Ленингормӕ цӕугӕйӕ Захъоры хъӕуы фенӕн ис фӕндагамонӕн нысан, зӕгъгӕ, рахисырдӕм ацӕугӕйӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Ӕмдзӕрины хъӕумӕ. Ӕмдзӕрины хъӕу кӕм ис, уымӕй мӕ раздӕр исчи куы бафарстаид, уӕд ын ницы сдзуапп кодтаин, кӕнӕ та йын загътаин, зӕгъгӕ, ахӕм хъӕу Хуссар Ирыстоны нӕй. Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй раздӕры «Цъинагары хъӕу» ныр хуыйны «Ӕмдзӕрин». Ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты фӕрсгӕ дӕр ничи бакодта, фӕндыд сӕ сӕ хъӕуы ном аивын, ӕви нӕ. Уый фӕдыл мын фæстæдæр рахъаст кодтой ацы хъӕуы цӕрджытӕ.

РХИ-йы Мидхъуыддӕгты  министр Наниты Игорь кусӕгон балцы ацыд Цъинагар ӕмӕ Орчъосаны хъӕутӕм, цӕмӕй бынӕттон цӕрджытимӕ фембӕла ӕмӕ базона милицийы куыстӕй куыд райгонд сты. Делегацийы сконды уыдысты Ленингоры районы администрацийы сӕргълӕууӕджы хæстæ æххæстгæнæг Гулиты Владимир, Парламенты депутат Хуыбылты Илья, Мидхъуыддӕгты министры хӕдивӕг Пухаты Мераб ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Захъоры хъӕуӕй дӕлӕмӕ фӕндаг ис ӕвзӕр уавӕры, – нӕ автомашинӕтӕ цыдысты сындӕггай. Дурты хъӕлӕба ӕмӕ фӕндагӕй сыстгӕ рыг  фæтыхсын кӕнынц бæлццæтты. Хъӕуты мидӕг дӕр уынгтæ сты мæгуырау уавӕры. Гулиты Владимир куыд загъта, афтӕмӕй уалдзӕджы райдианы ногӕй ӕрӕвналдзысты фӕндӕгтӕ цалцӕг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ бӕрӕг фӕхуыздӕр кӕндзысты. Стӕй ма ацы аз капиталонӕй хъуамӕ саразой Гром – Цъинагары фӕндаг, кӕцыйы дӕргъ уыдзӕн 16 километры. Уый та стыр ахъаз фӕуыдзӕн бынӕттон цӕрджытӕн, уымӕн ӕмӕ ныр, Захъхъорыл цӕугӕйӕ, дӕрдтыл хъуамӕ ӕрзилай 20 километрӕй фылдӕр.

Хъӕуты цӕрджытимӕ фембӕлгӕйӕ, Наниты Игорь бамбарын кодта ӕрымбырдуӕвджытӕн, кæй цымыдис кӕны ӕрмӕст милицийы фӕдыл фарстатӕм нӕ, фӕлӕ цӕрджыты алыхуызон проблемӕтӕм дӕр. «Ӕз куыд Хицауады уӕнг, афтӕ уын уӕ алы проблемон фарста дӕр фӕхӕццӕ кӕндзынӕн нӕ бӕстӕйы къухдариуӕгадмӕ ӕмӕ дзы мӕнӕй скъуддзаггӕнгӕйӕ цы фарст уа, уый та цыбыр ӕмгъуыдмӕ ас-къуыддзаг кæндзыстæм», – банысан кодта Мидхъуыддӕгты министр.

Ацы хъӕуты адӕм, фыццаджыдӕр, тыхсынц доныл. Донхӕр кӕныны афон куы ӕрхӕццӕ вӕййы, уӕд хъӕуты ӕмбисӕн дон нал фаг кӕны. Хъӕуы кӕрон чи цӕры, уыдонмӕ нуазыны дон дӕр нал вӕййы. «Нуазыны дон ӕрбахæссын мӕхицӕн, фӕлӕ мӕ цӕхӕрадонӕй тыллӕг не ‘рхӕссын, – ӕнӕдонӕй хурмӕ басудзынц мӕ халсӕрттӕ. Раздӕр-иу сӕ хӕсгӕ донӕй дӕр ӕрзайын кодтон, фӕлӕ ныр базӕронд дӕн ӕмӕ мæм уыйбӕрц тых нал ис», – катайгӕнгӕ зӕгъы Орчъосаны цӕрӕг Цӕриаты Венерӕ. Бынӕттон цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, доны гуырахст фӕфылдӕр кӕнынӕн ис фадат, фӕлӕ хъӕуы материалон фӕрӕзтӕ ӕмӕ техникӕ. Гулиты Владимир сын ныфс бавӕрдта ацы проблемӕ аиварс кӕнынӕн.

Сӕ быдырты ӕмӕ хуымты кӕд исты ӕрзайы, уӕддӕр сын сӕ фос фесафынц. Ныры дуджы хӕдзарон фосӕн фыййау ничиуал цӕуы, «ома уӕгъдуадзӕн у», ӕмӕ сӕ фыдӕбон ӕнӕхъуаджы фӕвӕййы. Уый фӕдыл цӕрджытӕ фӕхыл вӕййынц кӕрӕдзиимӕ, азӕй-азмӕ бирӕ фӕллой фесафынц, фӕлӕ уӕддӕр фыййау не ‘рвитынц сӕ фосы фæдыл. Ӕнӕхъусдард фос ахизынц арӕны сӕрты Гуырдзыстонмӕ дӕр ӕмӕ фесӕфынц. Ӕмӕ цалынмӕ раздӕрау хӕдзарон фосӕн фыййау уа, уӕдмӕ ацы проблемӕ иуварс не ‘рцӕудзӕн. Абреуы хъӕусоветы сӕргълӕууӕг Хозиты Алан фӕндон бахаста, зӕгъгӕ, кæй фос разиан кæнынц, уыдоны хицӕутты фылдæр бæрцæй ивар кӕнӕм. Ныртæккæ уыцы ивар у 500 сомы ӕмӕ зиан та ракæнынц бӕрӕг фылдӕр. Цӕмӕй ивар фӕфылдӕр кӕной, уый фӕдыл та хъæуы закъонмæ ивындзинад бахæссын. Ӕмӕ уӕдӕ цӕрджытӕ сӕ кӕрӕдзийӕ куы ӕфсӕрмы кӕниккой, сӕ фосмӕ сӕ хъус куы дариккой ӕмӕ сын фыййау куы цӕуик-кой, уӕд сын цӕрын дӕр ӕнцондӕр уаид ӕмӕ ма сӕ фыдӕбоны дӕр бӕркад уаид.

Тугдзых сырдтæ Ирыстоны æндæр рæттау амы цӕрджыты дӕр тынг тыхсын кӕнынц. Бирӕты фӕнды ӕхсӕнгарз балхӕнын сырдтӕй хи бахъахъхъӕныны тыххӕй, фӕлӕ нӕ республикӕйы уыцы фадат нӕй. Ӕгӕрыстӕмӕй цуанон ӕхсӕнгарзӕн нӕмгуытӕ ссарын дӕр зын у. «Нӕ бӕстӕйӕн нырма нӕй фадат ӕмӕ ӕхсӕнгӕрзты магазин бакӕна, фӕлӕ йыл куыст цӕуы ӕдзухдӕр. Кӕд тагъд рӕстӕджы нӕ къухты бафта ацы хъуыддаг, уӕд бӕрӕг фӕрогдӕр кӕндзыстӕм нӕ цуанонты уавӕртӕ», – банысан кодта Наниты Игорь.

Бынӕттон цӕрджытӕ ма тынг тыхсынц аптекæ сӕм кӕй нӕй. Хос сӕ куы бахъӕуы, уӕд ӕй балхӕнынц Цхинвалы ӕмӕ алкӕмӕн та ахӕм дард фӕндагыл ацӕ-уыны фадат нӕй.

Зындзинӕдтӕ ӕвзарынц ӕртаг сфӕрӕз кӕныны дӕр. Сӕ куыстытӕ бакӕныны фӕдыл ӕртаг ӕлхӕнынмӕ ӕрцӕуынц Цхинвалмӕ. Хорз уаид ӕмӕ сын куы саразиккой ӕртагкӕнӕн станц.

Быдыртӕ бакусынӕн сын нӕ фаг кӕны техникӕ дӕр. Цы сӕм ис, уыдон та сты цалцӕгкӕнинаг. Стӕй ма хъуаг ӕййафынц нæмыгонты гъæдджын тауинæгтæй ӕмӕ хъацӕнтӕй дæр. «Кӕм уӕ фӕнды балхӕнын тауинаг ӕмӕ хъацӕнтӕ Уӕрӕсейы территорийыл, уый мын зӕгъут ӕмӕ уын уӕзласӕн автомашинӕтӕ ратдзынӕн се ‘рласынӕн», – дзырд сын радта Гулиты Владимир.

Арӕнтӕ куы ӕвӕрдтой, уӕд бирӕ бынӕттон цӕрджыты зӕххытӕ ахаудтой Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ ныр тыхсынц ӕнӕ зӕххӕй. «Гуырдзыстонмӕ мын ахаудта ӕртӕ гектары хуымзӕхх ӕмӕ бирӕ хӕттыты бахатыдтӕн нӕ хъӕууон администрацимæ, цӕмӕй мын искуы рахицӕн кӕной хуымзӕхх ӕмӕ йӕ бакусон, фӕлӕ мын нырма дӕр ницы радтой», – хъӕстгӕнгӕ зӕгъы Орчъосаны цӕрӕг Мӕргъиты Нанули.

Уыимӕ иумӕ бынӕттон цӕрджытӕ ӕвзарынц зындзинӕдтӕ, арӕнгӕрон зӕххытӕ кусгӕйӕ. Цӕмӕй ӕдӕрсгӕ бакусай дӕ зӕхх, уый фӕдыл арӕнхъахъхъӕнджытӕй хъуамӕ райсай бары гӕххӕтт. Фӕлӕ сӕ райсынӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ сӕ бынаты нӕ дӕттынц ӕмӕ сӕ бахъӕуы Ленингормӕ кӕнӕ Цхинвалмӕ цӕуын.

Бынӕттон цӕрджыты ма бацымыдис кодта, зӕгъгӕ, Гдулеты хъӕуы цӕрджытӕн цӕмӕн ис Гуырдзыстонмӕ ӕдӕрсгӕ цӕуыны бар, кӕд ӕмӕ иннӕ хъӕутӕ дӕр арӕнгӕрон хъӕутӕм хауынц?

Раздӕр ацы хъӕутӕн уыд паспортон службӕйы кусӕг дӕр, фӕлӕ уыцы кусӕджы бынат сӕхгӕдтой ӕмӕ ныр бынӕттон цӕрджытӕ тыхсынц. Алкӕмӕн уыцы фӕрӕз нӕй ӕмӕ йӕ гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кӕныны фӕдыл рацу-бацу кӕна уыцы дард фӕндӕгтыл. Ацы проблемон фарст тагъд рӕстӕджы кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн, уый тыххӕй сын ныфс бавӕрдта Наниты Игорь.

Дыууæ хъæуы дæр æгуыст адæм ис бирæ, уæлдайдæр та – фæсивæдæй. Уый та негативонæй æндавы иумиагæй хъæубæсты цардыл. Фадат кæмæн вæййы, уый ацæуы хуыздæр цардагур æмæ цæрджыты нымæц къаддæр кæны. Нæ бæстæйы Хицауад алыварсонæй дæр архайы ацы проблемæ аиуварс кæныныл, фæлæ уæддæр ситуаци у мæгуырау.

Орчъосаны хъӕуы 2017 азы сарӕзтой ног рӕсугъд скъолайы бӕстыхай  ӕмӕ сывӕллӕтты рӕвдауӕндонӕн. Къӕсӕрӕй бахизгӕйӕ зӕрдӕ райы йӕ райдзаст ӕмӕ сыгъдӕг къуымтӕй.  Ам ахуыр кӕны 30 скъоладзауы. Сывӕллӕтты рӕвдауӕндоны та ис 11 сабийы. Ис сӕм алы предметы ахуыргӕнӕг дӕр.  «Нӕ уавӕртӕ сты тынг хорз, ис нын алы фадат дӕр  кусынæн. Ӕрмӕст бӕстыхайы нӕй вентиляци ӕмӕ дзы нӕ кусы зынгхуыссынгæнæн сигнализаци. Уый та у бӕстыхай аразджыты аххос. Ацы проблемӕимӕ зонгӕ сты  Ахуырады министрады дӕр», – зӕгъы скъолайы директор Елойты Гамлет.

Орчъосаны хъæуы не ‘вдисы бынæттон телеуынынад æмæ бахатыдысты æрцæугæ уазджытæм, цæмæй сын исты фæрæз бакæной. Стæй ма сын нæй спортивон зал æмæ стадион дæр, фæсивæд сæхи кæм аирхæфсой, ахæм уагдон.

Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыр кæны 70 скъоладзауы. Кæд сын ахуыргæнджытæ ис алы предметæй дæр æмæ ахуыргæнæн æрмæджытæй дæр хъуаг не ййафынц, уæддæр скъолайы бæстыхай у цалцæгкæнинаг. Афтæ ма сывæллæтты рæвдауæндон дæр хъæуы бацалцæг кæнын.

Ныридæгæн ам цæуынц алыгъуызон арæзтадон куыстытæ, сындæггай æндидзы цæрджыты цард. Цъинагары спортивон залы арæзтад ис йæ тæмæны – бæстыхайы къултæ сты кæронмæ амад. Райдыдтой йæ аразын фæззæджы æмæ йæ эксплуатацимæ хъуамæ ацы аз радтой. Кусджытæ иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ æмæ райгонд сты сæ куыстæй. Тагъд рæстæджы ацы хъæуы фæсивæдæн уыдзæн хи аирхæфсынæн иттæг хорз уавæртæ.

Наниты Игорь ма бабæрæг кодта Цъинагары мидхъуыддæгты хайады, азылд хатæнты, федта йæхи цæстæй милицийы кусджыты уавæртæ. Банысан кодта, зæгъгæ, хатæнтæ сты цалцæгкæнинаг æмæ тагъд рæстæджы æрæвналдзысты арæзтадон куыстытæм.

Орчъосан æмæ Цъинагары хъæуты цæрджытæн милицийы куыстмæ ницы фарстатæ уыд. Криминалон ситуаци дзы у стабилон, райгонд сты милицийы хъусдардæй. Фæлæ ма сæ царды уавæртæ дæр куы фæхуыздæр уаиккой, уæд та дзы раздæрау цард райхæлид æмæ та дзы адæм дæр фæллой кæниккой сæ зæрдæйы фæндиаг.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.