НОДЖЫДÆР РАФИДАУДЗÆН НÆ ГОРÆТ

Нæ горæты аивдзинадыл тынг бандавдзысты горæтмæ æрбацæуæны Турбазæйы территорийыл æмæ Мæскуыйы уынгыл раздæры универмагы бынаты цы сквертæ арæзт æрцæудзысты, уыдонæй. Турбазæйы территорийыл рагон хæрæндоны пырхæнтæ, рагæй фæстæмæ тасдзинад æвзæрын кодтой канд Турбазæйы цæрæг æнахъом сывæллæттæн нæ, фæлæ цæрджытæй алкæмæн дæр. Иннæмæй та ацы бынат ис горæтмæ æрбацæуæны æмæ-иу цæстытæ куыддæр схæцыдысты ацы пырхæнтыл, афтæ-иу уайтагъд æрбайхæлдис адæймаджы зæрдæйы равг.

Ныр зæрдæйæн æхцон у йæ арæзтадмæ йын кæй æрывнæлдтой, уый. Ам арæзт цæуы сквер æмæ хъазæн фæзуат сывæллæттæн æмæ куыд сывæллæттæ, афтæ дзы цæрджытæ дæр ирхæфсдзысты сæхи.

Аразджытæ уал фыццаг æрывнæлдтой турбазæйæн йæхи фасад сцалцæг кæнынмæ.

Ног сквер арæзт æрцæудзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ æмæ сæйраджы та тасдзинад нал æвзæрын кæндзæн йæ фæрсты цæуджытæн. Аразджытæ куыд дзурынц, афтæмæй дзы уыдзæнис цъæх зонæ, рæсугъд арæзт рухсытæ æмæ аив фæхсбандæттæ. Ам æвæрд æрцæудзысты чысыл бронкалæн асыччытæ.

Турбазæйы цæрæг адæм тынг райгондæй баззадысты скверы арæзтадæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй ам куы æрцардысты, уæдæй фæстæмæ æвзæрстой тасдзинад. Алы уысм дæр тæссаг уыд фыдбылыз æрцæуынæй.

«Ныр кæд нæ сывæллæттæн дæр фæзынид зæрдæйы фæндиаг кæм ахъазой, ахæм бынат», – дзырдтой цингæнгæйæ цæрджытæ.

Аразджытæ уал фыццаг æрæвнæлдтой турбазæйæн йæхи фасад сцалцæг кæнынмæ.

Уæлдай ахсджиаг та у, рагæй фæстæмæ пырхæнтæй чи лæууы, уыцы универмагы бынаты скверы арæзтад. Уымæн æмæ уыцы территоримæ æввахс никуы ис, адæймаг кæм æрбада, йæ улæфт кæм суадза, ахæм бынат. Ацы сквер стыр пайда уыдзæн Дзаумæ фездæхæны автобусмæ чи фенхъæлмæ кæсы, уыдонæн дæр, цæмæй къахыл ма лæууой, фæлæ искуы æрбадой, цалынмæ автобус цæуа, уæдмæ.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы бæстыхай дæр цалдæр азы дæргъы хъæдхъиутæй кæй лæууыд. Уый басыгъд 2008 азы хæсты æмæ-иу ын кæд йæ æддаг хуыз бамбæрзтой, уæддæр æвидыц кодта горæты центры. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад райста уынаффæ, цæмæй пырх æрцæуа æмæ йæ бынаты та арæзт æрцæуа рæсугъд сквер. Æмæ, æцæгæйдæр, йæ бынат сыгъдæг æрцыд æмæ цæттæ у сквер саразынмæ.

Ахæм сквер ма арæзт æрцæудзæн нæ горæты кинотетр «Ирыстон»-ы бынаты дæр. Нæ адæм ма хорз хъуыды кæнынц ацы кинотеатр «Чермен»-ы фæстæ кæй уыдис дыккаг егъау кинотеатр нæ республикæйы. Фæлæ уый дæр баййæфта, хæсты азарæй чи басыгъд, уыдоны хъысмæт. Ныр йæ бынат сыгъдæг æрцыд æмæ уым дæр арæзт æрцæудзæн улæфæн зонæ.

Уæдæ, уыдон иууылдæр куы сырæзой, уæд хæрзарæзт уынгты æмрæнхъ, уыдзысты аив фæлыст æмæ нæ горæты цæрджытæн хæсдзысты æхцондзинад.

ÆРÆВНÆЛДТОЙ СКЪОЛАТÆ ЦАЛЦÆГГÆНÆН КУЫСТЫТÆМ

Æрбалæууыдысты сæрдыгон улæфтытæ нæ республикæйы иумиагахуырадон скъолаты æмæ куыд æрвылсæрд, афтæ та скъолаты æрывнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ иннæ азтæм абаргæйæ ацы аз развæлгъау кæй æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм, цæмæй ног ахуыры азмæ развæлгъау цæттæ уой æмæ ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыр райдайой райдзаст кълæсты.

Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæнынц нæ горæты 11-æм,2-æм æмæ 6-æм скъолаты. Æххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр куыстытæ – сæрдынц, ахорынц къулты, кълæсты астæрдтæ лæгъз кæнынц. Уый фæстæ сæ сараздзысты ламинатæй. Ахæм куыстытæ æххæст кæнынц иннæ скъолаты дæр.

Цалцæггæнæн куыстытæм æрæвнæлдтой нæ горæты иннæ иумиагахуырадон скъолаты дæр. Æрмæстдæр нæ горæты 10-æм скъолайы нæма бавнæлдтой уыцы куыстытæм.

Цалцæггæнæн куыстытæм æрæвналынц, æрмæстдæр скъолаты директортæ æмæ горæты администраци иумæ куы сбæлвырд кæнынц æнæмæнгхъæуæг цалцæггæнæнæн куыстытæ æмæ уый фæстæ сметæйон документаци арæзт куы æрцæуы, уæд.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.