Рухс дзæнæты бадинаг куырыхон хистæр, фыссæг æмæ ахуыргонд Джыгкайты Шамил афтæ фыста: «Ирон адæм фæлтæрд сты царды зынты. Знæгтæ нæ цагътой, гæбазгай нын фæйнæрдæм тыдтой нæ зæхх. Иу адæм ныддихтæ сты хæхты цъассыты, коммæ нæ уыди фæндаг, нал уыд ирон паддзахад. Фæлæ нын баззад æнусон фарн – ирон æвзаг. Уый нæ уромынц хæхтæ æмæ арæнтæ, уый хъуысы зæрдæйæ-зæрдæмæ, иу кæны дихтæ адæмы. Уый фæрцы зонæм кæрæдзи, зонæм нæ фыдæлты. Æвзаг нын амоны, иу туг, иу стæг кæй стæм, уыцы æфсымæрад».

Æмæ уыцы æфсымæрад, цæмæй тыхджынæй-тыхджындæр кæна, уый тыххæй нæ тынг бирæ саразын хъæуы. Не ‘взаг, Абайты Васойы загъдау, нæ истори у æмæ йæ хъахъхъæнын хъæуы, бæлвырддæрæй та йыл хъуамæ дзурæм сабийæ зæрондмæ. Нæ мадæлон æвзаг кæй цуды, уый нæ алчидæр уыны. Афæдзы дæргъы æрмæст 15-æм майы мадзæлттæ аразын фаг нæу мадæлон æвзаджы рæзтæн. Ахъуыды ма кæнæм, ирон газет цы ирон хæдзар нæ исы, уый зæрдæйæ риссы æмæ аргъ кæны йæ мадæлон æвзагæн? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ йын аргъ кæны. Не ‘взонг паддзахады цы иунæг ирон газет «Хурзæрин» цæуы, уый цæмæннæ хъуамæ иса алы ирон хæдзар дæр æмæ алкæцы чиновник дæр йæ хæдзармæ. Нæ мадæлон æвзаг нæ хæзна, нæ удлæууæн кæй у, уый  бирæтæ нæма бамæбрстой æмæ йæ искуы бамбардзысты, уый дæр дызæрдыггаг у. Мадæлон æвзагæн авгау æрхауынæй хъуамæ тæрсæм, ныййарæг мады хуызæн æй хъуамæ уарзæм. Йæ мадæлон æвзаг йæ сæрмæ чи нæ хæссы, уый йæ радтæг адæмы æцæг патриот никуы вæййы. Йæ мадæлон æвзагæн чи нæ аргъ кæны, чи  йæ нæ уарзы, уый йæхицæн дæр нæ кад кæны æмæ йæ Ирыстонæн дæр.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, мах иудадзыг дзурæм нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, архайæм, цæмæй фидæнхуыздæр кæна, уымæн æмæ уый у нæ адæмы культурон царды, нæ удварны сæйраг атрибуттæй иу. Æмæ ирон æвзагæн газет «Хурзæрин» цы бавæййаг у, уый та алчи дæр зоны æмæ йæ рафыссынмæ мачи хъуамæ зивæг кæна. Нæ республикæйы иунæг ирон газетæн ис хъæздыг традицитæ. Советон Цæдисы иууыл рагондæр газетты æмбай у, бирæ ахъаз фæцис рухсад æмæ зонадон интеллигенцийæн, æмткæй нæ национ культурæйы рæзтæн æмæ йæ хъæуы хъахъхъæнын, хъæуы йыл аудын.

Йе ‘взаг чи уарзы, цæсты гагуыйау æй чи хъахъхъæны, йæ туджы ирон-дзинад кæмæн ис, йæ фидæныл ын чи тыхсы, æрвылаз дæр газет «Хурзæрин» чи рафыссы æмæ кæсы, ахæм адæймæгтæ бирæ ис Ирыстоны, фæлæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, фылдæр сты. Кæддæр нæ номдзыд, ирон ахуыргонд, академик Абайты Васо афтæ загъта, зæгъгæ, æвзаг куы амæла, уæд амæл-дзысты уыцы æвзагыл дзурæг адæм дæр.

Ирон æвзаджы фарн  саби бинонтæй хъуамæ банкъара. Хæдзары саби ирон ныхас куынæ хъуса, йæ ныййарджыты мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг газет кæсгæ куынæ уына, уæд уый дæр мадæлон æвзагæн нæ аргъ кæндзæн, æцæг уарзтæй йæ нæ уарздзæн. Хъыгагæн, нæ республикæйы газеттæй йæ тираж иууыл къаддæр вæййы газет «Хурзæрин»-æн, æмæ афтæ бирæ куы ахæсса, уæд нæ уый хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн, ууыл алчидæр хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæна. Æнусты дæргъы цæмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад нæ къухты куы бафтыд, уæд нæ лæмбынæгдæр ахъуыды кæнын хъæуы нæ мадæлон æвзаджы дарддæры хъысмæтыл, нæ кæстæрты фидæныл æмæ не знæгты фæндиаг нæхи ма фæкæнæм.

Газет «Хурзæрин»-ы дуæрттæ не ‘мбæстæгтæй алкæмæн дæр гом сты. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт.

2021 азы дыккаг æмбисæн бынæт-тон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны процесс куыд цæуы, уымæй афарстам «Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зояйы. Уый йæ катайдзинад равдыста ивгъуыд азтимæ абаргæйæ, бынæттон газетты тираж бæрæг кæй фæкъаддæр, уый тыххæй.

«Абоны онг нырма иу газет дæр ничи рафыста. Æцæг нырма мæйы фæудмæ рæстæг ис азы дыккаг æмбисæн бынæттон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссынæн. Рафыссæн сын ис, куыд «Югосетпечать»-ы, афтæ газеттæуæйгæнæн киоскты дæр. Бахатæн ис постхæсджытæм дæр», – загъта Саулохты чызг.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! 2021 азы дыккаг æмбисæн рафыссут газет «Хурзæрин» æмæ та уын уæ хæдзæрттæм фарны хабæрттæ хæссæг уыдзæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.