дæр йæ кар, бинонты æхсæн цы бынат ахста, уыдонмæ гæсгæ бæлвырд уыдысты йæ хæстæ, хидарыны æгъдæуттæ, йæ фæзилæнтæ, йæ ахастдзинæдтæ иннæ бинойнæгтимæ. Бæлвырд уагыл æвæрд уыдысты хистæр æмæ кæстæры, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, хицау æмæ æфсины, ныййарджытæ æмæ цоты, лæг æмæ усы, æфсымæрты, хоты, чындз æмæ тиуы, ходыгъды, стæй файнустыты æмахастдзинæдтæ. Бинойнæгты хæстæ, митæ, фæзилæнтæ, хидарыны æгъдæуттæ, ахастдзинæдтæ ивгæ цыдысты, сæхæдæг иу карæй иннæмæ куыд хызтысты, стæй бинонты ‘хсæн сæ уавæр куыд ивгæ цыдис, афтæ. Бинойнагæн йæ кар æмæ уавæрмæ гæсгæ цы æмбæлд, уый куы нæ æххæст кодтаид, уæд уый та æгад æмæ худинаг уыд, мыггаг æмæ хъæубæсты æхсæн-иу фидиссагæн баззад. Ныр дæр бинонты цардæн бæлвырд æмæ фидар уаг сæвæрын хъæуы.

Рагæй-æрæгмæ дæр Иры бæстæйы бирæцотджын ныййарджытæн стыр кад кодтой, нымад уыдысты. Æнæцот лæг æмæ ус та адæммæ тæригъæддаг кастысты, барæй цот чи нæ кодта, уыдоныл та-иу къабæзтæ, сыхæгтæ æмæ хъæубæстæ сæхи атигъ кодтой, зулцæстæй сæм кастысты. Æрхъуыды кæнæм Нарты кадджытæй иу эпизод: нарты фæсивæд ацæргæ Уæрхтæнæгмæ æрдхъирæн кæнынц амарынæй, бинонтæ кæй нæ кæны æмæ йын цот кæй нæй, уый тыххæй.

Нæ адæмы нымæц зынгæ кæй нæ фылдæр кæны, уымæн бирæ аххосæгтæ ис: ирон къайады æгъдæуттæ æгæр бирæ хæрдзтæ домынц, стæй бирæ сывæллæттæ схæссынмæ дæр адæм зивæг кæнын райдыдтой. Бæлвырд мадзæлттæ саразæм, цæмæй фæсивæд æрыгондæрæй бинонты хъуыддаг кæной, ныййарджытæ та фылдæр цот уадзой, уый тыххæй. Не ‘хсæн фæтк сæвæрæм: лæппуйæн 25 азæй фылдæр бадын, æнæниз бинонтæн 4–5 сывæллонæй къаддæр уæвын, сылгоймагæн æнæ дохтыры амындæй йæхи асыгъдæг кæнын æгадыл банымайæм. Хъæубæсты æмæ горæтты цæрæн зылдты саразæм æхсæнадон фæрæзты фондтæ, чындзæхсæвтæ аразынæн æмæ бирæ бинонты фæдарынæн йæ æххуысы хай чи кæна. Ахæм химидæг уагæвæрд ныффидар кæнæм, æрыгæтты ускурынмæ, бинойнæгты та цоткæнынмæ разæнгард чи кæна. Зæгъæм, фæфылдæргæнæн ис бирæсывæллонджын бинонтæн паддзахады æххуыс, саразæн ис фадæттæ, цæмæй бирæцотджын ныййарджытæ, сæ профессионалон арæхстдзинад сын нымайгæйæ, сæхи фæндонмæ гæсгæ хуыздæр куыстадон бынæттæм ист цæуой, саразæм, цæмæй сæ цотæн нæ хистæр скъолатæм бацæуынæн фыццаг бар лæвæрд цæуа, бирæ бинонтæн цæрæнбынæттæ æмæ цæхæрадæттæн зæхх æнæрадæй куыд дæттæм æмæ афтæ дарддæр.

Нæ ахуыргæндтæм ирон æвзагмæ дыууæ ныхмæ лæугæ цæстæнгасы равзæрдис. Фыццагмæ гæсгæ ирон адæмæн ис иу ирон æвзаг иу дыгурон диалектимæ. Дыккаг цæстæнгас, ууыл фылдæр лæууынц дыгурæй рацæугæ ахуыр-гæндтæ, амоны, ирæттæ æмæ дыгурæттæ кæд иу адæм сты, уæддæр дзурынц дыууæ сæр-магонд ирон æмæ дыгурон æвзæгтыл, зæгъгæ.

Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма ахуыргæндты æхсæн зонадон быцæу цæуы. Æмæ уый æцæгдæр афтæ куы уаид, уæд дзы рæдыдæй ницы ис: сгар, иртас ирон адæмы истори, сæ иудзинад, удварн, миддуне, цардахаст ирон æвзаг æмæ дыгурон диалекты мадзæлттæй. Фысс иронау æмæ дыгуронау амæй-ай аивдæр уацмыстæ, зонадон куыстытæ. Фæлæ дыккаг цæстæнгас  арфдæр куы раиртасай, уæд бæрæг у йæ халæн, адæмы дихгæнæг мидис: кæд ир æмæ дыгур дыууæ æвзагыл дзурынц, уæд хицæн адæмтæ сты.

Фæстæмæ сног кæнæм нæ фыдæлты уырнынад. Чырыстон æмæ пысылмон динтæ сæ дыууæ дæр æндæр удварны идеологи хæссынц, ирон фыдæлтыккон цардарæзты ныхмæ цæуынц. Фыдæлтæй нын баззадысты нæхи зæдтæ æмæ дауджытæ. Хуыцау ирон адæмæн йæхимæ цы фæндаг сарæзта, ууыл сæрыстыр нæ хъæуы, ивинаг нæу. Нæ дины нæхи миддуне ныффидар, куы йæ аивæм, уæд та бафæзмдзыстæм иннæ адæмты зондахаст æмæ цæстæнгас, райсдзыстæм æндæр уаг æмæ æфсарм.

Ирон удварны æвæрдад æмæ не ‘взаг бахъахъхъæнынæн ахъаззаг фæрæз у ирон скъола. Саразын æй хъæуы. Нæ ахуырады æппæт къабæзты бындурыл сæвæрæм ирон фæтк, ирон хъомылад.

Иуныхасæй, нæ фидæны паддзахадон, æхсæнадон æмæ культурон арæзтадæн сæйраг æнцойтæн сæвæрын хъæуы национ иудзинад, национ идейæ, национ цардарæзт æмæ национ цардахаст. Æрмæстдæр уæд бахъахъхъæндзыстæм нæхи, æрмæст нын уæд аргъ кæн-дзысты иннæ адæмтæ дæр. Алы адæмыхаттæн дæр хъуамæ бар уа йæ цард йæхи фæндонмæ гæсгæ сæвæрын, йæхи цардахастæй цæрынæн. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ  не  ‘хсæн цæрæг адæмты зæрдæ æлхæнгæйæ, нæ паддзахадон, социалон æмæ культурон арæзтадты сæ ирон бындурæй фæхицæн кæнæм. Зæххы цъарыл иу наци дæр зын ссарæн у, йемæ æмхæццæ цæрæг адæмты тыххæй йæхи æхсæнадон уагæвæрд æмæ удварн чи аивта.

Нæ фидæны цардæн фæстæмæ ирон бындур сæвæрын стыр вазыгджын хъуыддаг у. Паддзахадон æхсæнад æмæ ирон цардарæзт бирæ азты дæргъы ныхæй-ныхмæ кæй лæууыдысты, ирон цардахаст æмæ удварны æууæлтæй бирæтæ сæфтмæ кæй æрцыдысты, уыдон нын бæлвырд фæуæззаудæр кодтой нæ æхсæнадон рацарæзты фыдæбон: иуæй нæ зонадон куысты фæрцы раиртасын хъæуы, цавæр уыдысты нæ фыдæлты цардарæзт æмæ удварны хицæндзинæдтæ, уый. Иннæмæй фæстæмæ сног кæнын хъæуы, фыдæлты социалон фæлтæрддзинадæй æмæ культурæйы хæзнадонæй абон нæ дарддæры райрæзты бындурыл цы фæрæзтæ æрæвæрдзыстæм, уыдон, аннæмæй та стыр куыст бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, уаг æмæ æфсарм ирон лæджы миддунейы ногæй аккаг бынат бацахсой.

Фæстæмæ та ирон адæм иннæ адæмты ‘хсæн аккаг бынат кæй æрцахсдзысты, уый гуырысхойаг нæу. Уымæн æвдисæн у, дунейы рагондæр адæмтæй уæвгæйæ ирæттæ сæ сæрмагонд удварны хицæндзинæдтæ нырмæ кæй æрхæццæ кодтой, уый. Фидæнмæ дæр сæ фæрнæй ахæссæм. Сæфын сæ ма бауадзæм. Уастырджи не ‘мбал!

ГУСАЛТЫ Мурат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.