Хъӕууон цӕрджыты цардуагон ӕмӕ культурон фарстатӕ дзӕвгар сты. Уыдон ӕвӕрццагӕй скъуыддзаг кӕм цӕуынц, уым рогдӕр кӕнынц ӕмбӕстӕгты царды уавӕртӕ ӕмӕ бузныг сты, ацы хъуыддагыл чи батыхсы, уыдонæй. Цӕрджыты цардуагон фарстатӕ ӕвӕрццагӕй скъуыддзаг кӕнын йӕ комкоммӕ хӕс у Цхинвалы районы «Цӕрджыты цæрæнуатон-коммуналон хӕдзарады» паддзахадон унитарон куыстуатӕн. Уый йæ хъус дары хъӕууон цӕрӕджы скъуыддзаггӕнинаг фарстатӕм ӕмӕ архайы йӕ фадӕттӕм гӕсгӕ сæ аскъуыддзаг кӕныныл.

Коммуналон хӕдзарады хæрзиуæгон архайд сӕхиуыл ӕнкъарынц Къостайыхъӕуы цӕрджытӕ дӕр, уыдонӕн уал сӕ проблемæтæй иуты ахицӕн кодтой. Цӕвиттон, нуазыны дон, уынгты цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон куыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕй ныртӕккӕ рухс кӕны адӕймаджы зӕрдӕ. Цалдӕр азы размӕ хъӕуы баконд ӕрцыд, ӕвзӕнгтӕ сӕхи кӕм фӕлтӕрынц, сӕ физикон цӕттӕдзинад кӕм фидардӕр кӕнынц, ахӕм тренажерон зал.

Уыдӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз сты, фӕлӕ хорз боныгъӕдты фӕсивӕд тынгдӕр фӕтырнынц сыгъдӕг уӕлдӕфы сӕ уӕнгтӕ айвазынмӕ, спортивон ерысты хайад райсын, футболӕй уынгты ‘хсӕн чемпионат ауадзын ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ сын фӕстаг рӕстӕджы уыцы уавӕртӕ нал уыд. Уый бахынцгӕйӕ, цæрæнуатон-коммуналон хӕдзарады управлени (йӕ хистӕр Хъотайты Барис) сфӕнд кодта уавӕр рараст кӕнын. Зӕгъын хъӕуы, стадионы арӕзтадмӕ кӕй бавнӕлдтой дыууӕ азы размӕ, фӕлӕ бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, арӕзтадон куыстытӕ ӕрлӕууыдысты. Уыцы куыстытӕм амӕйразмӕ ногӕй ӕрӕвнӕлдӕуыд ӕмӕ уал ын йӕ иу хай сӕххӕст кодтой. Фыццаг уал ын йӕ фӕзуат сраст ӕмӕ слӕгъз кодтой, бӕрзонд хызӕй та йын йӕ алфӕмблай ӕрӕхгӕдтой. Фӕстӕдӕр стадионы байтаудзысты хъӕугӕ кӕрдӕг ӕмӕ уый хорзӕрдӕм ӕндавдзӕн фӕзуаты аивдзинад ӕмӕ фидардзинадыл. Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сты трибунӕтӕ саразын дӕр, уый дӕр бахынцыд ӕрцӕудзӕн, уӕлӕмхас финансон фӕрӕзтӕ сын куы рахицӕн кӕной, уӕд. Бынтон хорз уыдзӕн, хъӕууон администраци цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады раз цы домӕнтӕ ӕрӕвӕрдта, уыдон ӕвӕрццагӕй аскъуыддзаг кӕнын дӕр. Уыдон та сты, спортсментӕн дарӕсивӕн хатӕн саразын, стӕй ма хъӕбысхӕсты фӕзуат сцӕттӕ кӕнын дӕр. Иудзырдӕй, ацы объект домӕнтӕм гӕсгӕ куы сцӕттӕ уа, уӕд аккаг дзуапп дӕтдзӕн спортсментӕ ӕмӕ спортуарзджыты рӕзгӕ домӕнтӕн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.