Фыццæгæм июны Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны драмон театры æвдыст æрцыдис зынгæ французаг дра-матург Ж.Б.Мольеры пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Дон Жуан». Спектаклы æвæрæг у æвзонг режиссер Джелыты Хъазбег, тæлмацгæнæг – Кокайты Тотрадз æмæ нывгæнæг Найфонты Дауыты куыс-тæн æнтыст кæй уыдис, уый бæрæг уыд уымæй дæр, æмæ залы нал уыд иунæг афтид бынат дæр. Куыддæр сценæйы æмбæрзæнтæ фæйнæрдæм ацыдысты æмæ спектакль райдыдта, афтæ сценæмæкæс-джытæ цы федтой, банкъардтой æмæ фехъуыстой, уыдоныл æмбæлдысты тыхджын æмæ дæргъвæтин къухæмдзæгъдимæ.

Сценæмæкæсджытæ сæйраджыдæр цы рахатыдысты сценæйы равæрд æмæ артистты архайдæй, уый у, нæ театр æмæ артисттæ кæй слæууыдысты дунейы зындгонддæр театртæ æмæ артистты æмрæнхъ. Сæ алы фæзылд æмæ сныхасæй дæр æвдыстой æмæ бæрæг уыд сæ арæхст æмæ профессионалондзинад. Мæнæн та, театрмæ цæугæйæ, стæй спектаклмæ кæсгæйæ дæр мæ хъуыдыйы уыд, ракæндзынæн,  йæ ролтæ хуыздæр чи æххæст кæны, цалдæр ахæм артисты кой. О, фæлæ афтæ куы бакодтаин, иуты тыххæй æппæлæн дзырдтæ куы загътаин, æндæрты кой та кæнгæ дæр куы нæ ракодтаин, уæд уый раст нæ уыдаид. Уымæн æмæ артисттæй алкæцы дæр равдыста хорз цæттæ æмæ арæхстдзинад.

Уый фæдыл мæнæ цы зæгъы сценæмæкæсджытæй сæ иу – Кобесты Светланæ.

– Раст зæгъгæйæ, нырмæ театрмæ арæх нæ цыдтæн, фæлæ абон сценæйыл чи архайдта, уыцы артистты арæхстдзинад мæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд æмæ мæхицæн фидарæй загътон, нырæй фæстæмæ цæудзынæн алы спектаклмæ дæр.

Æндæр сценæмæкæсæг Санахъоты Андрей та, спектакль йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, уый тыххæй банысан кодта, зæгъгæ,  спектаклмæ зивæггæнгæ рацыдтæн, уыдтæн фæллад, мæ зæрдæйы равг – цауд. Афтæ тыхст уыдтæн æмæ нæ зыдтон, мæхи цы фæкодтаин, уый дæр. Кæй æрбацыдтæн спектаклмæ, уымæй баззадтæн райгондæй. Уымæн æмæ спектаклы фæстæ бынтондæр фæивта мæ зæрдæйы равг. Нал дæр фæл-лад уыдтæн æмæ нал дæр æнкъард. Арфæ кæнын, спектаклыл чи бакуыста, æппæт уыдонæн æмæ дзы хайад чи райста, уыцы артисттæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы ноджы хуыздæр æмæ стырдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ.

ÆНТЫСТДЖЫН ПРЕМЬЕРÆ

Æндæр сценæмæкæсæг Мæргъиты Аннæ ма арфæ æмæ æппæлæн ныхæстимæ иумæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ фæсивæдæй бирæ ис, тамако чи дымы, ахæмтæ. Уый у катайаг хъуыддаг. Спектаклы тамако æмæ йæ алыварс архайдтытæ бирæбæрцæй зынынц рекламæйы хуызы æмæ мæм уый раст нæ фæкаст. Æвæццæгæн, растдæр уыдаид тамакойы тыххæй сценæйæ æппæлæн дзырды бæсты куы хъуыстаид, тамако адæймаджы æнæниздзинадæн зианæй дарддæр кæй ницы хæссы, уыцы хъуыды.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.