Нымад бонтæ ма баззад æмæ та нæ къæсæрыл æрбалæудзæн Ног 2021 аз. Хуыцау зæгъæд æмæ алкæмæн дæр амондджын аз фæуæд. Мæ уацы сæргондæн арæх бакæсæн вæййы нæ республикæйы уагъдцæуæг иунæг ирон газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл. Адæймагмæ дис дæр фæкæсы, ма-дæлон æвзагыл уагъдцæуæг газет рафыссыны тыххæй нæ республикæйы цæрджытæм кæй фæхатæм, уый. Нæ мадæлон æвзаг нæ хæзна, нæ удлæууæн кæй у, уый  бирæтæ нæма бамбæрстой æмæ йæ искуы бамбардзысты, уый дызæрдыггаг у.

Йæ  мадæлон æвзагæн чи нæ аргъ кæны, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи никуы батыхсын кæндзæн ирон æвзагыл уагъдцæуæг иунæг ирон газет «Хурзæрин» рафыссыныл дæр. Зынаргъ æмбæстæгтæ, мах абон иудадзыг дзурæм нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, архайæм, цæмæй фидæнхуыздæр кæна, уымæн æмæ уый у нæ адæмы культурон царды, нæ удварны сæйраг атрибуттæй иу. Æмæ ирон æвзагæн газет «Хурзæрин» цы бавæййаг у, уый та алчи дæр зоны æмæ йæ рафыссынмæ мачи хъуамæ зивæг кæна. Ацы иунæг ирон газет нын ис æмæ йæ алы ирон хæдзар дæр хъуамæ иса, уымæй дæр ын ис хъæздыг традицитæ. Советон Цæдисы иууыл рагондæр газетты æмбай у, бирæ ахъаз фæцис рухсад æмæ зонады интеллигенцийæн, æмткæй нæ национ культурæйы рæзтæн, æмæ йыл аудын бæргæ хъæуы, фæлæ…

Йе ‘взаг чи уарзы, цæсты гагуыйау æй чи хъахъхъæны, йæ туджы ирондзинад кæмæн ис, йæ фидæныл ын чи тыхсы, ахæм адæймæгтæ бирæ ис Ирыстоны, фæлæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, фылдæр сты. Кæддæр нæ номдзыд ирон ахуыргонд, академик Абайты Васо афтæ загъта, зæгъгæ, искæцы æвзаг куы амæла, уæд амæлдзысты уыцы æвзагыл дзурæг адæм дæр.

Мадæлон æвзаг, Фыдыбæстæ лæвæрд сты Хуыцауæй æмæ сæ алчи дæр хъуамæ уарза. Специалисттæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй, æвзаг у иууыл егъаудæр фæрæз иу кæнæ иннæ адæмы материалон æмæ монон бынтæ бахъахъхъæныны æмæ рæзты тыххæй. Специалисттæ нымайынц, зæгъгæ, цæмæй æвзаг цæра, уый тыххæй йыл хъуамæ дзура æппынкъаддæр 100 мин адæймаджы. Хъыгагæн, не ‘мбæстæгтæй бирæтæ уазал ахаст дарынц сæ мадæлон æвзагмæ. Фарстæуы, ахæмтæ цæмæннæ хъуамæ кæсой сæ мадæлон æвзагыл газет. Кæд нæ мадæлон æвзагæн нæ кад кæнæм, уæд ма уал азы дæргъы нæ тохы сæр цы уыд, цæмæн фæмардысты  нæ лæппуты хуыздæртæ. Æнусты дæргъы цæмæ бæллыдыстæм, уыцы сæрибардзинад нæ къухты куы бафтыд, уæд нæ лæмбынæгдæр ахъуыды кæнын хъæуы нæ мадæлон æвзаджы дарддæры хъысмæтыл, нæ кæстæрты фидæныл æмæ не знæгты фæндиаг нæхи ма фæкæнæм. Уый цæй ирон хæдзар у, æрдæг азæн газет рафыссыны тыххæй йæ цæст 330 сомы кæмæн нæ бауарза. Ныртæккæйы уæззау царды кæд алцы дæр фæзынаргъ, уæддæр  газеты аргъ баззад 330 сомæй.

Хъуамæ алы адæймаг дæр æмбара, мадæлон æвзаджы хъысмæт æппæтæй дæр æхсæнадæй, нæхицæй, ирон адæмæй кæнгæ кæй у, уый. Æмхуызонæй куынæ кад кæнæм æмæ куынæ аргъ кæнæм нæ мадæлон æвзагæн, стыр Къостайы æвзагæн, уæд нæ хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндиаг никуы уыдзысты. Никуы мæ рох кæны ирон адæмы номдзыд фырт Абайты Васойы фæдзæхст: «Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын зæххæй куы стонай, уæд, æвзаг амæлы йæ уидæгтæ йын бинонты ‘хсæн куы сыскъуынай, уæд. Уымæ гæсгæ, ирон лæг, де ‘взаг хъахъхъæн дæ бинонты ‘хсæн». Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ирон адæмы аккаг фырт Колыты Аксойы ныхæстæ: «Нæ фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, цæмæй сæ мадæлон æвзаг уарзой, уый тыххæй хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ… фыццаджы-фыццагдæр та – размæдзыд сылгоймаг-мад». О, алцы дæр  мадæй цæуы, бинонтæй, ирон æвзаджы фарн дæр саби бинонтæй хъуамæ банкъара. Хæдзары саби ирон ныхас куынæ хъуса, йæ ныййарджыты мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг газет кæсгæ куынæ уына, уæд уый дæр мадæлон æвзагæн нæ аргъ кæндзæн, æцæг уарзтæй йæ нæ уарздзæн. Хъыгагæн, нæ республикæйы уагъдцæуæг газеттæй йæ тираж иууыл къаддæр вæййы газет «Хурзæрин»-æн æмæ афтæ бирæ куы ахæсса, уæд нæ уый хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн, ууыл алчи дæр хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæна.

2021 азы фыццаг æмбисæн бынæттон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны процесс куыд цæуы, уымæй афарстам «Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зояйы. Уый йæ катайдзинад равдыста, ивгъуыд азтимæ абаргæйæ, бынæттон газетты тираж бæрæг кæй фæкъаддæр, уый тыххæй. «Абоны онг газеттæ рафыссыны процесс у тынг мæгуырау. Æцæг нырма рæстæг ис бынæттон периодикон мыхуыры фæрæзтæ рафыссынæн. Рафыссæн сын ис, куыд «Югосет-печать»-ы, афтæ газеттæ уæйгæнæн киоскты дæр. Бахатæн ис постхæсджытæм дæр», – загъта Саулохты чызг.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Равдисут бæрнон æмæ æмбаргæ ахаст, рафыссут газет «Хурзæрин» 2021 азæн æмæ та уын уæ хæдзæрттæм фарны хабæрттæ хæсдзæн æнæхъæн азы дæргъы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.